16 марты Президент Бибылты Анатоли фембæлд инæлар-майор Тедеты Улифанимæ. Уый уыцы бон нысан кодта йæ юбилейон райгуырæн бон, сæххæст ыл 80 азы. Фембæлды хайад райста РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта юбилярæн йæ гуырæн боны цытæн æмæ йын банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадмæ йе стыр хайбавæрд.

Президент куыд загъта, афтæмæй орден «Уацамонгæ»-йы кавалер Тедеты Улифан  абоны онг дæр архайы Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн æмæ йæ фидæныл, æххуыс кæны рæзгæ фæлтæры патриотикон хъомыладæн.

«Улифан Елиозы фырт, ды бирæ тыхтæ бахардз кодтай  тохы быдырты. Æмæ хорзæй цыдæриддæр сарæзтай, уый абон мах уынæм. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ абон дæр дæ зæрдæ тырны Ирыстонæн хорздзинад саразынмæ. Хуыцау зæгъæд, æмæ дæ фæндтæ иууылдæр сæххæст уæд. Æз куыд Президент, куыд дæ хæлар æмæ куыд афицер, афтæ дын бузныг зæгъын æмæ дын зæрдиагæй арфæ кæнын абоны боны цытæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Тедеты Улифан дæр бузныг загъта Президентæн йæ зæрдиаг арфæты тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Бибылты Анатоли паддзахады сæргъ куы слæууыд, уæдæй фæстæмæ республикæйы æрцыд бирæ æвæрццаг процесстæ.

«Анатоли Ильяйы фырт, ды фидар адæймаг дæ æмæ Ирыстоны дæр ды хъуамæ раразмæ кæнай, раст фæндагыл æй ракæнай. Мах бирæ тох кодтам, цæмæй Хуссар Ирыстон сæрибар паддзахад уа.  Уый сæрибар æрцыд æмæ абон ис ныфсджын къухты», – загъта уый.

Юбиляр ма банысан кодта, зæгъгæ, йæ куысты рæстæджы схъомыл кодта бирæ инæларты, сæрмагондæй банысан кодта, Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим дæр йæ хъомылгæнинаг кæй уыд.

«Æз инæлар сдæн мæхи тырнындзинады фæрцы, 32 азы службæ кодтон ССР Цæдисы Гарзджын тыхты, райстон хорзæхтæ. Уыдонæй сæ иу – «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майдан  ССР Цæдисы Сæйраг Советы барамындæй», – радзырдта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.