Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Леонидимæ. Фембæлды рæстæджы уыдон ныхас кодтой Хуссар Ирыстоны чырыстон динæн баххуыс кæныны фарстатыл.

Фембæлды хайад райстой Дины хъуыддæгты фæдыл Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын Хуыбиаты Соня æмæ Уырыссаг чырыстон аргъуаны иерей фыд Серги (Кокойты).

Бибылты Анатоли, уазæгæн æгас цу зæгъгæйæ, банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн политикон æмгуыстады бæрзонд æмвæзадæй дарддæр, дыууæ бæстæйы адæмты кæй иу кæны чырыстон дины уырнынад дæр.

«Уæрæсейы Федерациимæ нын цы политикон ахастытæ ис, уыдон рæзынц цырд темптæй. Нæ иумиаг чырыстон уырнынадыл куы дзурæм,  уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, мах нæ фидæн æндæр здæхты нæ уынæм. Хуыцауы фæрцы цы къахдзæфтæ аразæм, уыдон иууылдæр араздзыстæм иумæ чырыстон дины сæраппонд», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Цыппурсы бон Цхинвалы динон службæ уагъд цыд Уырыссаг чырыстон аргъуаны ног галуаны, уагъта йæ фыд Серги.

«Динон службæмæ цас адæм æрцыд, уый та дзурæг у Хуссар Ирыстоны адæмы бæрзонд монон тыхыл. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, адæмæн æцæгæйдæр æхсызгон уыд, ахæм рæсугъд ног аргъуанмæ æрцæуын æмæ акувын абон сæ бон кæй у, уый», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны столицæмæ бацæуæны цы аргъуан ис, уый арæзтад кæронмæ фæуыны æнæмæнгхъæуындзинад.

Йæ рады архиепископ Президентæн загъта Æппæт Уæрæсейы Патриарх Кириллы хæрзиуæгон фæндиæгтæ.

«Æппæт Уæрæсейы Патриарх дæм рарвыста иууыл хуыздæр фæндиæгтæ, йемæ дын цы фембæлд уыд, уый зæрдыл æрлæууын кæнгæйæ, йæ зæрдæ дын зæгъы Хуыцауæй арфæ-гонд куыст Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзæбонæн, уыимæ ма фæндвидар у,  цы бадзырдтæ æмæ плæнттæ ист æрцыдысты, уыдон се ‘ппæт дæр реализаци кæй æрцæудзысты, уымæй», – банысан кодта архиепископ Леонид.

Уый ма Президентæн радзырдта Цхинвалы Уырыссаг чырыстон дины аргъуаныл ныв-тæ скæныны плæнтты тыххæй дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.