ПЛИТЫ МАРГАРИТÆ – АЛКÆМÆЙ ХУЫЗДÆР

Дзæуджыхъæуккаг 12-аздзыд чызг Плиты Маргаритæ хайад райста уæрæсейаг 1-æм телеканалы Максим Галкины шоуйы радон алæвæрды. Уыцы иурæстæджы проекты хайад райстой Цæгат Ирыстонæй дыууæ минæвары. Дыккаг хайадисæг та уыд Джабраил Эржепов.

Плиты чысыл чызг йæхæдæг фыссы æмдзæвгæтæ, архайы прозæйы дæр. Сценæйыл иу минутмæ скъоладзау æмдзæвгæ ныффыста уызыныл æмæ Instagram-ыл. Артисттæ Александра Ревенко æмæ Екатерина Стеблина бакастысты Плиты Маргаритæйы фыст æмдзæвгæтæ. Алæвæрды кæрон Максим Галкин Маргаритæйæн балæвар кодта къæбыла. Чысыл йоркширскаг терьер афтæ тынг фæцыд чызджы зæрдæмæ æмæ йæ рустыл æруадысты цины цæссыгтæ. Ацы аз апрелы мæйы Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг телепрограммæйы кастингы чызг жюрийы уæнгты размæ рахаста йæ кафты фæлтæрддзинад, фæлæ редакторты дисы баппæрста æндæр курдиатæй – уайтагъд диссаджы æмдзæгæтæ æрхъуыды кæнынæй. Æрмæстдæр 10 минутмæ уый ныффыста æмдзæвгæ, кæцы  фæстæдæр мыхуыр æрцыд социалон хы-зæгты шоуйы официалон фарсыл. Йæ ралæуды рæстæджы йын Максим Галкин дисгæнгæйæ загъта, зæгъгæ, нæ æвæццæгæн бахъæудзæн, сæрмагондæй Плиты шоу саразын. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ уый размæ та ацы телепроекты хайад кæй райстой Плиты Николь, Реуазты Данæ æмæ Дарчиты Алекс. Плиты Николь абон дæр дисы æппары адæмы йæ алыварсон курдиатæй.

Æрмæг бацæттæ кодта

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.