Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты цы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдон æмрæнхъ сырæзт Исахъы уынгыл базар дæр.

Проектмæ гæсгæ базар дих æрцыд дыууæ зонæйыл – æхгæд павильон æмæ гом фæзуат. Æхгæды – дзидза, æхсыры продукттæ æмæ кæсагуæйгæнæн хайæдтæ. Гом базаргæнæн фæзуаты та æвæрд ис тæрхджытæ. Уый арæзт æрцыд, хъæуæй хъæууонхæдзарадон продукттæ чи æрхæссы уыдонæн. Фæлæ, уæддæр базары æддейæ фенæн ис дыргътæ æмæ халсæрттæ уæйгæнæг базаргæнджыты. Сæ разы вæййы цыхты гуымбылтæ æмæ æхсыры продукттæ дæр. Уыдон сты æввахс хъæутæй æрцæуæг адæм.  Кæд сæ искæмæн бантысы продуктты иу хай ауæй кæнын, кæннод сæ асламыл раттынц базары æппыныдзух чи лæууы, уыдонæн. Мидæгæй кæд сæрибар бынæттæ бирæ вæййы, уæддæр хуыздæрыл нымайынц, æддейæ уынджы сæ продукттæ равæрын. Ацы фарста радтон уынджы зæххыл кардон гæххæттыл, фистæгæй цæуджыты къæхты  бын йæ уæййæгтæ чи равæрдта, ахæм сылгоймагмæ. Уый мын йæхи афтæ сраст кодта: «Хъæууон цæрæг фæтагъд кæны фæстæмæ йæ хæдзармæ, цæмæй кæй æрхастон, уыдон тагъддæр ауæй кæнон».

Мах, кæд аргъ кæнæм йæ къухты руаджы йæ тыхæй чи бакусы, æмæ афтæмæй чи фæуæй кæны хи æркæнгæ дыргътæ æмæ халсæрттæ ахæмтæн, уæддæр  сæ продукттæ «натуралон» хонгæйæ антисанитари чи аразы, уыдон цæмæннæ æмбарынц, тæссаг кæй у къæхты бын цы продукттæ ис, уыдон зæрдæмæ  кæй нал фæцæуынц, уæлдайдæр та урсаджы продукттæ.

Цалдæр азы размæ дæр ма уынгты чи базар кодта, уыдонæй тротуартыл ахизæн нал уыд, фистæгæй цæуджытæн. Джиоты Аланы уынг æмæ Исахъы уынджы тигъыл 2-æм скъолайы ныхмæ дæр лæууыдысты.  Базармæ мидæмæ кæй нæ куымдтой, уымæн йæ аххосаг хуыдтой, базары домæнтæн, зæгъгæ, дзуапп нæ дæтты, зымæгон бонты, дам, дзы вæййы дымгæ. Стæй, дам, мидæгæй фаг бынæттæ нæй. Базар бæстон арæзт куы æрцыд, уæд иу чысыл рæстæг бацыдысты мидæмæ æмæ къорд рæстæг базары раз фæтк æвæрд æрцыд. Фæлæ та ныр ничиуал лæууы тæрхджытыл, базаргæнинæгтæ уæй цæуынц æддейæ.

Ацы фарст радтам горæты администрацийы сæргълæууæг Къацты Геномæ. Уый куыд зæгъы, афтæмæй ацы проблемæ абон нæ сæвзæрд. Канд хъæууон цæрæг нæ, фæлæ ма æндæр ранæй продукттæ чи ласы, уыдон дæр сæвæрынц сæ «Газел»-тæ базары раз. Йæхи къухæй хæрзгъæд продукттæ чи æркæны, уыдон дæлдзиныг нæ кæнæм, фæлæ базармæ мидæмæ кæй нæ комынц, уый тыххæй сыл тагъд сæвæрдзыстæм штрафон санкцитæ. Газелтæй чи уæй кæны, уыдонæн та бынат ис раздæры Сæны заводы территорийыл. Уынгтæ базаргæнæн бынæттæ не сты. Хъуамæ фæтк æвæрд æрцæуа, магазинтæ кæмæн ис, фæлæ уæддæр йæ уæййæгтæ тротуармæ чи райсы, уыдон ныхмæ дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.