Ахуыргонд-вирусолог Константин Чумаков банысан кодта, зæгъгæ, ног штаммæй фæрынчыны фæстæ низ сфæразынц рогдæрæй, рæуджыты низы фæтынгæй дзы тас нæу. Коронавирусы уый размæ штаммтимæ абаргæйæ мæлындзинады цаутæ бæрæг фæкъаддæр сты. «Кæд-иу раздæр коронавирусæй рынчынты 2 проценты амардысты, уæд ныр та ацы вирусæй мæлындзинады цаутæ сты 0,1 проценты», – загъта уый.

Ахуыргонд банысан кодта, зæгъгæ, вирус фæивта: Абон уымæй рынчын кæнынц æвзонг адæймæгтæ, кæцытæ низ сфæразынц уæлдай рогдæрæй. «Раздæры зæронд варианттæй сывæллæттæ практиконæй нæ рынчын кодтой. Æвзонг адæймæгтæ-иу æй зонгæ дæр нæ бакодтой рынчын уыдысты, уый. Ныр та æвзонг æмæ астæуккаг кары адæймæгтæ рынчын кæнынц фылдæрæй ацæргæ адæй-мæгтимæ абаргæйæ», – бацамыдта Чумаков.

Омикрон-штаммы сæйраг фæзындтæ сты: сæры рыст, æхснырсæг, хуыфæг, кæцытæ ахæссынц иу бонæй æртæ-фондз боны онг. Фæлæ иуæй-иу адæймæгтæ омикроны низимæ схуыссынц рынчындоны æмæ, хъыгагæн, цардæй ахицæн вæййынц».

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, раздæры штаммтимæ абаргæйæ, низ парахт кæны тагъддæр. Æмæ дзы фылдæр адæм кæй фæрынчын вæйынц, уый у «хорз хабар», уымæн æмæ фæкъаддæр сты ацы вирусæй мæ-лындзинады цаутæ æмæ пато-генондзинад. Уымæй дарддæр ма, вирусолог бацамыдта Хуссар Африкæйы цæвиттонмæ, цыран сбæрæг кодтой омикрон-штаммы. Уый банысан кодта, зæгъгæ, райдианы уым рынчын кодтой тынг бирæ адæймæгтæ, фæлæ уый фæстæ низ цæхгæр фæкъаддæр. Ахуыргонд ацы цауы бамбарын кодта афтæ, зæгъгæ, уым бирæ адæм æрдзон æгъдауæй кæй фæрынчын сты, уымæ гæсгæ уый фæстæ низ бæрæг фæкъаддæр. Ахæм ныв фенæн ис абон Европæ æмæ   АИШ-ы дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.