Цхинвалы райдыдта Ирыстоны хъайтар Галуанты Олегы номарæн 5-æм республикон турнир волейболæй. Ерысты хайад исынц республикæйы скъолаты коман-дæтæ. Йæ организатортæ сты РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ æхсæнадон организаци «Зиу», æххуыс сын кæнынц Ахуырады æмæ Хъахъхъæнынады министрадтæ.

Галуанты Олег фæмард 2008-æм азы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы. Хæсты рæстæджы уый цы координаттæ лæвæрдта, уыдоны фæрцы хуссарирыстойнаг артиллерийæн бирæ рæстæджы дæргъы  бантыст знаджы æруромын. Фæлæ йын Гуырдзыстоны æфсад базыдтой  кæм лæууыд, уый æмæ уыцы бынатмæ æхсын райдыдтой.

Йемæ чи службæ кодта, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты баззайдзæн куыд йæ радтæг адæмы æнувыд хъæбул, афтæ.

Турниры архайынц куыд лæппутæ, афтæ чызджытæ дæр. Лæппуты ‘хсæн ерысты архайынц 12 командæйы, чызджыты ‘хсæн та – 9 командæйы.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы раныхас кодта спорты хуызты размæцыды фæдыл РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты спорты хуызты размæцыды фæдыл   хайады сæргълæууæг Касаты Ацæмæз. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй турнир дарддæр дæр уагъд цæудзæн æмæ  йæ организацион æм-вæзад та кæндзæн бæрзондæй бæрзонддæр.

Æрæмбырдуæвджытæн бузныг загъта Галуанты Олегы мад Плиты Светланæ.

«Хорз традици ссис зынгхуыст хъайтарты рухс номыл турниртæ уадзын. Стыр бузныг зæгъын йæ организатортæн. Махæн, йæ хъæбулты чи фесæфта, уыцы ныййарджытæн æх-сызгон вæййы сæ ном рох кæй нæу æмæ сæ рæзгæ фæлтæрæн кæй амонынц, уыцы хъуыддаг», – банысан кодта Плиты Светланæ.

Олег ахуыр кодта 5-æм астæуккаг скъолайы. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемони дæр уагъд æрцыд ацы скъолайы. Залмæ æрбацыд скъолайы директор Бестауты Азæ дæр.

«Олег скъолайы рæстæджы алы хатт дæр активон хайад иста алыгъуызон мадзæлтты. Уарзта спорт, уæлдай æхсызгондæрæй  архайдта «Зарница»-ты æмæ æндæр æфсæддон-патриотон мадзæлтты. Тынг æхсызгон мын у Олегы ном рох кæй нæу, уый», – загъта Бестауты Азæ.

Турниры хъæзтытæ уыцы иурæстæджы уагъд цæудзысты цыппар раны. Лæппуты командæтæ хъаздзысты Цхинвалы скъола-интернат æмæ 6-æм астæуккаг скъолайы спортивон залты, чызджыты командæтæ та ерыс кæндзысты 5-æм скъолайы спортивон залы æмæ республикон спортивон скъолайы.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Æрæджы горæт Чеховы уагъд æрцыд æвзæнгты ‘хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионат. Ерысты хайад райстой хуссарирыстойнаг богалтæ дæр. 100 кг уæзы категорийы 2-аг призон бынат бацахста Бестауты Андрей. Чемпионаты ма архайдтой Зассеты Азæмæт æмæ Дзæгъиаты Сослан. Спортсменты тренер Коцты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, йæ хъомылгæни-нæгтæн сæ бон уыд хуыздæр бæрæггæнæнтæ  равдисын.

«Раст зæгъгæйæ, хуыздæр бæрæггæнæнтæм æнхъæлмæ кастæн. Фæлæ сын не сфаг фæлтæрддзинад. Финалы Бестауты Андрей хæцыд цæгатирыстойнаг богалимæ. Зæгъгæ ма фембæлды кæронмæ  10 секунды  бафтыдтой, уæд æнæмæнгæй  рамбылдтаид. Зассеты Азæмæт хæцыд 3-аг бынат бацахсыны сæраппонд тохы. Йæ ныхмæлæууæг уыд Мæхъæлы минæвар. Азæмæт æмбылдта 8:4 хыгъдæй, фæлæ сын хыл бацайдагъ. Уымæ гæсгæ сæ дыууæ дæр ист æрцыдысты. Иннæ хатт æй зондзæн æмæ йæхиуыл хуыздæр хæццæн. Æвзæр нæ рахæцыд Дзæгъиаты Сослан дæр, фæлæ уымæ дæр хуыздæр бæрæггæнæнмæ æнхъæлмæ кастæн. Ныртæккæ мæ фидарæй уырны, ацы ерыстæ сын кæй радтой хорз фæлтæрддзинад æмæ иннæ ерысты архайдзысты сæ тыхтыл тынгдæр æууæндгæйæ», – банысан кодта Коцты Тамерлан.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.