Сабиты журнал «Ногдзау» кæддæриддæр йе ‘рмæджытæй барухс кæны йæ кæсджыты зæрдæтæ. Ныр дæр та йæ радон, цыппæрæм номыры мыхуыр æрцыд бирæ цымыдисон æрмæджытæ. 115 азы сæххæст ирон литературæйы зиууонтæй сæ иу Мамсыраты Дæбейы райгуырдыл. Уый фæдыл ын журнал мыхуыр кæны йæ биографи  йæ къамимæ, афтæ йе ‘мдзæвгæтæ «Сыфтæртæ» æмæ «Хъахъхъæнæг нау».

«Ногдзау» бренд «Пломбир мечты»-имæ иумæ ауагътой æхсæнадæмон конкурс сывæллæттæн нывкæнынæй æмæ уый охыл йæ фæрстыл сты 4-аздзыд Тъуриты Моникæ, Кумситы София, Кокойты Амелия, Биганаты Георги, Кокова Амелия, Мæрзойты Даринæйы конд нывтæ. Æхсызгон у зæрдæйæн, ацы конкурсы хайад кæй райстой цхинвайлаг æвзонг нывгæнджытæ Къæбулты Аленæ æмæ Тедеты Артур дæр æмæ сын журналы фенæн кæй ис сæ конд нывтæн. Æвзонг кæсджытæ ма æхсызгонæй базонгæ уыдзысты Дзæуджыхъæуы 18-æм скъолайы ахуырдзау Хъæлыцты Валерияйы аргъау «Рувас æмæ тæрхъус»-имæ.

Журнал дарддæр йæ кæсджыты зонгæ кæны «Нарты кадджыты» персонажтимæ. Ацы номыры та дзы базонгæ уыдзысты Челæхсæртæг-æлдары рæсугъд Бедухаимæ. Мыхуыр æрцыд ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Æвзонг ногдзаутæ цымыдисæй бакæсдзысты сербаг адæмон аргъау «Медведь, свинья и лиса» уырыссаг æвзагыл. Редакци ма ацы номыры йæ кæсджыты зонгæ кæны Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтимæ.

«Ногдзау» зæрдиагæй тырны, сфæлдыстадмæ æмхиц чи у, уыдоны уацмыстæ йæ фæрстыл ныммыхуыр кæнын. Ныр дæр та ацы номыры  мыхуыр сты Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ахуырдзау Цхуырбаты Марияйы æмдзæвгæ «Мæ бæстæ», Хуымæллæджы скъолайы ахуыргæнинаг Чшиаты Зæлинæйы æмдзæвгæ «Хуымæллæджы доны был ба-дын», Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы ахуырдзау Плиты Аминæйы «Хи ныфс тыхджындæр у!» , Хъайтыхъты Риммæйы æмдзæвгæтæ «Сæрд» æмæ «Зарæг «Ногдзау»-ыл, стæй Беслæны 6-æм скъолайы ахуырдзау Мамсыраты Аннæйы «Мады мах нæ зæххон стъалы хонæм».

Рубрикæ «Нæ хурты хуртæн»-ы мыхуыр æрцыд аргъау «Арсинкæ тæрсы». Журналы ма мыхуыр æрцыдысты «Куыд зонын Ирыстоны?», «Базон-базонтæ», «Ахуыр кæнæм мадæлон æвзаг», «Æмбисæндтæ», конкурс «Мæ бинонтæ – мæ царды фидар мæсыг”-ы» уæ-лахиздзаутæ сæ къамтимæ, стæй ма сканворд, дзырдбыд æмæ æндæртæ.

«Ногдзау» аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл бакуыстой нывгæнджытæ Айларты Владимир, Абайты Аркади, Брызгалов Марат, Панина Ольгæ æмæ Цомайты Аллæ.

                                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.