Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ног автотранспорты дæгъæлтæ радта Мидхъуыддæгты министрады дæлхайадтæн.

Æрæмбырдуæвджытимæ дзургæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Мидхъуыддæгты министрады кусджыты техникон фадæттæ кæй фæхуыздæр сты æмæ куысты эффективондзинад кæй фæбæрзонддæр ис, уый.

«Абон республикæйы фæткæвæрд ис уе уæхсчытыл. Банысан кæнын мæ фæнды, сымах уæ хæстæ кæй æххæст кæнут. Ацы азы дæргъы фыдракæндты æмæ бархалынадты нымæц фæкъаддæр ис. Уым, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр нысаниуæг ис Мидхъуыддæгты министрады æппæт службæтæн. Ныфс мæ ис, фыдракæндтимæ тох кæныны куыст иумæйагæй дарддæр дæр уыдзæн максималон æгъдауæй эффективон. Уый у уæ куыст», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта ведомствойы кусджытæн се службæйы тыххæй æмæ ныфс бавæрдта, ног техникæ райсгæйæ, сæ куыст кæй фенцондæр уыдзæн, уымæй.

Йæ рады Президентæн йе ‘ххуысы тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.

«Оперативон-службæйон архайдæн æнæмобилондзинадæй уæвæн нæй. Ног автотранспортæй мах пайда кæнæм не службæйы нæ разылæууæг хæстæ эффективондæрæй æххæст кæнынæн», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.