24 июны 8-æм сæвзæрст Парламенты депутаттæ ауагътой сæ фыццаг сесси. Сессийы хайад райстой Президент Гаглойты Алан, Хицауады æмæ Централон æвзарæн къамисы минæвæрттæ.

Сæ фыццаг сесси  æнæ эксцессæй нæ рауад – политикон парти «Иууон Ирыстон»-ы депутаттæ сессимæ не ‘рбацыдысты.

Парламенты фыццаг рабадт бакодта депутат Козаты Олег. Уый банысан кодта, зæгъгæ, алкæцы депутат дæр нæ фæмæнг кæндзæн æвзарджыты æууæнк.

Ног сæвзæрст депутаттæн раарфæ кодта Президент Гаглойты Алан, загъта сын æнтыстджын куысты фæндиæгтæ. Æвдæм сæвзæрст Парламенты депутаттæн та загъта бузныджы ныхæстæ сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

«Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ иугъуызон никуы ацæуынц, фæлæ ацы хатт куыд сабыр уавæрты ацыдысты, афтæ никуы уыд. Бирæ бæстæтæй нæм æрцыдысты цæстдарджытæ æмæ уыдон дæр загътой сæ хъуыдытæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Централон æвзарæн къамисы уæнгтæй алкæмæн дæр, банысан сын кодта сæ цæсгомджын куыст, зæгъгæ, кан-дидаттæй алкæмæн дæр  радтой иугъуызон бартæ.

Дарддæр депутаттæ æвзæрстой Парламенты Сæрдары.

Сусæг хъæлæсæппæрстæй равзæрстой политикон парти «Ныхас»-æй депутат  Мæргъиты Аланы.

Хъæлæсæппæрсты 34 депутатæй хайад райстой 27. Уыдонæй 26 схъæлæс кодтой  Мæргъийы фырты пайдайæн, иу та йæ ныхмæ уыд.

Мæргъиты Алан бузныджы ныхæстæ загъта йæ коллегæтæн, се ‘ууæнк ыл кæй бафтыдтой, уый тыххæй æмæ сын ныфс бавæрдта, æппæт йæ тыхтæ кæй рат-дзæн, цæмæй VIII-æм сæвзæрст Парламенты куыст уа конструктивон æмæ кæрæдзийыл æууæндгæйæ.

Бахахх кодта, зæгъгæ, депутатты куысты иууыл сæйрагдæр сты, адæм сын сæ разы цы хæстæ æрæвæрдтой, уыдон скъуыддзаг кæнын.

«Не ‘взарджыты æууæнк фæмæнг кæныны бар нæ никæмæн ис», – фæндвидарæй банысан кодта Парламенты ног спикер.

Загъта, зæгъгæ, ацы бæстыхайы фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ вазыгджын уавæрты бындур æрæвæрдтой хæдбар республикæйæн æмæ цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон йæ позицитæ фидар кæна, уый тыххæй ног сæв-зæрст депутатты хæс у,  сæ хъуыддаг сын цæсгомджынæй адарддæр кæнын.

«Хицауиуæгады алы къабаз дæр хъуамæ кусой иумæ æмæ æппæт дæр аразой, нæ разы цы хæстæ ис, уыдон скъуыддзаг кæныны тыххæй», – банысан кодта Мæргъиты Алан.

Сусæг хъæлæсæппæрстæй депутаттæ равзæрстой Сæрдары хæдивджыты. Парламенты спикеры фыццаг хæдивæгæй равзæрстой Бесаты Зитæйы (политикон парти «Ныхас»). Уый æрсидт йæ коллегæтæм, цæмæй сæ ма ферох уа, сæхи амбицитæ нæ, фæлæ адæмы интерестæ кæй хъæуы хъахъхъæнын.

Сусæг хъæлæсæппæрстæй парламентаритæ дыккаг хæдивæгæй равзæрстой Харебаты Сергейы (Адæмон парти), æртыккагæй та – Тадтаты Таймуразы (Коммунистон парти).  Сæ дыууæ дæр бузныджы ныхæстæ загътой сæ коллегæтæн, кæй сæ равзæрстой, уый тыххæй.

«Мах æмгуыст хъуамæ кæнæм нæ адæмы хæрзиуæджы тыххæй», – банысан кодта Харебаты Сергей.

Тадтаты Таймураз Коммунистон партийы æмæ йæхи номæй бузныг загъта æвзарджытæн, сæ æмбæстагон хæс кæй сæххæст кодтой, уый тыххæй.

«Фидарæй зæгъдзынæн уый, æмæ ацы бæрнон бынаты æрмæст закъæттыл нæ кусдзынæн, фæлæ ма кæндзынæн минæварадон куыст дæр. Мæ куысты мын кæддæриддæр сæйраг уыдысты цæсгомджын куыст æмæ рæстдзинад. Дарддæр дæр афтæ уыдзæн», – банысан кодта Тадтаты Таймураз.

Мæргъиты Алан фехъусын кодта, зæгъгæ, тагъд рæстæджы уыдзæн Парламенты дыккаг сесси дæр.

«Тагъд рæстæджы рабадты сфидар кæнын бахъæудзæн Парламенты структурæйы æмæ комитетты æмæ къамисты  сæрдарты равзарын», – загъта спикер æмæ кæрæдзиæмбарынад æмæ æмгуыст кæнынмæ æрсидт йæ коллегæтæм, цæмæй Парламенты ног сконд аккагæй æххæст кæна, йæ разы цы хæстæ ис, уыдон се ‘ппæты дæр.

Осиаты Индира

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.