Ныры онг ацы аппаратон-программон комплекс куыста тестон режимы, ома фæткхалæн цаутæ бæлвырд кодта, фæлæ фæткхалджытæ бæрндзинадмæ конд нæ цыдысты. Уый фæстиуæгæн Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй ауагъта сæрмагонд æмбырд æмбæлон службæтимæ. Уавæр æмæ комплексы цæттæдзинад бахынцгæйæ фæндон рахастой, цæмæй ног къуырийæ фæткхалджыты ивар кæнын райдайой. Горæт Цхинвалы администрацийы минæвæрттæн бахæсгонд æрцыд, цæмæй ацы бонты ногæй сахурой фæндагон нысæнттæ, цæмæй фиксацийы видео æмæ фотокамерæтæ æдæрсгæйæ кусой.

Камерæтæ бæрæг кæнынц цалдæр хуызы фæткхалæн цауы, куыд светофоры сырх рухсыл чи ахизы, стыр тагъдадæй чи цæуы æмæ афтæ дарддæр. Бæлвырд ма кæны, фæндагон нысæнттæм чи нæ кæсы, фæндаджы азилæнты фæткойтæ чи халы, уыцы шофырты дæр. Ныридæгæн уал цы аппараттæ æрцыдис æвæрд, уыдон кусдзысты æмæ ивар кæндзысты фæткхалджыты. Дарддæр ма æвæрд цæуынц камерæтæ æмæ азы кæронмæ сæ нымæц хъуамæ схиза 86. Ӕмæ уæд гуырахстджындæрæй райдайдзæнис йæ куыст ацы аппаратон-программон комплекс.

«Ӕдас горæт»-ы комплекс фæткхалыны цау фиксаци кæны автоматон режимы, – вæййы дзы автомашинæйы къам æмæ видео, цы рæстæджы, кæм æмæ цы афоны æрцыдис фæткхалæн цау, бæлвырд æрцæуынц автотранспорты индентификацион номыртæ, стæй та сбæрæг кæнынц автомашинæйы хицауы æмæ йæм хæдзармæ барвитынц административон фæткхалыны суагъæ. Административон суагъæты фыстæджытæ фæткхалæгмæ хæсдзæнис постхæссæг. Шофырæн ис 10 боны æмгъуыд, цæмæй йæхи сраст кæны-ны тыххæй хъаст бадæтта. 10 боны фæстæ суагъæ бацæуы йæ тыхы æмæ 60 боны æмгъуыдмæ дæ ивар хъуамæ бафидай. Йæ ивар чи нæ фида, уыцы суагъæтæ та æрвыст цæудзысты Юстицийы министрадмæ.

             ДЖИОТЫ Алыксандр   

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.