Мадæлон æвзаг! Йæ ном йæ уæлæ ис – мæ мады æвзаг, мадау нын зынаргъ чи хъуа-мæ уа, уыцы æвзаг.  Знон нæ республикæйы банысан кодтой ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.

О, æвæдза, рæсугъд æмæ тынг аив у нæ мадæлон æвзаг! Уый у аргъæутты, æмбисæндты, нарты кадджыты æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ нæ иннæ куырыхон лæгты, алы ирон лæджы æвзаг дæр.

Ирон æвзаг æмæ литературæйæн бындур чи сæвæрдта, ирон аив дзырд дунейыл чи айхъуысын кодта, уыцы Ирыстоны хъæбулæн абоны онг дзурæм бузныг. Йæ цард мæгуыр адæмы сæрыл тох кæнгæйæ чи арвыста, сæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ чи цард, йæ мадæлон æвзаг йæ удæй зынаргъдæр кæмæн уыд, уыцы Къостайæн.

Æнæмæнг, мадæлон æвзаг мадау уарзын хъæуы. Алкæмæндæр зындгонд у, бæлас кæй хæцы зæххыл йæ уидæгтæй, цас арфдæр ацæуынц уидæгтæ, уыйас бæлас фидардæр, тыхджындæр у. Уæдæ ирон адæмæн та йæ уидæгтæ йæ мадæлон æвзагæй, йе ‘гъдæуттæй фидар кæнынц æмæ сæ хъуамæ бахъахъхъæнæм.

Ацы бæрæгбон та у ирон, адæмы кæрæдзийыл чи бæтты, кæрæдзимæ сæ æнгомдæр чи кæны, ахæм бон.

Дунейы зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы ныхæстæм гæсгæ, национ хиæмбарынад æнæфæхицæнгæнгæ у национ æвзагæй æмæ кæцыфæнды æвзаджы мæлæт дæр нысан кæны адæмы, (куыд сæрмагонд этносы) мæлæт: «Хъуамæ алчидæр æмбара: æвзаджы фесæфт у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг –  нæй адæм».

Республикæйы къухдариуæгад ахсджиагыл нымайы мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын, йæ рæзын кæнын. Сæрмагонд бæрндзинад æвæрд ис ирон æвзаджы ахуыргæнджытыл. Уыдон нын нæ рæзгæ фæлтæрæн амонынц мадæлон æвзаг сабидæтты æмæ скъолаты. Æппæт ахуыргæнджытæн дæр, фыццаджыдæр, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн, мах хъуамæ кæнæм æппæтварсон æххуыс, аразæм сын уавæртæ æнтыстджын куыстæн. Ахуыргæн-джыты профессионализм æмæ цæсгомджындзинадæй, амоныны гъæдæй æвдис-гæ у æвзаг сахуыр кæныны æмвæзад æмæ уый та нысан кæны æвзаджы фидæн.

Æмæ уæдæ, уадз, Ирон æвзаджы бон республикæйы æппæт цæрджытæн кæддæрид-дæр уа æцæг бæрæгбон, зæрдыл æдзух куыд лæууа, цæй стыр хъæздыгдзинад нын ис, æмæ æрсидæм алкæмæ дæр нæ удварны хъæздыгдзианд хъахъхъæнынмæ!

Ирон ныхасы культурæйыл тох кодтой нæ фыдæлтæ рагæй фæстæмæ. Махмæ, кæддæриддæр, кадджын уыдысты,  æхсæны лæгтæ кæй хуыдтой, уыцы дзырддзæугæ куырыхонтæ. Фыццаджыдæр, кадджын уыдысты сæ аив, ахадгæ, зæрдæмæхъаргæ, ныхасы тыххæй,   сæ хъуыдытæ мадæлон æвзагыл зæгъынмæ хорз кæй арæхстысты, уый тыххæй. Сæ бæрны-иу сын бакодтой цыфæнды зын хъуыддаг дæр; туджджынты бафидауын кæнын, зианы уæлхъус раныхас кæнын æмæ а.д.  Кæд ахуыргонд нæ уыдысты, абон мах нæ цардæгас литературон æвзаджы æгъдæуттæ кæй хонæм, уыдон нæ зыдтой, уæддæр арæхстджынæй, аивæй пайда кодтой не ‘взаджы хъæздыгдзинæдтæй.

Цард размæ цæуы. Фæлтæр ивы фæлтæры. Абон ирон литературон æвзагыл дзурынц нæ театрты, радио æмæ телеуынынады, ахуыр æй кæнынц скъолаты, уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Мадæлон æвзагыл цæуынц газеттæ, журналтæ, чингуытæ. Раст куы зæгъæм, уæд не ‘взагæн абон бирæ рæвдздæр сты йæ растфыссынады æгъдæуттæ йæ растдзурынады æгъдæуттæй.

Мадæлон æвзагыл рæсугъд дзурынмæ бирæтæ дзæбæх нæ арæхсынц, уæл-дайдæр та  – фæсивæд. Уыдонæй арæх фехъусæн вæййы: «Гъе, уый дын мæлгъæв-заг», «Тынг дзырдарæхст у» … Стыр дисы сæ бафтауы не ‘взаджы хъæздыгдзинад. Канд рæсугъд дзурæгмæ нæ батæхуды кæнынц, фæлæ ма мадæлон æвзагыл кæсынмæ чи фæарæхсы, уыдонмæ дæр.

Вæййы афтæ æмæ иу кæнæ иннæ адæймаг тырнын райдайы ирон æвзагыл хорз дзурынмæ. Сахуыр кæны ирон литературон растдзурынады æгъдæуттæ грамматикæйы фæрцы, фæлæ уæддæр йæ бæллиц нæ сæххæст вæййы, уымæн æмæ æрвылбон нæ фæфæлтæры йæ теоретикон зонындзинæдтæ практикæйы фæрцы фæхъæуы бафидар кæнын.

Кæддæр, дам, чидæр афтæ загъта: «Ирон æвзаг Елхотæй дарддæр никæйы хъæуы!» Тынг æнæбындур ныхас у уый. Ирон æвзаджы æрдхæрæны дæсны иртасæг Абайты Васо афтæ загъта: «Мæ царды фылдæр рæстæг Мæскуыйы арвыстон, фæлæ абоны онг мæ мадæлон æвзагыл стырзæрдæ нæ кæнын. Истæуыл куы фæкусын, уæд ыл фыццаг фæхъуыды кæнын иронау, уый фæстæ йæ ныффыссын уырыссагау».

Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не ‘ппæтæй дæр, æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм. Махæн абон у стыр бæрæгбон, хъуамæ уæм сæрыстыр, ирæттæ кæй стæм, уымæй.

Æдæрсгæ дзур, кæс æмæ фысс иронау! Бауарзын кæн уыцы æвзаг дæ кæстæртæн. Зон, æцæг ирон уый нæу, ирон бинонты ‘хсæн чи схъомыл ис, фæлæ йæхæдæг ирон кæстæрты чи схъомыл кодта.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.