2008 азы 26 август махæн, Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн ссис, æцæгæйдæр, ног царды, ног дуджы райдиан бон. Иуæй уымæн æмæ уæдмæ кæрон æрцыдис дыууын азы дæргъы хæстон уавæрты цардæн, уыцы рæстæджы цы бирæ хъизæмæрттæ æвзæрстам, уыдонæн. Кæрон та сын скодта августы фондзбонон тугкалæн хæст. Æмæ нæхимæ нæма æрцыдыстæм, нæма æрчъицыдтам, хæсты пырхæнтæй нæ уынгты æххæстæй сыгъдæг дæр нæма акодтам, афтæмæй – æнæнхъæлæджы стыр цины хабар. Нæ хæдбардзинад нын банымадта дунейы стырдæр æмæ хъомысджындæр бæстæтæй сæ иу  – Уæрæсейы Федераци!

Цин æмæ, дам, хъыг æфсымæртæ сты. Стыр хъыджы бонты фæстæ æрба-лæууыд стыр цины бон. Æмæ нын не ‘фхæрд зæрдæты батавта, ныфс нæ бауагъта, нырæй фæстæмæ сабыр арвы бын кæй цæрдзыстæм, цард аразыны фæндагыл кæй ныллæудзыстæм. Уымæн æмæ нæ фарсмæ ис Уæрæсе. Уый нæ бахъахъхъæдта августы хæсты, уый нын фыццаг банымадта нæ хæдбардзинады æмæ систæм æндæр бæстæтимæ æмбар, æмсæр. Уæрæсейы разамынад æмбæрста, йæхимæ уæды вазыгджын дунеон уавæры цы бæрндзинад исы ахæм къахдзæф саразгæйæ, уый. Æмбæрста, йæ ныхмæ кæй рацæудзысты АИШ, Ныгуылæны бæстæтæ, фæлæ уæддæр уыдис фæндвидар æмæ йæ уæды Президент Дмитри Медведев райста, махæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн чи уыд æмæ уыимæ дунейы полити-кон картæ чи фæивта, æгас дунейы чи банкъуысын кодта, ахæм уынаффæ.

Махæн ацы уынаффæ фадат радта, куыд паддзахад, афтæ нæ хъуыддæгтæ Уæрæсейы паддзахадимæ аразынæн. Æмæ ацы зæрдылдарæн бонæй бæрцæй цалдæр къуырийы фæстæ не ‘хсæн арæзт æрцыд Хæлардзинад, æмгуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй бадзырд. Уый фадат радта æппæтфарсон ахастытæ рæзын кæнынæн. Фыццаджы фыццаг та мах хъуыд æххуыс, цæмæй нæ царды ногæй йæ къахыл слæууын кодтаиккам, цæмæй нæ пырх горæт æмæ хъæуты, нæ раууатмæ æрцæуæг экономикæйы сæндидзын кодтаиккам. Æмæ ныр, дунеон барадон нормæтæ нæ халгæйæ, банысангонд бадзырды бындурыл Уæрæсе æрбалæууыд нæ фарсмæ. Æниу, уыцы хæстон азты дæр мах æдзух æнкъардтам йе ‘ххуысы къух. Уæрæсейæ Транскамы фæндагыл ластам, цæрынæн нæ цы хъуыдис, уыдон. Æрмæст хæсты фæстæ нæ респуб-ликæмæ Уæрæсейы æндæр æмæ æн-дæр регионтæй цас гуманитарон æххуыс фæцыд, уый дæр махæн цæрæнбонтæм зæрдыл даринаг у.  Уый уæд, йæхæдæг дæр зын уавæры куы уыдис. Уæрæсейаг фидауынгæнджытæ нæ хызтой ног тугкалдтытæй, хъахъхъæдтой сабырад, кæд сæртæг уыдис, уæддæр. Уыцы сабырад кæдфæндыдæр гæнæн уыд æмæ фæхæлдаид. Афтæ кæй уыд, уый федтам æмæ бавзæрстам нæхиуыл августы хæсты рæстæджы, цыран фæмард сты дæсгай уæрæсейаг фидауынгæнджытæ.

Рацыд фараст азы, фæлæ цыма знон бавзæрстам 26 августы циндзинад, афтæ кæсы адæймагмæ. Адæм рацыдысты снарядты, минæты схъистæй пырх уынгтæм æмæ иумæ цин кодтой, арфæ кодтой кæрæдзийæн; æнæскъуыйгæ сигнал кодтой машинæтæ, æдтæмæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырысатæ радаргæйæ; хъуыстысты æхстытæ, æрæджы дæр ма мæлæт чи хастой, ныр та цины уац чи хъусын кодтой, ахæм æхстытæ. Нæ хæстдзагъд горæт, нæ арæнгæрон хъæутæ уал азы фæстæ базонæн нал ис. Кæд алцы нывыл нæ цыдис, уæддæр æндидзыдтой – пырх хæдзæртты, æндæр нысаниуæджы бæстыхæйтты бынæтты рæзтысты ног, райдзаст хатæнтимæ бæстыхæйттæ. Нæ горæт, зæгъæн ис, йæ хуыз скалдта, кæд дарддæр æндидзæн куыстытæ цæуынц, уæддæр. Сæ аив хæрзарæзтæй цæстæнгас сæхимæ здахынц йæ сæйраг уынгтæ. Дарддæр арæзт цæуынц æндæр уынгтæ дæр. Ногæй нæм сырæзтысты сæудæджерадон, базарадон, спортивон объекттæ, сæ хуыз скалдтой æмæ хъæуæг æрмæджытæй ифтонг цæуынц ахуырадон æмæ скъо-лайы агъоммæ уагдæттæ. Сæйраджы сæйраг та адæм сæхæдæг сты. Сæ цæс-гæмттæй уыдонæн айсæфт катайы, сагъæсы, тыхстдзинады хуыз, кæд бавзаргæ хъизæмæрттæ сæхи зонын кæнынц, уæддæр. Уыдоны бацыдис царды ныфс, æууæндын райдыдтой сæ сомбоныл.

Уæрæсе нын 2008 азы 26 августы нæ хæдбардзинад кæй банымадта æмæ уымæй мæхæн æнцой цард кæй æрхаста, æрмæст уый нæ фенын кодта. Уый æгас дунейæн фенын æмæ сбæлвырд кодта, Уæрæсе Ельцины Уæрæсе кæй нал у, кæй та слæууыд йæ къæхтыл, йæ бон кæй у хæдбар политикæ уадзын, дунеон аренæйы йæ геополитикон интерестæ хъахъ-хъæнын, йе ‘мбæстæгты æдасдзинад ифтонг кæнын.

Нæ адæм æнусты размæ сбæлвырд кодтой, сæ цард Уæрæсеимæ аразгæ кæй у. Уæрæсемæ тырнындзинад нæ туджы ис, æдзух стæм сæ фарсмæ. Афтæ у иннæрдæм дæр – махæн зын рæстæджыты Уæрæсе кæддæриддæр вæййы нæ фарсмæ. Афтæ у ныр дæр. Афтæ уыдзæн кæддæриддæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.