РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, æндæр профилон ведомствæты къухдариуæггæнджытæ бабæрæг кодтой 2017 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты, сæрмагондæй, Хъайтарты æмæ Октябры уынгтыл арæзтцæуæг бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæ, афтæ ма горæты уынгтæй цалдæры.

Амæйразмæ куыд хъусын чындæуыд, афтæмæй подрядон организаци, кæцы дзуапп дæтты Хъайтарты æмæ Октябры уынгты кæрон арæзтæуæг цæрæн комплекс æмæ æндидзыдцæуæг дыууæ бирæуæладзыгон корпусы арæзтадтæн, раивд æрцыд, æмбæлон темптыл кæй нæ куыста æмæ арæзтадон куыстытæ графикæй фæстейæ кæй баззадысты, уый аххосæй.

Ныры арæзтадон организаци ООО «СТМ-Юг»-ы минæ-вар куыд банысан кодта, афтæмæй ног цæрæн массивы арæзтадыл кусын райдыдтой æххæст гуырахстæй, куыстытæ цæуынц хорз режимы.

Афтæ ма реконструкци цы корпустæ цæуынц, уым æрæвнæлдтой фасады рудзгуытæ монтаж кæнынмæ. Нырма уал объекты кусынц 11 адæймаджы, фæлæ аразджытæ куыд баныфсæвæрдтой, афтæмæй кусджыты нымæц дыууæ хатты фæфылдæр уыдзæн.

Пухаты Эрик æрдомдта, цæмæй карзæй хъахъхъæд цæуой техникон уавæртæ æмæ куысты график.

«Кусын хъæуы рæвдз, фæлæ нæ сæйраг хæс у гъæдджын арæзтад», – банысан кодта уый.

Хицауады Сæрдар бабæрæг кодта, Кировы, Гæззаты Вадимы уынгты æмæ Джиоты Аланы проспекты фæзилæны цы куыстытæ цæуынц, уыдон дæр.

Ацы æртæ уынджы ивд фесты инженерон коммуникацитæ, æмæ сæ райдыдтой хæрзарæзт кæнын.

ГУП «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мурат куыд банысан кодта, афтæмæй ацы аз эксплуатацимæ лæвæрд цы 13 уынджы хъуамæ æрцæуой, уыдоны куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ, æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты июлы мæймæ.

РХИ-йы Хицауады

пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.