Бирæ азты дæргъы апрелы мæй нымад цыд зиубонтыл, ома,  нæ алфæмблай ссыгъдæг кæныны мæйыл. Ацы мæйы фæстаг бонты-иу канд горæты нæ, фæлæ хъæуты цæрджытæ дæр барвæндонæй рахызтысты массон æгъдауæй æмæ иу цæрæн æмæ кусæн бынæт-ты бафснайдтой, ныссыгъдæг кодтой. Ныссагътой-иу талатæ æмæ алыгъуызон дидинджытæ дæр æмæ уый алкæйы зæрдæмæ дæр цыд. Уымæн æмæ алчидæр зоны кæм цæрыс, уым цас фылдæр бæлæстæ æмæ цъæх къутæртæ уа, уыйбæрц уæлдæф сыгъдæг дæр у. Адæймагæн та сыгъдæгдзинады йæ уд æхцондзинад æнкъары. Кæд уый хорз æмбарынц цæрджытæ, уæддæр фенхъæлмæ кæсынц цæмæдæр, цæмæй сæ чидæр баразæнгард кæна. Раздæр азты-иу ахæм инициативæ цыд горæты администрацийæ. Уыдон-иу дзыллон информациты фæрæзты руаджы æрсидтысты цæмæй массон æгъдауæй рахизой æмæ алчидæр йæ алфæмблай бафснайа бронæй. Фæлæ ныр цæмæдæр гæсгæ афтæ нал у. Афтæмæй та-иу ахæм зиуты фæстæ горæт бæрæг фæсыгъдæгдæр æмæ фæрæсугъддæр.

Горæты уынгтæ сыгъдæг кæнынмæ æрвылбон рацæуынц цæрæнуатон лæггæдты комбинаты кусджытæ сæхæдæг. Фæлæ сын сæ куыст бирæтæ, хъыгагæн, ницæмæ дарынц æмæ сæ брæтты, кæм не ‘мбæлы, ахæм рæтты акалынц,  афтæмæй та арæх уынгты цы броны контейнертæ ис, уырдæм дард цæуын нæ фæхъæуы.

Уавæр мæгуыраудæр у хъæуты. Сæ брæттæ ласт никуыдæм цæуынц. Уымæ гæсгæ алы хъæуы алыварс дæр фенæн ис æнæзакъон брондæтты обаутæн. Хатт бирæтæ уырдæм дæр нал бахæццæ вæййынц – акалынц сæ цæугæдæтты, фæндаггæрæтты. Ацы фарст дæр у ахъуыдыйаг.

Ныр цалдæр азы нæ республикæйы дзырд цæуы, ног брондон кæм арæзт хъуамæ æрцæуа, ахæм бынат равзарыныл. Афтæ ма дзырд цæуы, цæмæй нæм арæзт æрцæуа бронгуыстгæнæн завод. Куыд зонæм, афтæмæй ахæм завод саразын аслам нæ лæууы. Æмæ куыдфæнды ма æрцæуа скъуыддзаг ацы фарст, уæддæр – бронкалæн уа æви бронкуыстгæнæн завод – арæзт хъуамæ æрцæуа цæрæн бынæттæм дæрддзæф æмæ йæ æнуд тæфæй ма тыхсой цæрджытæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.