Хурбоны та нӕ арв ныццавта. Ӕнӕрӕстӕджы йӕ цардӕй ахицӕн Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Иры адӕмон артист, Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл Цӕгат Иры академион театры разагътатæй сæ иу, Иры дзыллӕйы уарзон хъӕбул Хуыгаты Сурен Тугъаны фырт.

Ирон театралон аивадыл ӕнӕнхъӕлӕджы, ӕнӕрӕстӕджы уӕззау зиан ӕрцыд. Ирон театртӕ кӕддӕриддӕр сӕрыстыр ӕмӕ ныфсджын уыдысты Сурены саразгӕ хъуыддӕгтӕй.

Сурен йӕ цард цӕстуарзонӕй снывонд кодта ирон сценӕйӕн — æнæрынцойæ фӕкуыста 50 азӕй фылдӕр. Йӕ саразгӕ фӕлгӕндзтӕ бӕрӕгӕй ӕрттивынц не сценӕтыл, йӕ сӕйраг бӕллиц уыд Шекспиры Отеллойы роль сӕххӕст кӕнын, фӕлӕ йын, хъыгагӕн, нал бантыст.

Къуыдайраг мызыхъхъ лӕппу Сурен рацыд гуыргъахъ фӕндӕгтыл. Райгуырд Къуыдаргомы 25 октябры 1954 азы. Хъӕууон скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ, уæлвæзты хос кæрдгæйæ, суг ласгæйæ бауарзта ирон аив дзырд, уӕд федта хъӕууон сценæйыл йӕ адӕмы царды нывтӕ.

Театралон аивады уарзондзинад ӕй бафтыдта уыцы фӕндагыл ӕмӕ йын уымӕн та фадат фæцис 1972 азы. Уӕд Хуссар Иры драмтеатр фӕсивӕдӕй иу къорды арвыста Мӕскуымӕ М. С Щепкины номыл театралон ахуыргӕнӕндонмӕ.

Зӕрдӕрухсӕй сыздӕхт Сурен йӕ ахуырӕй 1977 азы, хорзӕн мысыд, кӕддӕриддӕр, йӕ ахуыргӕнӕг В. К. Смирновы.

Сурен йӕ куыст райдыдта Хуссар Иры театрӕй. Адӕмыл тагъд ӕрӕвӕрдтой сӕ цӕст, тынг райгонд дзы уыд зынгӕ режиссер Хуыгаты Геор.

Сурен стыр аргъ кодта Георæн, бакаст йӕ коммӕ дӕр, Дзӕуджыхъӕуы театрмӕ йӕ куы кодта, уӕд.

Сурен йӕ царды хуыздӕр бонтӕ схай кодта Дзӕуджыхъӕуы театрӕн, ӕниу дзы рох никуы уыд Хуссар Ирыстоны театр дӕр. Сӕ дыууӕйæн дӕр сӕ хайбавӕрд егъау кӕй уыд, ууыл дзурӕг сты театры хорзӕхтӕ — адӕмон артисты нӕмттӕ.

Се ’ппӕт кӕд нӕ, уӕддӕр Сурены ролты ахъаззагдӕртӕн ӕнӕ ранымайгӕ нӕй: Айтӕг (Уанеты В. — «Хилаччы фидар»), Гуыргъахъ (Чеджемты Г. — “Цола), Салам (Гаглойты Вл. — «Зӕххон Хуыцӕуттӕ), Ибрагим (Къоста — «Фатимӕ»), Солым (Хуыгаты Г. — «Хъӕздыг хӕдзар»), Бато (Тедеты Г. — “Авд хуры), Аликвиад (В. Шекспир — “Тимон Афинский), Ардобей («Ш. Чъкадуа — «Кукла»), Пепел ( М. Горький — «На дне»), Эдгар ( (Софокл — «Царь Эдип»), Ясон (Еврипид — «Медея»), Чобыр (Хуыгаты Г. — «Сау нымӕт») ӕмӕ ӕнд.

Дзӕвгар у сӕ нымӕц Сурен цы кинофильмты ахъазыд, уыдонӕн. Цӕстӕвӕрӕн фӕцис уыцы фадыджы дӕр.

Сурен уыдис нӕ театры фидыц, егъау уыд йӕ хайбавӕрд нӕ сценӕты, дунейы сценӕты ӕмрӕнхъмӕ схизын кӕныны хъуыддаджы.

Дзӕуджыхъӕуы театр йӕхи бӕргӕ цӕттӕ кодта Сурены 70 азы банысан кӕныны бонмӕ, фӕлӕ фыдӕнхъӕл фестӕм, адзал тыхджындӕр разынд мадзалӕй.

60 азы юбилей цытджын уавӕрты ӕрцыд нысангонд Суренӕн. Бирӕ адӕм, бирӕ уазджытӕ ӕрцыд Дзæуджыхъӕумӕ Суренӕн раарфӕ кӕнынмӕ. Уыцы цытджын уазджыты нымӕцы уыдысты: Хуссар Ир, Кӕсӕг-Балхъар, Адыгейæ, Щепкины номыл театралон ахуыргӕнӕндонӕй цалдӕрӕй.

Сурены лӕггӕдтӕн йӕ рӕстӕджы аккаг аргъ скодтой Ирыстоны къухдариуӕггӕнджытӕ. Лæвæрд ын æрцыд Адӕмон артисты ном, хорзӕхджын уыд, майдан «Ирыстоны намыс»-ӕй, бирӕ дипломтӕ ӕмӕ кады грамотæтӕй.

Бирӕ тых, бирӕ бонтӕ ӕмӕ ӕхсӕвтӕ фервыста Сурен йӕ рольтӕм цӕттӕгӕнгӕйӕ. Нӕ уарзта фӕлвых, фӕлурс фӕлгӕндзтӕ. Сурен уал азы цардис йӕ саразгӕ фӕлгӕндзты цардӕй. Уыдоны та циндзинады нывтӕй фылдӕр уыдысты маст ӕмӕ хъыгдзинады, зӕрдӕрысты рольтӕ.

Зын у Суренӕн хӕрзбон кӕнын, йæ ацыд ирон театры сценӕтыл тынг фӕзындзӕн.

Рухсдзӕнӕт дӕ хай, Сурен. Дӕ фыдызӕхх дын бӕлоны пакъуыйӕ рогдӕр уӕд, Барастыры рахизфарсы рӕсугъд нӕууон дӕ бынат уӕд. Де ’ввахс раттӕг адӕмы уадзыс сидзӕрӕй, кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕ. Никуы уыдзынӕ рох дӕ адӕмӕй, дӕ уарзон сценӕтӕй, алы хатт дӕр дӕм цымыдисӕй чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы сценӕмӕкӕсджытӕй.

Дзӕнӕттаг уӕт дӕ ном.

Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры коллектив