Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинады историйы 1989 азы 23 ноябры нысаниуæгджын бон дунейæн фенын кодтам, кæй стæм иу хъуыдыйыл хæст, хъæбатыр æмæ Райгуырæн бæстæйыл иузæрдион адæм.

Æрвыл аз дæр Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады бон Хуссар Ирыстоны традицимæ гæсгæ горæтмæ æрбахизæны митингы хайад райстой республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, æхсæнады минæвæрттæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл националон-ирвæзынгæнæн тохты хайадисджытæ.

Мадзаламонæг куырыхон хистæр Къадзты Филипп арфæ ракодта мадзалы хайадисджытæ æмæ æгас Ирыстоны адæмæн, дзырдта ирон адæмы сæрибардзинады сæрыл тохы райдиантыл. Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы уый рахицæн кодта æртæ сæйраг цауы — Ручъы тоннелы арæзтад, 1989 азы 23 ноябрь æмæ 2008 азы 26 август.

Президент Гаглойты Алан 23 ноябры бон схуыдта сæттæн бон, уымæн æмæ уыцы бон ирон лæппутæ афтидармæй, цæнгтæбыдæй слæууыдысты рæстдзинады, сæрибардзинады æмæ нæ бæстæйы националон рæзт сæхæдæг кæй бæлвырд кæндзысты, уыцы барты сæрыл. Уый бузныг загъта, сæ цардæн тæссаг уавæрты знаджы ныхмæ цы лæппутæ æрлæууыдысты, уыдонæн. Банысан кодта, уыдон сгуыхтдзинад æмæ хъæбатырдзинад. Уыдон руаджы, зæгъгæ, мах бахъахъхъæдтам нæ бæстæ æмæ нæ хæдбардзинад, нæ къухты бафтыд, цы нысанмæ тырныдтам, уый.

«Уæдæй фæстæмæ мах бахъуыд бирæ хæттыты царды аргъæй нæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ нын бар нæй, æмæ уыцы лæппуты сгуыхтдзинæдтæ рох кæнæм», — дзырдта уый.

Мах, зæгъгæ, хъуыды æмæ аргъ кæндзыстæм, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады тыххæй йæ цард чи радта, уыдоны рухс нæмттæ.

Бæстæйы разамонæг банысан кодта, Ирыстоны ног историйы ахæм нысаниуæгджын боны фæдыл сæрбæрзондæй кæй арфæ кæны йæ æмбæстæгтæн.

1989 азы цауты хайадисджытæй сæ иу Харебаты Ацæмæз бафæдзæхста ирон адæмы Дунескæнæг æмæ Иры зæдтæн. Мах, зæгъгæ, кувæг адæм стæм æмæ нын уæд дæр бантыст, нæ бæстæмæ цы знаг лæбурдта, уый ныхмæ афтидармæй фæлæууын.

«Цас фылдæр рæстæг цæуы, уыйбæрц фылдæр æнкъарæм ацы боны нысаниуæг. Уымæн æмæ 23 ноябрь ссис Ирыстоны æндидзынады райдиан бон», — дзырдта уый.

Зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, уæды рæстæджы кæд уазал рæстæг уыд, уæддæр лæппуты хъарм кодта иудзинад, æфсымæрдзинад æмæ уый алы хатт дæр афтæ хъуамæ уа.

Бæрæгбонон цытджын митинджы ма раныхас кодтой Цхуырбаты Тимур æмæ Гаглойты Анатоли.

Ацы бонты Ирыстон Джиуæргуыбайы бонтæ кæй нысан кæны, уый тыххæй арфæйы ныхæстæ ракодтой ирон адæмæн митинджы раныхасгæнджытæ. Фæндон ма бахастой, цæмæй ацы бынаты, уæды цауты хайад чи райста, уыдоны сгуыхтдзинады номыл арæзт æрцæуа мемориал.

1989 азæй 2008 азмæ нæ историмæ аккаг хайбавæрд цы лæппутæ бахастой, уыдон сты нæ сæрыстырдзинад æмæ нæ кад. Уадз нæ зæххыл æлдариуæг кæнæд сабырад æмæ иудзинад, немæ кæдфæнды дæр уæд æхсар æмæ фыдæлты фарн.

КЪÆБУЛТЫ Марина