2022 азы Украинæйы Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæд æрмæст уæрæсейæгтæ не слæууыдысты сæ Фыдыбæстæйы интерестæ бахахъхъæнынмæ, фæлæ дзы активон хайад исынц не ‘мзæххонтæ дæр. Уыдон кæд Райгуырæн зæххæй дæрддзæф сты, уæддæр сæ хъайтардзинад æмæ æхсардзинады хабæрттæ æрыхъуысынц сæ Ирыстонмæ. Хъыгагæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы сæ, хæстон хæс æххæст кæнгæйæ, бирæтæн сæ цард трагикон æгъдауæй аскъуыйы.  Ацы уæззау хабар канд хиуæтты зæрдæты нæ фæриссын кæны, фæлæ сыл æмткæй æппæт адæмты зæрдæтæ дæр фæриссынц, сæ маст свæййы иумиаг.

2022-æм азы  18-æм апрелы Мариуполы «Азовстал»-ы штурмы рæстæджы фæмард не ‘мзæххон Гаглойты Инал. Баззадис ын дыууæ сывæллоны. Хъайтардзинад равдисыны фæстиуæгæн хорзæхджын æрцыд РХИ-йы хорзæхтæ – «Защитнику Отечества» æмæ «За боевые заслуги»-йы майдантæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æхсардзинады орденæй.

18-æм июлы нæ горæты Нæузæххонты уынджы   Гаглойты Инал цы бирæуæладзыгон хæдзары цард, уый къулыл цытджын æгъдауæй байгом мемориалон фæйнæг. Церемонимæ æрбамбырд сты хиуæттæ, мыггаджы минæвæрттæ, йæ хæстон æмгæрттæ, æхсæнады минæвæрттæ, сыхæгтæ.

Мыггаджы минæвар Гаглойты Роберт йæ раныхасы æрдзырдта, сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты ном æнусон кæныны ахсджиагдзинады тыххæй.

«Махæн нæ лæппутæ алыхатт дæр цæттæ сты хъайтардзинад æмæ æхсардзинад равдисынмæ. Уымæн æвдисæн у сæрмагонд æфсæддон операци. Ничи зæгъдзæн æмæ уыцы хæстон архайдтыты нæ фæсивæдæй уым хайад чи исы, уыдон æвзæр ном кæнæ фæд уадзынц. Уымæн æвдисæн у Иналы тох украинаг нацистты ныхмæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы Инал равдыста æцæг хъайтардзинад, фæлæ, хъыгагæн, хæсты быдырæй фæстæмæ сæрæгасæй нал æрæздæхт. Æрмæстдæр хорз ныхас зæгъынæй дарддæр, махæн, хъыгагæн, абон нæ бон Иналæн саразын ницы уал у», – загъта Гаглойты Роберт. 

Нæ республикæйы Ветеранты советы уæнг Бестауты Азæ банысан кодта, зæгъгæ, 2008-æм азы августы мæйы хæстон архайдтыты рæстæджы Гаглойты Инал йæ службæйон хæс æххæст кодта Цæцæны Республикæйы. Куыддæр базыдта йæ райгуырæн зæххыл арт судзы, афтæ уайтагъд æрцыд æмæ иннæ хæстонты цур балæууыд æмæ цæсгомджынæй æххæст кодта йæ Фыдыбæстæйы раз йæ хæстон хæс. «Ныртæккæ Украинæйы цы хæстон архайдтытæ цæуынц, уыдон мах нæхиуыл банкъардтам. Уымæ гæсгæ Инал уайтагъд йæхи айста хæстон архайдтыты бынатмæ сабыр цæрæг адæмы знагæй бахъахъхъæныны тыххæй.  Куыд æцæг хæстон, афтæ йæ бинонтæн дæр не ‘схъæр кодта, кæдæм цæуы, уый, загъта йæ æрмæстдæр куы цыд, уыцы бон. Инал йæхи фыццаг бо­нæй фæстæмæ равдыста хорз хæстон æмбалæй, æмæ егъау тæссаг æфсæддон хæстæ æххæст кæныны рæстæджы уыд фыццæгтимæ. «Азовстал»-ы территоримæ тынг зынтæй бахъуызыдысты, снайперы нæмыгæй йе ‘мбал Плиты Константинæн йæ къах фæцæф, уый фæстæ та, хъыгагæн, мæлæтдзаг цæф фæцис Гаглойты Инал дæр», – радзырдта Бесатуты Азæ.

Се ‘мгары тыххæй уæззау хъыджы ныхæстæ дзырдтой 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ уыдон сæрыстыр сты, сын ахæм патриот æмæ æхсарджын лæппуимæ кæй службæ кодтой, уымæй. Иналы хъайтардзинад рæзгæ фæлтæрæн суыдзæн бафæзминаг.    Уадз æмæ сомбоны кæстæртæ рæзой æмæ хъомыл кæной ахæм хъайтарты сгуыхтдзинадыл.

Хъарм ныхæстæ ма Иналы тыххæй загътой, кæй æхсæн цард æмæ хъомыл кодта, уыцы сыхæгтæ дæр.

Сæ рады Гаглойты Иналы бинонтæ арфæйы ныхæстæ загътой æрæмбырдуæвджытæн сæ хъайтары ном сын кæй сæнусон кодтой, уый тыххæй.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.