РХИ-йы Культурæйы министрады историон æмæ культурон бынтæ бахъахъхъæныны фæдыл хайадæн Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы уагъд æрцыд хыгъдон æмбырд сæ бакæнгæ куысты тыххæй. Хайад дзы райстой Культурæйы министрады сæргълæууæг Зассеты Жаннæ, Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, Культурæйы сæргълæууæджы хæдивджытæ, журналисттæ æмæ министрады бæрнон кусджытæ.

Æмбырд йæ раныхасæй байгом кодта Зассеты Жаннæ, кæцы банысан кодта, зæгъгæ, историон æмæ культурон бынтæ бахъахъхъæныны фæдыл хайад кæд егъау куыст бакодта, уæддæр дзы уыдис къуых-цыдзинæдтæ дæр, æмæ сæ аиуварс кæны-нæн райсын хъæуы æмбæлон мадзæлттæ.

«Æрвылаз дæр нæ министрады хайадты уагъд фæцæуынц хыгъдон æмбырдтæ ба-кæнгæ куысты тыххæй. Фыдæлтæй нын цы культурон æмæ историон бынтæ баззад, уыдон гуырахстджын сты, хъæздыг сты алцæмæй дæр, æмæ махæн нæ хæс у, цæмæй сæ бахъахъхъæнæм, адæттæм сæ нæ кæстæр фæлтæртæм. Æрмæст иу нысанмæздæхтæй нæ хъæуы кусын, фæ-лæ алыварсонæй. Нæ республикæйы тер-риторийыл ис тынг бирæ фыдæлтыккон цыртдзæвæнтæ, фæлæ ма уымæй уæлдай хъæздыг стæм традицитæй, æгъдæуттæй. Бирæ нацитæм нæй уыйас хъæздыгдзинæдтæ, махмæ цас ис, æмæ уыдон æдзух архайынц сæ культурæ раразмæ кæныныл. Махæн та ис æрмæстдæр иу хæс – ма фесафæм, цы нын ис, уый», – банысан кодта министрады сæргълæууæг.

Бакæнгæ куысты тыххæй доклад сарæзта историон æмæ культурон бынтæ бахъахъхъæныны фæдыл хайады сæргълæууæг Табуты Нелли, кæцы бæстонæй æрдзырдта æнтыстытыл дæр æмæ проблемон фарстатыл дæр.

«Мах бацæттæ кодтам дæлзакъонон акттæ,  уагæвæрдтæ æмæ сæ 2012 азы ба-дæттам нæ Парламентмæ. Фæлæ, хъыга-гæн, нырма ист не ‘рцыдысты. Æмæ нын афтæмæй та æнæ уыцы нормативон акт-тæй кусын тынг зын у. Ныридæгæн Хуссар Ирыстоны территорийыл ис 1400 цырт-дзæвæнæй фылдæр æмæ нæ нæ уавæртæ куыд амонынц, афтæ сæ бæрæг кæнæм, нæ хъус сæм дарæм. Уымæй уæлдай ма сын аразæм хыгъдон карточкæтæ дæр, сисæм сын сæ нывтæ. Ахæм информаци æмбырд кæнын æнæмæнгхъæуæг у, уымæн æмæ бирæ фыдæлтыккон цыртдзæвæнтæ сты уæззау уавæры, азтæ сæхион кæнынц æмæ æдзæллаг уавæрмæ æрхаудтой. Вæййы ахæм цаутæ дæр, æмæ сæ адæм сæхæдæг дæр ныппырх кæнынц, йæ историон нысаниуæг ын нæ фæзонынц, афтæмæй. Зæгъæм, не ‘мбæстæгтæ барвæндонæй бавналынц сæ кувæндæттæ, зæронд бæс-тыхæйттæ цалцæг кæнынмæ æмæ арæзтады рæстæджы æруадзынц стыр рæдыдтытæ. Уыдон-иу развæлгъау махмæ куы фехъусын кæниккой, уæд сын мах бацамониккам, куыд хъæуы ахæм арæзтæдтæ цал-цæг кæнын. Уымæн æмæ ахæм бæстыхæйттæ цалцæг кæнынæн ис йæхи домæн-тæ, хъуамæ йæм бавнала ацы фадыджы специалист, цæмæй йæ историон нысаниуæг ма фесафа», – загъта Табуты Нелли.

Дарддæр доклад адарддæр кодта архитектурон цыртдзæвæнты хайады сæйраг специалист Плиты Вадим, кæцы банысан кодта, зæгъгæ, 2008 азы хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн цыртдзæвæнты тыххæй цы информаци æмбырд цыдис бирæ азты дæргъы, уыдон скуынæг сты æмæ ныр куыст цæуы се сног кæныныл.

«Мах нæ куыст райдыдтам Дзауы районæй æмæ нæм номхыгъды цы цыртдзæвæнтæ уыдис, уыдонæн сæ 70 проценты бабæрæг кодтам. Уый фæстæ ахызтыстæм Цхинвалы районмæ æмæ абоны онг дæр кусæм ам. Рæстæгæй-рæстæгмæ ацæуæм иннæ районтæм дæр. Алчи дæр æй куыд зоны, афтæмæй нæм у хæхбæстæ æмæ уый фæстиуæгæн та – зынвадат. Искуыдæм ацæуынмæ зивæг нæ кæнæм, фæлæ йыл бахардз кæнæм бирæ тых æмæ рæстæг, стæй ма фæрæзтæ дæр. Æмæ ацы куыстæн та æнæ бакæнгæ нæй. Уымæн æмæ бирæ цыртдзæвæнтæ пырх кæнынц, кæцыдæртæ дзы сты дæрддзæф, фæндаг дæр дзы бирæтæм нæй, æмæ се ссарын вæййы тынг зын. Хæхбæсты хъæуты цæрæг дæр нал ис æмæ нын амонгæ чи бакæна уыцы бынæттæ, уымæй дæр никæйуал бафæрсдзынæ», – зæгъы Плиты Вадим.

БАХЪАХЪХЪÆНÆМ НÆ РАГФЫДÆЛТЫ ЦЫРТДЗÆВÆНТÆ

Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты Этнологийы хайады зонадон кусæг Мæргъиты Ирбег дæр йæ раныхасы æрдзырдта, цавæр зындзинæдтимæ сæмбæлынц, уыдæттыл.

«Экспедицийы ацæуын æнцон нæу, уæлдайдæр та – мах уавæрты. Цыртдзæвæнты фылдæр хай ахæм бынæтты сты æмæ сæм нал дæр фæндаг зыны, нал дæр сæхæдæг фæзынынц, – сæ алыварс схæмпæл æмæ схъæд ис. Уымæй уæлдай ма фæтыхсæм автотранспортыл дæр. Хуымæтæг машинæ мах домæнтæн дзуапп нæ дæтты, – хъуамæ цæттæ уа хæхбæсты фæндæгтыл цæуынмæ. Стæй ма нын нæй æмбæлон техникон фæрæзтæ æмæ специалон дзаумæттæ дæр. Зæгъæм, абоны бон дæр нын нæй хорз къамисæн, кæцыйы нывтæ уыдзысты гъæдджын. Уымæй уæлдай ма стæм цъус æмæ не ‘ххæссæм уыйбæрц гуырахстджын куыстыл», – банысан кодта Мæргъиты Ирбег.

Кæронбæттæны Гаглойты Роберт сразы ис докладгæнджытимæ æмæ сын баныфс-æвæрдта, зæгъгæ, йæхирдыгæй бацархайдзæнис, цæмæй сын сæ къух фæрог кæна.

«Сымах кæнут егъау куыст, ис уæм тыр-нындзинад æмæ уæм уыцы энтузиазм куы нæ уыдаид, уæд абон ацы куыстытæ ничи бакодтаид. Нæ культурæмæ сымах цы хайбавæрд бахастат, уымæн йæ нысаниуæг бирæтæ æмбаргæ дæр нæ кæнынц. Нæ республикæйы территорийыл ис астæузамантæй, æмæ ма суанг дуры эпохæйæ дæр тынг бирæ цыртдзæвæнтæ æмæ æгас дунейы ахæм бынат æндæр никуыуал ис. Æрмæст нын нæ фаг кæны специалисттæ æмæ уыцы цыртдзæвæнтæ æнæсгæрстæй зайынц. Бирæты дзы абоны бон сафгæ дæр фæкодтам, бирæты дзы нырма дæр бæстон не сбæлвырд кодтам. Дунейы археологтæ зонгæ сты ацы хъуыддагимæ æмæ сæ фæн-ды, цæмæй нæм æрцæуой æмæ ауадзой архелогон басгæрстытæ, фæлæ нæм иуæй хæст цыдис, стæй пандеми райдыдта, æмæ уыцы плæнттæ ныкъуылымпы сты», – загъта Гаглойты Роберт.

Кæронбæттæны бадзырдтой, цæмæй сæ проблемон фарстатæ фæхæццæ кæной бæстæйы къухдариуæгадмæ æмæ ацы хайады куыст фæрæвдздæр уа. Уымæн æмæ рæстæг куыд фылдæр цæуы, афтæ зындæр уыдзæнис æмбæлон иртасæн куыстытæ бакæнын.

ДЖИОТЫ Алыксандр            

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.