Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуг»-ы ацы азы фыццæгæм номыр.

Журнал байгом «Æмдугоны хъуыдытæ», зæгъгæ, уыцы рубрикæйæ. Уым йæ хъуыдытæ зæгъы газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты Маринæ.

80 азы сæххæст Ирыстоны адæмон фыссæг Агънаты Гæстæныл. «Хæлæртты арфæтæ»-йы бынмæ фыссæджы тыххæй сæ арфæйы ныхæстæ зæгъынц Уæрæсейы Фысджыты цæдисы Стъараполы хайады сæрдар Александр Куприн, Уæрæсейы Фысджыты цæдисы Дагестаны хайады сæрдар Магомед Ахмедов, Уæрæсейы Фысджыты цæдисы Кæсæг-Балхъары хайады сæрдары хæдивæг Муталип Беппаев. Журнал ма мыхуыр кæны Агънаты Гæстæны радзырдтæ «Чындзæхсæвы размæ» æмæ «Æнахуыр изæр». Йæ цардыл дзурæг къам-тимæ нæ зонгæ кæны рубрикæ «Мах дуг»-ы равдыст».

Рубрикæ «Прозæ æмæ поэзи»-йы бынмæ дарддæр мыхуыр цæуы Цомартаты Изæтбеджы роман «Зынгхуыст бæллицтæ»-йы æртыккаг чиныг. Прозæйæ ма журнал мыхуыр кæны Джусойты Майайы радзырдтæ «Дыргъдзуан» æмæ «Хоматъаны дзуар».

Журналкæсджытæ æхсызгонæй бакæсдзысты Бутаты Ритæйы æмдзæвгæты цикл «Уæ царды фæндагæн мæ зæрдæ – цырагъ».

«Мах дуг»-ы премийы лауреатты сфæлдыстад», мыхуыр кæны Турчы цæрæг ирон поэт Хосонты Рæмзийы æмдзæвгæты цикл «Фыдæлты фæллойæ суадон».

Рубрикæ «Æрыгæтты æрмдзæф»-ы бынмæ мыхуыр æрцыдысты Гергиты Валерийы номыл Аивæдты колледжы ахуырдзау Гæлæбаты Мураты æмдзæвгæтæ.

Гусалты Барисы этюдтæ «Уæлдай сугтæ», «Хурæвдылд æнæныгуылгæ рухс бонтæ», «Хъулæттæ фаззæттæ», «Æцæджы æвдисæндар», «Дыууæ ирон хъæбатыр æдылыйы» æмæ æндæртæ журналкæсæг æхсызгонæй бакæсдзæн рубрикæ «Уыгæрдтæ»-йы бын.

«Адæмон сфæлдыстад – адæмæн», зæгъгæ, ацы рубрикæ нæ зонгæ кæны Цæгæраты Созырыхъойы «Таурæгътæ»-имæ

Журналы ма мыхуыр цæуынц Хъауыраты Дауыры хъæлдзæг хабæрттæ: «Зауыры куыйтæ», «Нымæтхудæй», «Бæлас – гуыппы тыххæй», «Лæджы ныхас», «Гибыцойы фырт» æмæ æндæртæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.