Фæбæрæг зындгонд ирон боксер Гасситы Мураты радон ныхмæлæууæджы ном. Мурат 3-æм марты Сомихстоны фембæлдзæн америкæйаг Майк Бологунимæ. Йæ организатортæ сты проумотерон кампанитæ «Патриот» æмæ «Уралбокспромоушен». Уыдон куыд хъусын кæнынц, афтæмæй америкæйаг боксер профессионалон рингыл цы 20 тохы акодта, уыдонæй алкæцыйы дæр фæуæлахиз. Раздæр та æнтыстджынæй архайдта NFL-йы къорд командæйы сконды æрдæгхъахъхъæнæджы позицийы.

Тох ацæудзæн суперуæззау уæзы категорийы (+91 кг). Мурат раздæр архайдта фыццаг уæззау уæзы категорийы (91 кг). Уый фыццаг хатт ног уæзы категоримæ рахызт 2020 азы. Уæд нокаутæй рамбылдта Мароккойы минæвар Нури Сеферийы. Уый фæстæ та фæуæлахиз немыцаг Михаэль Валлишыл æмæ ивгъуыд азы августы та иу цæфæй нокауты арвыста америкæйаг Карлос Уэлчы. Афтæмæй Гассийы фырт рамбылдта Евразийаг боксерон парламенты чемпионы титул.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.