Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуджы» 2-æм номыр.

Ацы аз Хозиты Яковы райгуырдыл 105 азы кæй æххæст кæны, уый тыххæй журналы ацы номыры мыхуыр æрцыд йе ʻмдзæвгæты цикл. Афтæ ма поэты тыххæй фыссæг, поэт, Багаты Ладийы мысинæгтæ «Йæ  сонты бонты царды авдæнæй фæцух…» æмæ РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг Хуыгаты Мырзабеджы уац «Яковы фыд Ясонимæ фембæлд», Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ Яковы тыххæй «Терчы уылæнтæ»  æмæ Хозиты Яковы сфæлдыстадон фæндагыл дзурæг къамтæ.

Рубрикæ «Кадгæнæнтæ»-йы бынмæ журналкæсæг бакæсдзæн поэт Мамыкъаты Хъазыбеджы ног æмдзæвгæты æмæ тæлмацты цикл «Мæ рæзæнты хал». Мыхуыргонд цæуы йæ 65 азы юбилейы цытæн.

Прозæйæ журналы мыхуыр цæуы Къозонты Махарбеджы мысинæгтæ «Ивгъуыды æнæрох бонтæ» æмæ Бырнацты Бароны сатирикон радзырд «Урс арты амæттаг».

Рубрикæ «Аланийыл саргъуыды 1100 азы бонмæ» журналы мыхуыр æрцыд зындгонд историк æмæ этнограф Уарзиаты Вилены уац «Чырыстон дины тæваг ирон удварны».

Рубрикæ «Мах дуджы» равдыст нæ зонгæ кæны Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны историон бынæтты æмæ рагон чырыстон аргъуанты къамтимæ.

Поэзийæ журналы бакæсæн ис курдиатджын поэттæ Фидараты Русланы æмæ Рæмонты Георы æмдзæвгæтæ. Рубрикæ «Æрыгæтты æрмдзæф»-ы бын бакæсдзыстут Рахизфарсы районы Беслæны 5-æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг Дзгойты Маринæйы фыст аргъау «Ацырухс æмæ мæлдзыг». 

«Ног тæлмацтæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын мыхуыр цæуы курдиатджын тæлмацгæнæг Золойты Аркадийы ног тæлмацты цикл. Разныхас ын – «Æфсæдтон барджыты поэзи», ныффыста историон зонæдты доктор, профессор Бзарты Руслан.

  «Карз хæсты фæндагыл – Уæлахизмæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын бакæсдзыстут фæллойы ветеран Кцойты Астемыры уац «Æфсымæрон ингæны лæппутæ».

Журналы ма бакæсдзыстут æмæ базондзыстут, фидисæн нæ адæмы царды цы нысаниуæг уыд, уый. «Ирон прозæйы антологи» мыхуыр кæны зындгонд журналист æмæ публицист, газет «Рæстдзинад»-ы раздæры сæрмагонд уацхæссæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Æмбалты Цоцкойы премийы лауреат Черчесты Хъасболаты цыбыр биографи æмæ цалдæр радзырды. Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст».

ДЗЕБЫСАТЫ Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.