Нæ дуджы мобилон телефон афтæ арф æрбынат кодта адæмы царды æмæ дзы бирæ чидæртæ йæ «уацары» дæр бахаудтой. Ахæм тынг зынаргъ  хъæуæг сын систы æмæ æнæ уыдонæй иунæг минут дæр нал фæразынц, æгæрыстæмæй, æхсæв дæр семæ фынæй кæнынц. Афтæ зæгъæн ис æмæ алы кары адæймагæн дæр йæ дзыппы ис телефон. Стæй ма сæм акæсæм, уынджы дæр бирæтæн сæ телефонтæ сты сæ къухы кæнæ дзы дзургæ фæкæнынц, кæнæ та – хъазгæ. Афтæмæй та ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм телефонæй арæх пайда кæнын зиан хæссы æнæниздзинадæн.

Сабитæм куы бафты телефон, уæд сæ сæ уроктæ бынтондæр нал фендавынц. О, фæлæ хистæр кары адæймæгтæ дæр демæ нал ныхас кæнынц, фæлæ – сæ телефонтимæ. Æрмæст ма сын телефон уæд, уый йедтæмæ сæ сæ сывæллæттæ дæр нал фендавынц. Уæдæ дарддæр куыд уыдзыстæм афтæмæй? Ис рахизæн ахæм уавæрæй? Хъыгагæн, уый тыххæй нын ничи ницы зæгъы. Телефонæй афтæ арæх чи пайда кæны, уыдонæн се ‘нæниздзинад, куыд  загътам, афтæмæй цуды – уый тынг æндавы сæры магъзыл, стæй нуæрттыл дæр. Сабитæ дæр кæсынц сæ ныййарджытæм æмæ нал фæразынц æнæ телефонæй. Афтæмæй хистæр кары адæймæгтæ хъуамæ æмбарой, сæ зæрдыл дарой, се ‘нæниздзинадæн зиан кæй хæссынц æмæ сæйраджы сæйраг та сывæллæттæн фадат кæй дæттынц, бирæ рæстæджы дзы пайда кæнынæн. Мах та цы уынæм – сывæллæттæ хæргæ-хæрын дæр телефонимæ фæархайынц.

Сæ уроктæ куынæ ахуыр кæной,   сæ фыссинæгтæ куынæ фыссой, уæд сын сæ бæсты телефон сдзуапп кæндзæнис? Телефонæй адджындæр сын сæ цард дæр нал у хъуамæ бамбарой иу хъуыддаг сæ ныййарджытæ, афтæ нæй гæнæн, пайда дзы кæнын хъæуы цъусдæр рæстæг. Хорз уаид, ацы темæйыл арæхдæр дзырд куы цæуид æмæ исты мадзæлттæ куы райстæуаид, кæннод тынг æвзæр уавæрмæ цæуæм иууылдæр стырæй-чысылæй.

Лалыты Ленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.