Нæ республикæмæ гастролон балцы дыууæ боны æмгъуыдмæ фæуазæг уыдзæн Мæскуыйаг хæдбар театр «Firs». Ацы театр у хæрзæвзонг, кусы æхсæз азы бæрц. Мæскуыйаг театры гастролтæ организацигонд цæуынц нæ Культурæйы министрады хъæппæрисæй. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры пресс-службæйы. Уæлдæрбанысангонд театры артисттæ 27-28 апрелы нæ театры сценæйыл театрдзаутæн равдисдзысты сæ репертуарæй цалдæр спектаклы. «Хуссарирыстойнаг театрдзаутæ ныр та аргъ кæндзысты уырыссаг артистты архайдæн. Мæскуыйаг театр адæмы рæгъмæ рахæсдзысты А. Островскийы уацмысмæ гæсгæ æвæрд легендарон спектакль «Гроза» æмæ А. Чеховы уацмыс «Чайка»-мæ гæсгæ æвæрд спектаклтæ. Ацы дыууæ спектаклы дæр сæвæрдта режиссер Александр Мурити.
Нæ чысыл театрдзаутæ дæр рохуаты не сты. Уыдонæн та равдисдзысты аргъау «Потерянное время, или Один невероятный день», кæцыйы æвæрæг режиссер у Евгений Безбог. Паддзахадон драмон театры кассæйы райдыдтой билеттæ уæй кæнын. Табуафси, æрбацæут æмæ уæхи аирхæфсут», – банысан кодтой пресс-службæйы.