Нывафыст

 

Зæххы чъылдымыл цыдæриддæр уæвы, уыдоны сфæлдисæг æрмæст фæлдисгæ не скодта, фæлæ ма сын сарæзта уавæртæ дæр, цæмæй йыл цæрой, ал-кæмæн дæр цас лæвæрд сын ис, уыцы æмгъуыд, сæ фæстæ сæхи хуызæттæ ныууадзгæйæ. Адæймаг дæр уыдонмæ хауы, уæдæ цы. Цæрынæн нæ цыдæриддæр хъæуы, уыдоны иууылдæр исæм зæххæй æмæ нæхицæн уæвæм. Кæд нæ уæлдæф, донæй æдзух ифтонг кæны, уæддæр уый зæгъын нæ бон нæу хæлцæй. Æрмæстдæр уалдзæджы фæзынынц алыгъуызон хæрынæнбæзгæ кæрдæджытæ, æндæр зайæгойтæ. Уыцы афон гутондар сау зæххы адары йæ гутон, цæмæй бахуым кæна, байтауа æмæ фæззæджы тыллæг райса. Сæрды цы бахæра, уыдон фæфылдæр вæййынц – йæ цæхæрадонæй æрбайсы æндæр æмæ æндæр хуызы халсæрттæ, фæзынынц рагбæззаг дыргътæ æмæ фынг цæсты фæахадæндæр вæййы. Фæззæг та бæркадджын къæбиц у. Адæймаг æрмæст йæхи æркæнгæ тыллæг нæ æрыфснайы, фæлæ йæ алыварс æрдзы лæвар тыллæг дæр. Æмæ хæссы, æвæрæнтæ кæны, цæмæй даргъ зымæджы уазал бонты ма фæтыхса, уа йын цы бахæра, уый æмæ йæ уалдзæгыл æдыхстæй сæмбæла.

Рацæуынц бонтæ æмæ хуымзæххытæ сбыгъдæг вæййынц. Сыгъдæг вæййынц  дыргъдæтты, хъæды къутæртæ – бæлæсты цæнгтæ дæр, æрызгъæлынц, æртонынц сæ сыфтæ, сæ дыргътæ-гагадыргъты. Фервæзынц сæ уæзæй, уидæгтæй сын сæ зæнгтыл донхæринаг хæссынæй. Афтæмæй бафидынц сæ хæс æмæ сæрибарæй сулæфынц уазæлтты æрбалæудмæ. Зæгъгæ, уазæлттæ, зымæг не ‘рбалæууы, уæд та хъарммæ ногæй сыфтæр, дидинæг ракаликкой æмæ та сæ зын уаргъ ногæй хæссын райдаиккой. Фæлæ афтæ нæу, ралæууы карз зымæг æмæ нæ  царддæттæг зæххыл цард æрнымæгау вæййы. Уый улæфы, фынæй кæны йæхицæн, цæмæй та уалдзæджы хъарммæ райхъал уа æмæ ног тыхтимæ райдайа йæ хæрзиуæгон хæс фидын, йæ хæрзиуджытæ хуры хъарм тынты бынмæ тауын.

Æмæ та ныр дæр райдыдта хъал кæнын нæ царддæттæг зæхх. Бæрзонд хæхбæсты кæд æххæстæй нæма фервæзт миты уацарæй, уæддæр дæлвæз бынæтты бæстæ цъæх адардта. Фæззæ-джы дыргъ чи хъуамæ радтой, уыцы бæлæстæ дидинвæлыстæй бæрæг дарынц æндæр бæлæсты ‘хсæн. Къададæттæ, цæугæдæттæн сæ хъæр тынгдæр рай-хъуыст æмæ мæстыгæрæй бырсынц, тагъд кæнынц дард кæмдæр денджызы хъæбысмæ. Хъарм бæстæй нæм фæстæмæ чи æртахтысты, уыцы мæргътæ цин кæнынц сæ зонгæ бынæттыл æмæ циндзинад хæссынц сæ алыварс дунейæн.

Адæймаг йæ фосы зымæджы дарæнæй рауагъта сæ цотимæ æмæ ногдзыд кæрдæгыл апырх сты. Рахызт йæ цæхæрадонмæ, быдырмæ æмæ йæ хъæлæсы, йæ архайды зæлд-хъæлæба баиу æрдзы хъæлæбаимæ.

Бирæ, тынг бирæ сты, адæймаг уалдзæджы цæуыл бацин кæна, уыдон.

Афæдзы алы афон дæр йæхирдыгонау рæсугъд у, хъæуæг у, нæ цардæн ахсджиаг, фæлæ дзы уæддæр уалдзæг, дæуæн æмбал нæй. Ды нын куынæ уай, уæд нæ сæрд дæр æмæ нæ фæззæг дæр мæгуыр уыдзысты, нæ зымæг та – тыхст æмæ катайаг.

Йе ‘рцыдыл уымæн цин кæны алчидæр, алцыдæр. Уый афæдзы æрмæст рæсугъддæр афон нæу, уый у нæ царды бындур. Æмæ алчидæр хорз зæрдæйы равгимæ æмбæлæт йæ алы уалдзæгыл дæр. Уый уæлдай ахсджиаг у нæ зын æнæнцой, тæссаг дуджы.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.