Знон нæ республикæйы æппæт иумæйагахуырадон скъолатæ зæрдиаг арфæтимæ фæндараст кодтой сæ рауагъдонты, айзæлдис сын традицион фæстаг дзæнгæрæг, разæй та сæм æнхъæлмæ кæсынц фæлварæнтæ. Ацы аз рауагъдон кълæстæй дарддæр иннæ кълæстæн сæ ахуыры аз фæуд кæны 31-æм майы æмæ сæ уый фæстæ рауадздзысты сæрдыгон каникулты.

Нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрады раз цы фарстатæ лæууы æмæ сæ куыд скъуыддзаг кæнынц, цавæр пълæнттæ сæм ис ахуыр-хъомыладон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй, уыдонимæ базонгæ кæныны тыххæй «Спутник. Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центрмæ 23-æм майы хуынд æрцыд министр Лолаты Аслан. Уый райдианы фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы аз фæстаг дзæнгæрæджы бон – 25 май æрхаудта Зæрдæвæрæны бонмæ æмæ йæ рахастой 24-æм маймæ. Министр куыд банысан кодта, афтæмæй куыд æндæр азты, афтæ та ныр дæр ахуыры хъуыддаджы иттæг хорз сæхи равдыстой нæ горæты скъолатæ. Хъыгагæн, районты скъолатæ раздæримæ абаргæйæ, ацы фарсты фæстейæ аззадысты æмæ уый дæр æркæсинаг хъуыддаг у. «Июны мæйы райдианты уыдзæн аттестаци æмæ уыцы хатдзæгтæм гæсгæ рабæрæг уыдзысты сыгъзæрин майданты хицæуттæ. Æппæт фæлварæнты фæстæ та 23-æм июны Театралон фæзуаты рауагъдонтæм æнхъæлмæ кæсы рауагъдон бал. Бацæттæ йæ кæндзысты Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан. Программæмæ гæсгæ уыдзæн цымыдисон æмæ йæ фæсивæд бирæ азты дæргъы сæ зæрдыл дардзысты», – загъта министр. Уый ма журналисттæн радзырдта, зæгъгæ, коронавирусон инфекцийы рапарахаты аххосагæн, æппæт скъолатæ дæр дистанцион ахуыртæм кæй рахызтысты, уымæ гæсгæ ахуырады æмвæзадыл бандæвта мæгуырауæрдæм, фæлæ ацы аз уавæр бирæ фæхуыздæр. «Ацы хъуыддаджы фæдыл уын проценттæм гæсгæ нырма мæ бон нæу развæлгъау бæрæггæнæнтæ зæгъын, фæлæ фæстæдæр скъолаты уыдзысты педсоветтæ æмæ уым бæстон æрдзурдзысты ахуыры гъæды æмвæзадыл. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ацы азы бæрæггæнæнтæ хуыздæр кæй уыдзысты, ууыл æз нæ дызæрдыг кæнын», – загъта министр.

Журналистты ма цымыдис кодта ацы аз Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм цал квотæйы рахицæнгонд æрцыд Ахуырад æмæ зонады министрады хаххыл. Лолаты Аслан банысан кодта, зæгъгæ, квотæты фæдыл паддзахадон закъазы хуызы развæлгъау фæцæуы куыст. Министрадтæ æмæ ведомствоты бафæрсынц цавæр специалистты цухдзинад æййафынц æмæ уымæ гæсгæ æрдомынц квотæтæ «Россотрудничество»-йы уылты. Бирæ хатт афтæ рауайы æмæ паддзахады квотæты нæ равзарынц абитуриенттæ. Министр ма загъта, нырма кæй нæ зоны фидæн азæн квотæты нымæц цас уыдзæнис æмæ цы бынæттæм, фæлæ йыл ныридæгæн куыст цæуы хицауады ‘рдыгæй æмæ июны райдианы сæ куырдиат хъуамæ бадæттой «Россотрудничество»-мæ. «Ацы азæн нын цы квотæтæ рахицæн кодтой, уыдон æрцыдысты февралы мæйы  æмæ сты 22 бынатæн Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм. Ам мæ рахицæн кæнын фæнды Хæххон-металлургион институты. Уый кæддæриддæр æрбалæууы нæ фарсмæ æмæ нын æрвылаз дæр рахицæн кæнынц бæлвырд квотæтæ. Развæлгъау зонæнтæм гæсгæ нын рахицæн кодтой 47 бынаты æндæр æмæ æндæр дæсныйæдтæм. Уымæй дарддæр ма нæм куырдиæттæ цæуынц Уæрæсейы Федерацийы алы горæттæй дæр, уыцы нымæцы Санкт-Петербург, фæлæ цал абитуриенты бадæтдзысты сæ документтæ уыцы уæлдæр ах-уыргæнæндæттæм, уыдон тыххæй нæм ныридæгæн бæстон информаци нæй. Куыст цæуы ацы фæдыздæхты дæр æмæ уый тыххæй фæстæдæр фехъусын кæндзыстæм», – загъта Лолайы фырт. Уый ма æрдзырдта иууон паддзахадон фæлварæны тыххæй дæр æмæ банысан кодта Хуссар Ирыстоны абитуриенттæн Ахуырады министрад кæй у сæ координатор. Министрад бацæттæ кæны фæлварæны хайад чи райсдзæн, уыдон номхыгъд æмæ сæ арвиты Цæгат Ирыстонмæ. Ацы аз дæр хуссарирыстойнаг абитуриенттæ хайад райсдзысты иууон паддзахадон фæлварæны, фæлæ цалæй уыдзысты уый тыххæй министрмæ бæлвырд информаци нæй, уымæн æмæ бирæтæ фæивынц сæ хъуыды. Уымæй дарддæр ма нæ рауагъдонтæн ис фадат куыд фæсарæйнаг бæстæйы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн, афтæ бацæуæн фæлварæнтæ Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм сæхи интернет-сайтты руаджы радтын. Сайтмæ бахизгæйæ, абитуриент хъуамæ сахуыр кæна конкурсон документтæ æмæ уый фæстæ йæхи æмæ йæ ахуыры æнтыстыты тыххæй ныффысса электронон документы æмæ сæ хицæн папкæйы сæвæра йæ равзаргæ уæлдæр ахуыргæнæндоны сайты. Уый фæстæ равзаргæ уæлдæр ахуыргæнæндонæй райсдзæн дзуапп. Министр куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм хуызы бирæтæ ацыдысты нæ республикæйæ ахуыр кæнынмæ Уæрæсемæ.

Пресс-конференцийы ма журналистты цымыдис кодта нæ республикæйы скъолаты фондзбонон ахуырмæ ракæныны фарст дæр, ныййарджыты иу хай уыцы хъуыдыйыл хæст кæй сты, уый тыххæй. Лолаты Аслан банысан кодта, зæгъгæ, ацы фарст у вазыгджын, æмæ, фыццаджыдæр, бандавдзæнис ахуырадон программæйыл, стæй сывæллæттæн дæр æмæ ахуыргæнджытæн дæр уыдзæнис уæлдай фыдæбон. Ис гæнæн æмæ фондзбонон ахуыртæ бакæной райдиан кълæстæн, уый фæдыл ахуыргæнджытимæ уынаффæ кæндзысты фæстæдæр. Уый ма радзырдта ахуыры фæстæ сывæллæттæн æнæмæнгхъæуæг кæй сты сæрдыгон улæфæн лагертæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæрæг аххосæгты тыххæй ацы аз Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл нал бакæндзысты сæрдыгон лагер, фæлæ бацархайдзысты, цæмæй скъуыддзаггонд æрцæуа фарст. Ныридæгæн ыл куыст цæуы.

Дарддæр Лолаты Аслан сæрмагондæй æрдзырдта мадæлон æвзаджы проблемæйыл æмæ фехъусын кодта, зæгъгæ, æнæмæнг бацархайдзысты, цæмæйдæриддæр Хуссар Ирыстоны бакæной ирон национ скъола, ирон æвзаджы популяризаци æмæ рæзты сæраппонд. Ахæм скъола ныридæгæн ис Цæгат Ирыстоны (Алайнаг гимназ) æмæ иттæг æнтыстджынæй кусы. Ам сывæллæттæ æппæт предметтæ ахуыр кæнынц куыд ирон, афтæ уырыссаг  æвзагыл дæр. Министр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ирон скъолайæн хъæуы йæхи сæрмагонд программæ æмæ ууыл та хъæуы комплексон æгъдауæй бакусын. Ирон скъола бакæныныл не ‘хсæнады фылдæр разы сты, ахуыргæнджытæй дæр бирæтæ цæттæ сты уыцы хъуыддагыл бакусынмæ», – загъта министр.

Пресс-конференцийы ма Лолаты Асланмæ лæвæрд æрцыдис ноджы цалдæр ахсджиаг фарстайы æмæ сын радта æххæст дзуаппытæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.