Зымæг хæхбæсты вæййы даргъ æмæ горæтимæ абаргæйæ — уазалдæр. Уымæ гæсгæ ам фылдæр бахъæуы хъарм кæныны фæрæзтæ.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ районы цæуынц социалон æгъдауæй æххуысхъуаг цæрджыты зымæгмæ сугæй ифтонггæнæн куыстытæ. «Нырма уал 14 хæдзарæн баластам суг. Цæрынц дзы иунæг чи у, ахæм ацæргæтæ, æнахъом сабитæ кæмæн ис æмæ нæлгоймаджы тыххъуаг бинонтæ. Æрмæст сылгоймæгтæ кæм ис, ахæмтæ дæр ис се ’хсæн æмæ се ’ппæтæн дæр баххуыс кодтам. Баззадис ма нын 2 хæдзары, ныртæккæ уыдонæн дæр цæттæ кæнæм фæйнæ машинæйы суг æмæ сын сæ баласдзыстæм æввахс бонты».

«Цæттæ кæнæм хæлцадон продукт æмæ æндæр æнæмæнгхъæугæ цардуагон æрмæджыты пакеттæ алы социалон æххуысхъуаг бинонтæн дæр. Уыдон та сын бахæсдзыстæм ног азы хæдразмæ. Ис ма нæм, 80 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм кардзыд адæймæгтæ æмæ уыдонæн та барвитдзыстæм ногазон лæвæрттæ сæрмагондæй», — загъта Тыбылон.

***

Ахæм æххуыс ма бакодтой Къуайсайы администраци дæр горæты æмæ æввахс хъæуты цæрджытæн. «Ныртæккæ уал 8 хæдзары ифтонг æрцыдысты зымæгон сугæй. Аластам сын фæйнæ 3 кубометры, уый у иу „Виллис“ хæдтулгæйы гуыффæйы бæрц. Дарддæр дæр суг цæттæ кæнæм æмæ сæ аласдзыстæм, социалон æххуысхъуаг бинонтæ ма нæм чи сты, уыдонæн», — загъта Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй Сырх Дзуары æхсæнадон комитет æрвылаз дæр баххуыс кæны республикæйы социалон æххуысхъуаг бинонтæн. Ацы аз дæр та комитет номхыгъдмæ гæсгæ балæггад кодта цæрджытæн, фæлæ администрацийы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ацы 8 хæдзары нæ уыдысты комитеты номхыгъды æмæ сын администраци йæхи финансон хæрдзтæй баххуыс кодта.

Хуыгаты Миленæ