Уагъд æрцыд Ленингоры районы ахуыргæнджыты конференци. Конференцийы куысты хайад райстой Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп, РХИ-йы Ахуырд æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса, районы скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ  директортæ. Конференци фыццаг хатт уагъд æрцыд Ленингоры поселочы ногарæзт уырыссаг астæуккаг скъолайы бæстыхайы.

Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Ленингоры районы администрацийы ахуыры хайады сæргълæууæг Гуссойты Ласко. Уый æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта конференцийы боны фæткимæ. Уый фæстæ Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы 5, 6 æмæ 7-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Ацы ахуырдзаутæ уый размæ, уалдзæджы Цъинагары скъолайы ист æрцыдысты ногдзауты рæнхъытæм.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Гуссойты Ласко. Уый хыгъд радта аивгъуыйгæ ахуыры азы бакæнгæ куысты тыххæй. Лæмбынæг æрдзырдта районы скъолаты куысты тыххæй, цы сын бантыст саразын æмæ сæ дарддæры плæнтты тыххæй. Конференцийы уæлдай хъусдард здæхт æрцыд рæзгæ фæлтæры æфсæддон-патриотикон хъомыладмæ.

Ныхасы ма рацыдысты Ленингоры районы Орчъосаны астæуккаг скъолайы директор Габеты Беллæ æмæ ацы районы арæнхъахъхъæнæг заставæйы минæвар Владимир Глуховский. Конференцийы раныхас кодтой Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса æмæ районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп.

Хацырыты Филипп конференцийы хайадисджыты базонгæ кодта кадрон ивындзинæттимæ.  Орчъосаны астæуккаг скъолайы  директорæй нысан æрцыд Елойты Габо æмæ Ленингоры поселочы уырыссаг скъолайы директорæй та – Битарты Лали.

ХУЫБЫЛТЫ Ленæ,

Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.