Фæсивæдон форум “Машук-2018”-мæ  Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй ацыдысты курдиатджын лæппутæ æмæ чызджытæ сæ проекттимæ, царды сын сæ сæххæст кæнын  бантысдзæн, ахæм фæндтимæ.

Фæсивæдон форумы Хуссар Ирыстонæй  архайдта фондз студенты.

“Цӕгат Кавказы IX фӕсивӕдон ахуырадон форум “Машук-2018″-ы хуссарирыстойнаг фæсивæд бавдыстой æртæ проекты,”- зæгъы фæсивæдон политикæйы комитеты республикон программæты хистæр Гатыгкоты Валентинæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, нæ минæвæрттæ хайад райстой сменæ “Гражданское общество”-йы.

Форумы дзырд цыд бизнес, культурæ, социалон технологитæ  æмæ   æндæр темæтыл. Сæйраджы та – ахуырадон программæтыл. Тренингтæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, экспертон сесситæй дисы никæйыуал бафтаудзынæ. Фæлæ национ æууæлтæ кæдфæндыдæр уыдзысты актуалон.

Уымæй уæлдай форумы æрвылбон куыстой 12 æндæр æмæ æндæр здæхты. Форум уагъд æрцыд Цæгат Ирыстоны бон дæр. Республикæйы боны та нæ делегацийæн хорз фадат уыди йæхи равдисынæн. Уый тыххæй бацæттæ кодтой проектты армукъа. Ам равæрдтой сæрачы куыстгæнæн центр, стæй аланты, скифты æмæ сæрмæтты аивадон æрмдæсныйады экспонаттӕ, арæзт дзы æрцыд хъуымацæй хуыд хъазæнтæ дæр, цымыдисаг уый уыд, æмæ уыдон дзырдтой иронау.

Зындгонд куыд у, афтæмæй “Машук”-ы бабæрæг кодта Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз. Аргъ скодта, ныридæгæн царды цы проекттæ рацыд, уыдонæн. Уый  фæсивæды ‘ргом аздæхта уымæ, æмæ проект социалон æгъдауæй хъуамæ уа пайда, уæд æм разæй æнхъæлмæ кæсы хорз фидæн. Уыимæ банысан кодта бирæ цымыдисаг хъæппæристæ.

Форумы архайджытæй бирæтæ загътой, ацы фембæлд сын пайда кæй уыди, уый. Иуæй, радзырдтой, цы хъуыддæгтæ сæ тыхсын кæны, уыдоны тыххæй. Иннæмæй та – бамбæрстой,  дарддæр сæ куыст куыд аразой, уый.

Фыццаг хатт “Машук”-ы сæ проект равдыстой национ хъуыддæгты фæдыл Федералон Агентад дæр. Форумы фæзы баиу кодтой, патриотон хъомылад ирдæй кæм зыны, ахæм 4 экспозицийы. Уыдон Форумы архайджытæм æмæ уазджытæм фæкастысты уæлдай цы-мыдисондæр.

Цӕгат Кавказы IX фӕсивӕдон ахуырадон форум “Машук-2018” райдыдта Пятигорскы, 11 августы. Форумы фӕзуатыл фӕсивӕдӕн лек-цитӕ кастысты зындгонд политиктӕ, артисттӕ, бизнесментӕ ӕмӕ депутаттӕ. Уагъд та цыдис волонтеры азы цытӕн. Хайад дзы райстой Уӕрӕсейы Федерацийы 31 субъекты минӕвӕрттӕ.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.