29-æм июлы  дæлхай «Альфа» банысан кодта йæ сырæзты 50 азы юбилей. «Альфа»-йы фæндаг райдыдта 1974 азы 29-æм июлы Советон Цæдисы министрты советы цур Æдасдзинады паддзахадон комитеты сæрдар Юри Андроповы бардзырдæй. Сæрмагонд дæлхай саразыны уынаффæ та ист æрцыд  1972 азы сентябры Мюнхены Олимпиадæйы Израилы æмбырдгонд командæйы уæнгты террористтæ амынæттæй куы систой æмæ хæдтæхджытæ  куы бацахстой, уыцы цауты   фæстæ.

«Альфа»-йы фыццаг сконд

Райдианы дæлхайы уыд 30 адæймаджы. Йæ сæргъ слæууыд афицер-арæнхъахъхъæнæг, Советон Цæдисы хъайтар, майор Витали Бубенин. Уымæ уыд хæстон цæттæдзинад Даманскы сакъадахы цауты рæстæджы. Фыццаг 24 азы дæлхай архайдта æдасдзинады органты структурæйы куыд хицæн къорд, афтæ. Сæ фыццаг спецопераци сарæзтой  1979 азы 28-æм марты гарзджын террорист Мæскуыйы АИШ-ы минæварадмæ куы бабырста, уæд.

Дæлхай хæстон дзуарæфтыд рацыд 1979 азы 27 декабры. Уæд къорд «Зенит»-имæ æмæ Советон Цæдисы хъахъхъæнынады министрады спецназы æххуысæй штурмæй систой Кабулы Амины президенты галуан «Тадж-Бек»-ы. 1983-1987 азты къорды сæрмагонд сконд æдзухон бын-дурыл хайад иста Афганистаны территорийыл хæстон архайдтыты.

 

Амынæтты сæрибаргæнæг

«Альфа»-йы историйы бирæ ис амынæтты ссæрибар кæныны операцитæ. 1981 азы 18-æм декабры ссæрибар кодтой, Удмуртийы горæт Сарапулайы астæуккаг скъолайы кæй бакодтой, уыцы амынæтты, 1983 азы 18-19-æм ноябры та – Тбилисы авиалайнер «Ту-134»-йы амынæтты, 1988 азы 20 сентябры -Уфайы авиалайнер Ту-134-йы амынæтты. 1988 азы 1-æм декабры ссæрибар кодтой Дзæуджыхъæуы (Орджоникидзе)  Павел Якшиянцы бандæ автобусы кæй бакодта, уыцы сывæллæтты; 1990 азы 13 августы – Сухумы ахæстоны амынæтты; 1995 азы 14-17-æм июны  уыд Буденовскы амынæтты ссæрибар кæныны фæдыл операци; 1995 азы 21-æм сентябры ссæрибар кодтой Махачкалайы аэропорты амынæтты, 1995 азы 12-14  октябры – Хуссар Кореяйы туристты (террористтæ автобусы бакодтой Мæскуыйы), 1996 азы 9-19 январы къорд хайад райста Первомайскы контртеррористон операцийы.

1989 азы 10-æм майы гарзджын лæгмартæ-рецидивисттæ Саратовы систой амынæтты, се ‘хсæн уыдысты цалдæр сылгоймаджы æмæ иу бинонтæ сæ дыууæаздзыд хæрæфыртимæ. «Альфа»-йы раз лæууыд хæс операци æнæ æхсæн хæцæнгарзæй ауадзын, сылгоймæгты æмæ сывæллоны æдасдзинад сифтонг кæнын. Операци сæххæст кодтой 5-7 секундмæ, фыдгæнджыты æрцахстой, амынæттæй хъыгдард ничи баййæфта.

«Альфа» иннæ дæлхæйттимæ хайад иста 2002 азы 23-26 октябры Мæскуыйы Дубровкайы театралон центры бæстыхайы амынæтты ссæрибар кæныны операцийы. Уыцы операцийæн дунейы практикæйы аналогтæ нæй. 2004 азы 1-3 сентябры Цæгат Ирыстоны Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзауты, ахуыргæнинæгты æмæ бæрæгбонмæ чи æрбацыд, уыцы адæмы ссæрибар кæныны операцийы. Уæд фæмард сты «Альфа»-йы 10 кусæджы.

 

Нæ бауагътой æмбæстагон хæст райдайын

Афтæ зæгъæн ис æмæ 1993  азы «Альфа» аиуварс кодта æмбæстагон хæсты тæссагдзинад. Дæлхай не сразы ис Урс хæдзары штурмæй сисыныл. Ирон лæг сгуыхтдзинад кæм нæ сараздзæн. Ацы операцийы активон хайад райста Ленингоры районы Гдулеты хъæуæй рацæугæ Чилæхсаты Владимир.

1993 азы 4-æм октябры Уæрæсейы президент Борис Ельцин бардзырд радта Урс хæдзары штурмæй сисыны тыххæй. Советты хæдзары бæстыхаймæ, цыран уыдысты депутаттæ æмæ Уæлдæр Советы фарсхæцджытæ, се ‘хсæн – сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ дæр, бацыдысты Ельциныл æнувыд тыхон структурæты дæлхæйттæ. Уæлдæр Советы ныппырх кæнынæн сæйраг роль лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъахъхъæныны сæйраг управ-ленийы спецназæн. Президент къордтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-æй æрдомдта, цæмæй «ссæрибар кодтаиккой Урс хæдзары, уым чи æрбынат кодта, уыцы бандæйæ». Фæлæ элитон дæлхæйттæ архайдтой сæхи сæрмагонд планмæ гæсгæ. Тыхон методтæн «нæ» зæгъгæйæ, уыдон Урс хæдзары хъахъхъæнджытимæ райдыдтой баныхæстæ уадзын. Уыцы баныхæсты  сæйраг фигурæ ссис «дæлбулкъон Владимир». Уый йæ коллегæ Сергей Кузьминимæ бацыд Урс хæдзары судзгæ бæстыхаймæ æмæ депутаттæм æрсидгæйæ, фактон æгъдауæй, «ауагъта Уæрæсейы Уæлдæр Советы фæстаг сесси». «Дæлбулкъон Владимиры» фыццаг раргом кодта Советон Цæдисы хъайтар инæлар Геннадий Зайцев йæ чиныг «Альфа – моя судьба»-йы. Уæды онг публикациты фыстой æрмæстдæр «Владимир К.»-йы тыххæй.

 

Ирвæзынгæнæг ирон лæг

Чилæхсаты Владимир Æдасдзинады органты службæ кодта 1975 азæй 2014 азмæ «Альфа»-йы къорды. Ис ын булкъоны цин. Хайад иста Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы æртæ хæстон конфликтты. Уый зындгонд ссис 1993 азы октябры райдианы УФ-йы президент Борис Ельцин æмæ Уæлдæр Советы ‘хсæн конфликт аскъуыддзаг кæныны йæ активон  хайадистæй. Номхуындæй, уый 1993 азы бацыд Урс хæдзармæ æмæ баныхæстæ ауагъта депутаттимæ. Афтæмæй фарст скъуыддзаг æрцыд сабырадон æгъдауæй.

Урс хæдзары Чилæхсайы фырты архайд ссис документалон фильм «Отменивший войну»-йы бындур. Фильм фыццаг хатт равдыстой 2019 азы ноябры мæйы мæскуыйаг кинофестиваль «Лучезарный ангел»-ы. Йæ режиссер у Николай Бурляев.

«Альфа»-йы булкъон Владимиры сгуыхтдзинад мæ дисы баппæрста. Тынг æхсызгон мын у Уæрæсейы нырма ахæм хъæбатыр æмæ зондджын афицертæ кæй ис, уый. Ахæмтæн сæ бон у, æгæрыстæмæй, æмбæстагон хæст аиуварс кæнын дæр», – загъта Николай Бурляев.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Чилæхсайы фырт у йæ хъайтар. 1993 азы Уæлдæр Советы сæрдар Руслан Хасбулатов æмæ адæмон депутат, советы уæнг Сергей Бабурин æмæ иннæ депутаттæ Владимиры тыххæй загътой, зæгъгæ, уый фæрцы стыр тугкалд не ‘руагъдæуыд, уый бахъахъхъæдта Уæрæсейы æмбæстагон хæстæй æмæ ныппырх кæнынæй. Ирон лæг ссис Стыр Уæрæсейы хъысмæт скъуыддзаггæнæг.

50 азы дæргъы «Альфа» сарæзта бирæнымæц оперативон-хæстон операцитæ. Уыдон баст уыдысты амынæтты ссæрибар кæнынимæ, фæсарæйнаг спецслужбæты агентты бауромынимæ æмæ афтæ дарддæр.

«Альфа»-ы æртæ кусæгæн саккаг кодтой Советон Цæдисы хъайтары нæмттæ, фарастæн та – Уæрæсейы Федерацийы хъайтары нæмттæ.

Хæстон хæстæ æххæст кæныны, амынæтты æмæ коллегæты ссæрибар кæныны рæстæджы фæмард сты «Альфа»-йы 37 афицеры. Бирæ операцитæ абоны онг дæр сты сусæггонд æмæ дызæрдыггаг у, искуы раргом уыдзысты, уый дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.