9-æм аз райдыдта, 2008 азы августы хæсты зæлтæ куы банымæг сты æмæ фидар сабырад нæ зæхмæ куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ. Ацы хæст нын ныу-уагъта бирæ пырхæнтæ æмæ судзаг цæссыгтæ. Уал азы дæргъы нæ цæстыты раз сыгъдæй, пырхытæй лæууыд паддзахадон университеты сæйраг корпус дæр æмæ æрхæндæгдзинад æвзæрын кодта, æрвылаз дæр йæ рæзты чи цыдысты, уыдоны зæрдæты. Иу ахæмы йæ афæлвæрдæуыд сæндидзын кæныныл. Ныххафтой йын йæ къуымты сæрстытæ, сфидæрттæ йæ кодтой æфсæйнаг конструкцитæй, фæлæ бакæнгæ куыстытыл цы фæрæзтæ бахардз æрцыд, уыдон дзæгъæлы фесты. Скъуыддзаг æрцыд, цæмæй ацы сыгъд æмæ пырх бæстыхайы бынаты арæзт æрцæуа ног бæстыхай, стæй æрмæст уый бынаты нæ, фæлæ ма йæ фарсмæ цы ахуыргæнæн корпус уыд, уый бынаты дæр. Афтæмæй ацы корпус дæр «æрбайсæфт» æмæ ныр сæ бынæтты арæзт цæуы ног, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтдзæн, ахæм университетон корпус. Нæ цæстыты раз уæладзыг уæладзыджы фæстæ хæрдмæ цæуы йæ арæзтад. Куыстытæ дзы цæуынц цырд темптæй, графикы нысангонд æмгъуыдтæй тагъддæр. Куы сырæза æмæ эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæ-уа, уæд ам иурæстæджы сæ бон ахуыр кæнын уыдзæн 700 студентæн. Уымæй дарддæр ма ам уыдзысты культурон хиирхæфсæн корпус, спортивон зал, хæрæндон. План цæуы йæ территори йын схæрзарæзт кæнын дæр. Ам уыдзæн фонтан, сæвæрдзысты дзы фæхсбандæттæ, æхсæвыгон дзы судздзысты рухсытæ. Ам ма цы æртæуæладзыгон бæстыхай ис, уый дæр фæивдзæн йæ хуыз, куыд æддейæ, афтæ мидæгæй дæр æмæ суыдзæн уæлдæр ахуырады агъоммæ цæттæгæнæн центр. Ныртæккæ ам цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Ивынц ын йæ электрохæххытæ. Æппæт ацы куыстытæ кæны арæнгонд бæрндзинады организаци «Мегаполис Т», йæ къухдариуæггæнæг Джуссойты Константин.

Ацы объект у республикæйы территорийыл арæзтцæуæг ахсджиагдæр объекттæй сæ иу. Уый æрмæст нырыккон комплекс нæ уыдзæн, фæлæ ма суыдзæн бæрзондквалификациджын специалисттæ цæттæ кæныны  хъуыддаджы æппæт домæнтæн дæр дзуапп чи дæтдзæн, ахæм ахуыргæнæндон.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы объект арæзт цæуы 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты æмæ эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа 2017 азы фæззæджы кæрон. Ацы аз ам аразджытæ хъуамæ бакæной 266 милуан 700 мин сомы аргъ куыстытæ, фидæнмæ та – 349 милуан 300 мин сомы аргъ. Арæзтад, архитектурæ æмæ коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Зæ-гъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ ацы объекты 3-æм уæладзыджы æххæст цæуынц арматурæтæ æвæрæн æмæ бетонгæнæн куыстытæ. Кусы дзы 150 адæймаджы бæрц. Бирæ уæладзгуыты аразджытæ амайынц къултæ. Ифтонг сты техникæйæ.

Ацы объекты арæзтадон куыстытæ куы райдыдтой, уæд ахуырадон процесс урæд не ‘рцыд. Ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ сæ аудиториты раивтой, цы æмдзæрæндон дзы ис, уым цæрæн хатæнтæй. Сæ уавæртæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ноджы фæкъуындæгдæр сты, фæлæ быхсынц, уымæн æмæ зонынц, кæй рæзы ног университетон комплекс, фидæнмæ йæ дуæрттæ кæй байгом кæндзæн æмæ уæрæх аудиториты кæй хъусдзысты лекцитæм, æппæт фадæттæ дæр сын кæй уыдзæн сæ дæсныйæдты фæдыл æмбæлон зонындзинæдтæ исынæн. Цæмæй уыцы райдзаст цины бон тагъддæр æрцæуа, уый тыххæй та абон аразджытæ тагъд кæнынц сæ куыстытыл æмæ бонæй бонмæ рæзы, алкæмæн дæр нæ зынаргъ чи у, уыцы ахуыргæ-нæндоны ног комплекс.

 

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.