Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет сæ æмкуысткæнынад фæтыхджындæр кæндзысты зонадон,  ахуырадон æмæ культурон фадгуыты. Уый тыххæй фехъусын кодтой дыууæ уæлдæр ахуыргæнæндоны ректортæ Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты конференц-залы фембæлды рæстæджы.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим РХИ-йы Президенты номæй раарфæ кодта Огъайты Аланæн, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректоры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй йæ кæй снысан кодтой, уый тыххæй.

«Йæ уæвынады рæстæджы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет активон хайад райста Хуссар Ирыстонæн бæрзондквалификациджын кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы. Ныфс мæ ис, не ‘мгуысткæнынад кæй адарддæр кæндзыстæм æфсымæрон ахуыргæнæндонимæ зонадон-практикон конференцитæ иумæ уадзыны фæдыл, нæ фæлтæрддзинад кæрæдзийæн амоныны æмæ æндæр здæхтыты», – банысан кодта Тедеты Вадим.

«Нысаниуæгджын у, ацы бынаты кусгæйæ, мæ фыццаг официалон фембæлд демæ кæй уыд. Мах ныфс æвæрæм, дарддæр дæр кæй æххуыс кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæн. Уæ уæлдæр ахуыргæнæндонимæ активон æмархайд махæн у приоритетон здæхт. Хуссар Ирыстоны хъæуы ног кадртæ стыр зонадæн. Уыцы процессæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет йæ фарс хæцдзæн кæддæриддæр», – загъта Огъайты Алан.

Ректортæ сæрмагонд хъусдард аздæхтой кандидатты æмæ докторты зонадон къæпхæнтæ райсыны тыххæй диссертацитæ бахъахъхъæныны фарстатæ бацæттæ æмæ сорганизаци кæныны фарстатæм. Тедеты Вадим бузныджы ныхæстæ загъта ЦИПУ-йы президент Мæхæмæтты Ахуырбегæн, Хуссар Ирыстоны минæвæртты кандидатон диссертацитæ хъахъхъæныны рæстæ-джы сæрмагондæй хайад кæй райсы, уый тыххæй.

«Бар мын радт, бузныг дын зæгъон Республикæ Хуссар Ирыстоны зонадон кадрты хъысмæты дæ хайадисты тыххæй. Нæ зæрдыл лæууы, 2008 азы августы нын нæ университетæн цы æххуыс бакодтай, уый», – загъта Тедеты Вадим.

Йæ рады Мæхæмæтты Ахуырбег йæ чингуытæ балæвар кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетæн.

Фембæлды хайадисæг уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырады рæзты фарстаты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты аппараты уынаффæгæнæг Казахова Теминæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны уæлдæр скъола размæ цæуы фæдфæдылонæй.

«Абон арæзт цæуы ног университетон комплекс, цыран уыдзæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет. Уæрæсе æнæхъæнæй финанс кæны университеты фидæны комплексы объектты арæзтады технологион цикл. Уый фæахъаз уыдзæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты сфидар кæнынæн, куыд Хуссар Ирыстоны зонадон, ахуырадон æмæ культурон центр, афтæ», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.