Путин йæ фæстаг ныстуаны фехъусын кодта, Уæрæсейы æмбæстагдзинад кæмæн ис, уыдонæн сæ бон у 16 азы кары онг сывæллæттæн уæлæмхас æххуыстæ райсын.

Уымæй дарддæр ма бинонтæ, цыран хъомыл кæнынц æртæ азы кары онг сывæллæттæ, сæ бон уыдзæн апрель, май æмæ июны фæйнæ фондз мин сомы райсын.

Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджытæй уæрæсейаг æмбæстагад кæмæн ис, ахæмтæ бирæ ис. Уыдонæн та арæныл бæрæг аххосагмæ гæсгæ сæ бон нæу ацæуын Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй сæм цы æххуысы фæрæзтæ æмбæлы, уыдон райсой.

Ацы фарстайы фæдыл нын, Цæгат Ирыстоны Пенсион фондæн Хуссар Ирыстоны цы филиал ис, уым куыд загътой, афтæмæй куырдиæттæ бадæттын хъæуы интернеты Паддзахадон лæггæдты порталмæ, кæнæ та Цæгат Ирыстоны пенсион фондмæ. Куырдиæт-тæ ист цæудзысты 1-æм октябрмæ. Уымæ гæсгæ иу адæймаг дæр нæ баззайдзæ-нис æнæ æххуыс арæны æхгæды аххосæй. Паддзахадон лæггæдты порталмæ куырдиат фысгæйæ хуыздæр у фæнысан кæнын фæрæзтæ бангы картæмæ, цæмæй ахынцой æмæ уæлдай фыдæбон мауал бакæной».

Ам ма загътой, зæгъгæ, сæм бирæ адæм кæй цæуы ахæм фарстимæ, зæгъгæ, архайæм Паддзахадон лæггæдты порталмæ бахизыныл, фæлæ нын дзуапп нæ дæттынц. Уыцы фарсты фæдыл нын куыд загътой, уымæ гæсгæ телефонæй ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны пенсион фонды разамонæджы хæдивæг Федор Великиимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ Уæрæсейы æмбæстæгтæ ныртæккæ карантины аххосæй æдтæмæ нæ цæуынц, æмæ, зæгъгæ, Владимир Путины ныстуаны фæстæ адæм ныххæлæф кодтой интернетæй Паддзахадон лæггæдтæ æмæ Пенсион фонды парталтæм дзурынмæ. Уымæ гæсгæ не ‘ххæссынц, регистраци кæныныл. Ныртæккæ куыст цæуы, цæмæй уа ноджыдæр æндæр формæйы бастдзинад.  Куыддæр ног формæ регистраци кæныны системæ сфидар уа, афтæ йæ базондзысты æппæт Уæрæсейы æмбæстæгтæ дæр дзыллон  информацийы фæрæзты руаджы. Фæлæ уал уæдмæ хъуамæ алчи дæр зона, кæмæ æмбæлы æххуыс райсын, уыдонæн се ‘ппæт дæр кæй райсдзысты. Æрмæст чидæр раздæр, чидæр та – фæстæдæр. Сæйраг у 1-æм октябрмæ куырдиат ныффыссын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.