Куыд цæрæн бынæтты, афтæ æхсæнадон рæтты дæр æнæмæнгхъæуæг у сыгъдæгдзинадыл аудын. Фæлæ уый æрмæст иугай адæймæгты фæрцы не ‘фты къухты, хъæуы ууыл кусын æмæ архайын алы æмбæстаджы дæр æмбæлон куыстуæттæ æмæ организациты æххуысæй. Ацы ахсджиаг фарст æрбæстон кæныныл кусы Цхинвалы районы администраци дæр æмæ егъау хъæутæй цалдæры сыгъдæгдзинадмæ аздæхта фылдæр хъусдард. Хъæууон цæрæджы раз ахæм бæрндзинад чи æнкъарынц, ахæм разамонæг кусджытæн та хъæуы бузныг зæгъын, сæ проблемæтæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы сæ уæлхъус кæй æрбалæууынц, уый тыххæй. Цæвиттон, 2010 азы фæндон рахастæуыд, цæмæй районы цæрджыты брæттæ ласт цæуой æмбæлон бынатмæ æмæ уыцы ахсджиаг хъуыддаг æххæст дæр æрцыд. Афтæ æмæ ныр авд азы дæргъы къуыри иу хатт Къостайыхъæуы цæрджытæ шофыр Джиоты Рома æмæ быронæвгæнæг Къæбысты Владимир æрвылкъуыри дæр разилынц хæдзарæй хæдзармæ куыд ацы хъæуы, афтæ ма Тъбет æмæ Ногхъæуы цæрджытыл дæр æмæ сын бакæнынц æмбæлон лæггад. Уæлдæр ранымадгонд хъæуты цæрджытæн бирæ фенцондæр æмæ бузныг зæгъынц, ацы хъæуты сыгъдæгдзинадыл чи кусынц, уыдонæн.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.