Æвæдза,  фæлывд, æлгъаг митæм гуырдзиаг адæмы курдиатæн æмбал нæй. Алыгъуызон информацион фæрæзты мыхуыр æрцæуæг уацтæ бакæсгæйæ, адæймаг дисы бахауы сæ дыдзæсгомдзинады тыххæй. 2-æм октябры Мæскуымæ гуырдзиаг парламенты депутатты балцы тыххæй базонгæйæ, алчидæр ахъуыды кæндзæн, ау афтæ æлгъаг æмæ фæлывд куыд хъуамæ уа адæймаг. Фæлæ уал райдайæм, æрæджы Нино Бурджанадзе рубрикæ «Гость недели»-йы цы интервью радта, уымæй. Интервью  бакæсгæйæ, адæймаг фæдисау вæййы æмæ йыл адæймаджы зæрдæ бахуды, ау, афтæ дыдзæсгом куыд хъуамæ уа адæймаг, уæлдайдæр та сылгоймаг. Уацхæссæг Вадим Дубнов æй куы афарста, зæгъгæ, ды фæнд кæныс Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ бацæуын августы хæстæй 9 азы фæстæ? Цæуыл дæ фæнды æруынаффæ кæнын æмæ кæимæ? Уæд ын Бурджанадзе сдзуапп кодта: «Æз рагæй дзурын, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад кокоммæ ныхас кæнын райдайа Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ, æнæ комкоммæ диалог, гуырдзиæгтæ, абхазæгтæ æмæ ирæтты ‘хсæн æууæнкдзинад æнæ сæндидзын кæнгæйæ, ацы фарст æрбæстон кæныныл дзурæн дæр нæй. Иу рæстæджы æз, æгæрыстæмæй, ахуыр кодтон абхазаг æвзаг, цæмæй се ‘взагыл аныхас кодтаин уыцы адæмимæ, фæлæ мын хъыгагæн, уырдæм ацæуын мæ къухты нæ бафтыд. Уынаффæ кæнын та бирæ фарстытыл хъæуы æмæ развæлгъау ультиматумтæ æвæрын нæ хъæуы. Иууылдæр æй тынг хорз зонынц мæ ахаст ацы дыууæ адæммæ, æз тынг кад кæнын абхазæгтæ æмæ ирæттæн. Иннæрдыгæй та æз никуы æмбæхстон мæ позици, мæнæн мæ бæстæйы территориалон æнæхъæндзинад у иууыл сæйрагдæр фарст. Æз куыд политик, афтæ никуы сразы уыдзæн Гуырдзыстоны ныддихтæ кæныныл. Æнæмæнгхъæуæг у Уæрæсеимæ нæ ахастытæ æрнывыл кæнын дæр, цæмæй сомбоны дзурæм территориалон æнæхъæндзинады тыххæй».

Куыд уынæм, афæмæй Нино Бурджанадзейæн ис тынг лæмæгъ зæрдылдарынад æмæ йæ ферох сты цыппар азы размæ газет «Известия»-йæн йæ интервьюйы рæстæджы  цытæ дзырдта, уыдон.

Æнæмæнгæй, Нино Бурджанадзейæн йæ хъуыдыкæнынад цыдæр кæны, æндæра йæ куыд тагъд ферох ис,  цалдæр азы размæ уæрæсейаг журналисты фарстæн, ома, гуырдзиаг-ирон ахастытæ куы фæкарзæдр уой, уæд цахæм мадзæлттæ райсдзынæ, уымæн куыд сдзуапп кодта, уый. О, чизоны, йæ уый ферох кодта, фæлæ хуссарирыстойнаг адæмæй никуы ферох уыдзæн йæ ахæм дзуапп: «Гуырдзиаг-ирон ахастытæ куы фæкарздæр уой, уæд мæнæн ис дыууæ фырты æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сынтæджы бын нæ бамбæхсдзысты. Иу, дам, дзы арвитдзынæн Абхазмæ æмæ иннæйы та – Хуссар Ирыстонмæ». Йæ ацы дзуапп ын хуссарирыстойнаг адæм уымæн тынгдæр бахъуыды кодтой, æмæ  сылгоймаг уæвгæйæ, уый  кæй сидт хæстмæ æмæ йæм кæй «æрвыста» йæ фыртты. Мад чи у, уый ахæм дзуапп куыд хъуамæ радтаид. Ахæм ныхæстæ чи дзырдта, уый абон цы цæсгомæй дзуры Афбхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ бацæуыны тыххæй. Зæгъæм, уыдонимæ йын фембæлд ис, уæд сын, цымæ, сæ цæстытæм комкоммæ цы цæсгомæй бакæсит. Æниу, уыдон цæстмæхъус ныхæстæ уыдысты, æндæра Ирыстоны хъайтар Бестауты Бала Уанаты хъæуæй æнæ иу æхст фæкæнгæйæ, 39 гуырдзиаджы, кæцыты æрбарвыстой ирæтты марынмæ, Цхинвалмæ куы æркодта æмæ сæ Театралон фæзуаты сæ зонгуытыл куы æрлæууын кодта, уæд семæ цæмæннæ уыдысты Бурджанадзейы фырттæ. Æрцæугæ трагедийы аххосджын кæны Саакашвилийы, фæлæ сæ дыууæ дæр æмхуызон фыдгæнджытæ сты. Сæ дыууæйæн дæр сæ къухтæ ирон æмæ абхазаг адæмы тугæй амæхст сты. Тынг хорз æй куы зоны Гуырдзыстоны къухдариуæгад ирæттæ æмæ абхазæгтимæ цы тугæйдзаг хидтæ сарæзта, уыдон ирон адæмы тугæй амæхст æмæ ирон мæдты цæстысыгæй хуылыдз куы сты, уæд цы цæсгомæй дзуры ацы ныхæстæ. Гуырдзиæгтæ мады гуыбынæй рахæссынц ирон адæммæ æнæуынондзинад, æмæ уый махæй алчидæр хъуамæ зона!

Ацы аз 1-æм октябры Тбилисы уыд оппозицион парти «Альянс патриотов Грузии»-йы марш, цыран хайад райстой фондз мин адæймаджы бæрц. Активисттæ рацыдысты гуырдзиаг столицæйы уынгты, цæрджыты социалон уавæртæ фæхуыздæр æмæ Уæрæсеимæ ахастытæ æрнывыл кæнын домгæйæ.

2-æм октябры та «Альянс патриотов Грузии»-йы минæвæрттæ радон визитимæ уыдысты Мæскуыйы, цыран сын фембæлдтытæ уыд Паддзхадон Думæйы æмæ Федерацийы советы. «Мах Мæскуымæ цæуæм. Нæ делегацийы  сконд у 2017 азы июлы мæйы нæ фыццаг визиты рæстæджы куыд уыд, ахæм. Кæдæмфæнды дæр ма ацæуæм, уымæйдæр Мæскуымæ, уæддæр нæ ныхасы сæйраг темæ уыдзысты нæ территоритæ – нæ Сухум æмæ нæ Цхинвалы тыххæй», – фехъусын кодта делегацийы уæнг Ада Маршания. Фæрстæ æруынаффæ кодтой гуманитарон æмгуыстад, Уæлæвæткон уавæрты министрады хаххы фарстытыл, афтæ ма Абхазы территорийыл æфсæнвæндаджы архайды темæйыл. Уый тыххæй 3-æм октябры фехъусын кодта УФ-йы Паддзахадон Думæйы Хæдбар паддзахадты æмхæларады хъуыддæгты фæдыл  парламентон комитеты сæрдар Леонид Ка-лашников. Уый ма куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ æруынаффæ кодтой, ахæм риссаг фарстыл, кæцы баст у Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ арæнгæрон  Гуырдзыстоны цæрджытæн сæ бон кæй нæу «сæ фыдæлты уæлмæрдтæм» бацæуын.

Леонид Калашников банысан кодта: «Комкоммæ йæ хъуамæ зæгъон, уыцы паникæмæ нæ кæсгæйæ, кæцы сæвзæрын кодтой Гуырдзыстоны иуæй-иу аферисттæ æмæ истеблишменты минæвæрттæ, сымах равдыстат фидардзинад, тых æмæ позици æмæ дарддæр дæр  æххæст кæнут  парламентариты æмæ нæ бæстæты æрбаввахс кæныны хъуыддаг. Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ разы сты æрбаввахс уæвыны политикæимæ. Алкæйы дæр фæндид куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр дипломатон ахастытæ сæндидзын кæнын, фæлæ йæ мах æмбарæм, уымæн уайтагъд саразæн кæй нæй», – банысан кодта Леонид Калашников.

Грузинформы информацимæ гæсгæ, Леонид Калашников фехъусын кодта: «НАТО-мæ кæцыфæнды постсоветон бæстæйы æрбаввахс дæр нымад цæуы куыд Уæрæсейы æдасдзинадыл сатакæ кæнын æмæ фæвæййы хæстон архайдтытæй! Уымæ гæсгæ равзарут  НАТО кæнæ Уæрæсе!». Уымæн Георгий Ломия сдзуапп кодта: «Ультиматумтæ æвæрын нæ хъæуы, мах бафæлвардзыстæм, цæмæй НАТО-имæ нæ хæлардзинад Уæрæсе ма æмбара куыд тæссагдзинад, афтæ». Афтæмæй «Альянс патриотов»-ы план «Гуырдзыстон – Уæрæсе – НАТО» фæсыкк. Конкретон ныхас цæуыл цыд, уыцы иунæг темæ уыд – Абхазыл Сомихстонмæ уæрæсейаг æфсæнвæндаг байгом кæныныл. Фембæлды рæстæджы  дыууæ бæстæйы минæвæрттæ бадзырдтой хæлардзинады æнæформалон парламентон къорд саразыны тыххæй.

«Альянс патриотов»-æй Гуырдзыстоны парламенты депутаттæ Ада Маршания, Георгий Ломия æмæ Нато Чхеидзейы визиты тыххæй  политикон парти «Демократическое движение – Единая Грузия»-йы лидер Нино Бурджанадзе фехъусын кодта, зæгъгæ, хæцы гуырдзиаг-уæрæсейаг ахастытæ снормализаци кæныны æвварс, фæлæ спектикон ахаст дары Мæскуымæ «Альянс патриотов»-ы визиттæм. «Æз алыхатт дæр дæн комкоммæ диалогы æвварс. Фæлæ ацы визиттæм кæсын спектиконæй. Уымæн æмæ Мæскуымæ куы æрцæуай æмæ куы дзурай, зæгъгæ, хъæуы æртæварсон формат НАТО-Уæрæсе-Гуырдзыстон» саразын, уый раст позици нæу. Уый уырыс-сæгтæн бынтондæр райсинаг позици нæу», – загъта политик.

Уæдæ, æппæт ацы архайдтытæм кæсгæйæ, мах, ирон адæмы хъæуы æппæт тыхтæй дæр дыууæ Ирыстоны баиу кæныныл кусын, референдумтæ ауадзын. Уадз, æмæ ацы фарсты фæдыл Хуссар Ирыстоны хъæлæс хъуыса æнæхъæн дунейыл, уымæн æмæ Гуырдзыстон йæ хъуыды никуы аивдзæн Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны раздахыны тыххæй æмæ йæ развæлгъау чи зоны, сомбоны та ацы дыууæ нацимæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй цы æнхъæлмæ кæсы, уый…

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.