Нæ горæты алыхуызон фарстатæ скъуыддзаг кæныныл цы организацитæ архайынц, уыдон се ‘ппæт дæр сты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады дæлбар æмæ афæдзы дæргъы феххæст кæнынц, развæлгъау куыстытæ бакæнынæн цы план саразынц, уымæ гæсгæ. Бахатыдтæн ацы хæдзарады сæйраг инженер Плиты Владимирмæ æмæ уый цыбыртæй æрдзырдта, йæ разылæууæг хæстæ чи куыд æххæст кæны, уый тыххæй.

Дзæвгар хæстæ лæууы йæ разы, нæ горæты цæрджыты нуазыны донæй чи ифтонг кæны, «Водоканал»-ы уыцы коллективæн. Цæрджытæй алчи дæр æвдисæн у, хæрзгъæд æмæ сыгъдæг донæй рæстæгыл кæй пайда кæнынц, уымæн æмæ йæм сæ аккаг хайбавæрд хæссынц ацы организацийы кусджытæ. Хатт вæййы доны цухдзинад аварийы фæстиуæгæн, кæнæ та мæгуырау боныгъæдты аххосæй. Уæд кусджытæ æд техникæ бацæуынц бынатмæ æмæ æвæстиатæй аиуварс кæнынц сæвзæргæ цухдзинад. Ноджы ма капиталон цалцæггæнæн куыстытæ сæххæст кæнынц доны æддаг хызæгты æмæ æндæр ахæм ахсджиаг куыстыты. Ахæм куыстытæ бакодтой Тæболты Сергейы æмæ Сталины уынгтыл цалдæр цæрæн корпусты.

Цæрджытæ æрвылбон дæр кæй куыстæн сты æвдисæн, уыдон фыццæгтæм хауы хæрзарæзтады куыстуат дæр. Зæгъæн ис æмæ уынгмæрзджытæ сæ куыст кæй райдайынц æхсæвыгон æмæ уый фæстæ та брон асæрибар кæныныл фæтагъд кæнынц техникæ æмæ кусæгдыхæй. Уымæй дарддæр ма кусджыты иу хай бахсæдынц бæлæсты хус æмæ уæлдай къалиутæ. Ацы куыстуатмæ ма хауы цъæхдарæнты фæлысты канторæ æмæ йæ кусджытæ æрвылаз дæр зæрдиагæй бацархайынц алыхуызон дидинджытæй газонтæ, сквертæ æмæ фæзуæттæ рафидауын кæныныл. «Ир-дизайн»-ы хæстæ дæр цъус не сты афæдзы алы афон дæр. Зæгъæм, йæ хъусдард здахы, горæты рухс цы бынæтты нал фæсудзы, стæй светофортæй чи фехæлы, уыдонмæ. Ноджы ма паддзахадон инспекцийы бахæсмæ гæсгæ светофортæ сæвæрынц, цы бынæтты фæхъæуы, уыцы рæтты. Цæрæн хæдзæртты кæртыты хæрзарæзтадмæ йæ хъусдард æмбæлон æгъдауæй здахы æмæ сæ цалцæг кæныныл зæрдиагæй бацархайы арæзтадон-цалцæггæнæн управлени дæр. Но-джы ма афæдзы дæргъы цалдæр хатты бакусы фæндагон нысæнттæ сног кæныныл дæр.

Бæлццæттæ амæйразмæ азты тынг тыхстысты, æрлæууæн бынæтты сæрмагонд аууондарæнтæ кæй нæ уыд, уый аххосæй. Уыцы цухдзинад дæр бахынцыд æрцыд æмæ дзы сæвæрдтой павильонтæ. Фæлæ сæйраг инженер куыд загъта, афтæмæй уыдон æххæстæй не ххæст кæнынц бæлццæтты домæнтæ æмæ ма сæ ноджыдæр баххæст кæндзысты цалдæр бынаты.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.