Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы фæхуыдтой Мæскуымæ æмбуар хæстæй сабырдзинады Кубокы этап «Кубок Дружбы 2023»-мæ, кæцы цæудзæнис 6 апрелæй 9 апрелмæ. Тыхон структурæты командæйы сконды ис 8 адæймаджы, кæцытæ цалдæр уæзы категорийы хайад райсдзысты ахæм дисциплинæты – «Самооборона», «Самооборона 1+1» æмæ «Поединок».

6 апрелы турниры хайадисджытæ рацæудзысты уæз сбарыны процедурæ æмæ медицинон контроль, сыппардзысты ма хæлттæ дæр. 7 апрелы та райдайдзысты тохтæ ахæм дисциплинæты – «Самооборона», «Самооборона 1+1». 8 апрелы уагъд æрцæудзысты «Поединок»-ы дисциплинæйы рагагъоммæйы æмæ полуфиналон тохтæ. 9 апрелы та уыдзысты ерысты финалон тохтæ æмæ уый фæстæ та хорзæхтæ дæттыны церемони.

Мадзалы организатортæ сты УФ-йы Спорты министрад, Мæскуыйы хицауад æмæ спортивон организацитæ. Хайад дзы райсынц æрмæст Уæрæсейы регионтæ нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг командæтæ дæр, куыд Индийæ, Иранæй, Сомихстонæй, Белорусæй, Венесуэлайæ, Азербайджанæй, Германийæ æмæ афтæ дарддæр. Йæ уæлахизуæвджытæ фылдæр хæттыты свæййынц Уæрæсе, Казахстан, Узбекистан æмæ Беларусы минæвæрттæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.