Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад азы дæргъы бакодта дзæвгар куыс-тытæ хицæн хъæуты æрбæстонкæнинаг фарстатыл. Хъæууон цæрджытæ, сæйраджыдæр, тыхсынц бынæттон фæндæгты мæгуырау уавæр, нуазыны доны цухдзинад æмæ æндæрты тыххæй. Иу кæнæ иннæ фарст æрбæстон кæныны тыххæй разамонæг кусджытæ байхъусынц цæрджытæн сæхимæ дæр. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады директор Уазæгты Мевлуд куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ма сын ацы азы кæронмæ бакусинаг ис цалдæр хъæуы нуазыны донæй сифтонг кæнын æмæ фæндæгты уавæрмæ æркæсын.

Цæвиттон, Сверы хъæумæ нуазыны дон хъуамæ æруагъдæуа 1 километры дæрддзæ-гæй. Куыстытæ æххæст кæнынмæ бавнæлдтой рæстæгыл, бакуыстæуыд дзы иу къуыримæ æввахс, фæлæ сæ бакъуылымпы кодта техникæйы цухдзинад. Къостайыхъæуы администрацимæ хауæг Кърозы хъæуы кæд дыууæ цæрæг хæдзары йедтæмæ нал ис, уæддæр хæдзарад архайы уыдоны уавæр дæр аскъуыддзаг кæныныл. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уыдон дæр тыхсынц доны цухдзинадæй. Уавæр æрбæстон кæнынмæ ацы æввахс бонты бавналдзысты хæдзарады кусджытæ æмæ 2 км дæрддзæгæй хъæумæ æруаддзысты нуазыны дон. Къохат-Сарабучъы хъæутæм дæр фæндæгтæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ æмæ дзы уый аххосæй ацæуæн нæ вæййы куыд транспортæн, афтæ фистæгæй цæуджытæн дæр. Амы цæрджыты тыхстдзинадæн дæр æввахс бонты кæрон æрцæудзæн. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад ма ахæм куыстытæй дарддæр сæххæст кæны культурон-рухсадон уагдæтты арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ дæр. Хæдзарад ноджы хъæппæрисондæрæй æххæст кæнид йæ разылæууæг куыстытæ, фæлæ цухдзинад æййафынц хъæуæг техникæйæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала           

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.