Культурæйы министады пресс-службæ нын куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 20-æм мартæй Цхинвалы ацæудзысты Ирыстоны зынгæ композитор, музыкалон этнограф æмæ фольклорист Галаты Барисы номарæн къуыри.

20-æм марты кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы солон концертæй байгом уыдзæн номарæн къуыри театры сценæйыл изæры 18:00 сахатыл. Зындгонд композиторы рухс ном ардзысты Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы конференц-залы 22-æм марты 15:00 сахатыл. Мадзал у музыкалон-литературон æмæ йæ хайадисджытæн уыдзæнис цымыдисон. Номарæн къуырийы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты та студенттæн бакæсдзысты цымыдисон лекцитæ зынгæ композиторы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

Ирон адæмæй ивгъуыд æнусты национ культурæйы рæзтмæ стыр хайбавæрд чи бахаста æмæ дзы хъæздыг сфæлдыстадон бынтæ чи ныууагъта, уыдонæй сæ иу уыд фыццаг ирон профессионалон композитор, этнолог æмæ зонадон кусæг, Хуссар Ирыстоны фыццаг музыкалон ахуыргæнæндон æмæ нæ республикæйы кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы  бындурæвæрæг, симфонион оркестр саразæг Галаты Алыксандры фырт Барис. Уый райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Мæздæджы районы Черноярскы станицæйы рæстæмбис цæрæг бинонты ‘хсæн 1889 азы 22-æм марты. Барисæн ирон адæмон сфæлдыстад йæ ныййарджытæ бауарзын кодтой æмæ йæхæдæг дæр уайтагъд ссис зынгæ аргъаугæнæг æмæ зарæггæнæг. Барис чысылæй бауарзта фæндыры цагъд æмæ уæд фæхæст музыкæйы дæсныйадыл. Йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй фыццаг музыкалон уацмыстæ ныффыста 1904 азы. Йæ музыкалон сфæлдыстад у зæрдæмæхъаргæ, бирæвæрсыг, адæймаджы культурон, интеллектуалон æгъдауæй кæны хъæздыгдæр, бæрзонддæр. Галаты Барис егъау куыст бакодта ирон адæмон зарджыты мелодитæ ныффыссын æмæ сæ нотæтыл сæвæрыныл.

Фидар бындур сæвæрдта ирон музыкалон адæмон сфæлдыстад зонадон уагыл æмбырд кæнынæн æмæ йыл этнографион иртастытæ кæнынæн. Петербурджы ахуыргæнгæйæ дæр фыста музыкалон уацмыстæ, кæцытæм йе ‘ргом здæхта Римский-Корсаков. Ленинграды музыкалон техникум, стæй Ленинграды консерватори каст фæуыны фæстæ куыста Цæгат Ирыстоны. (Ам æрæмбырд кодта 500 ирон зарæг æмæ кафты цагъдæй фылдæр). Арæзта хихъæппæрисон къордтæ æмæ семæ зылдис Ирыстоны хъæутыл концерттимæ. Уыимæ ма æмбырд кодта фольклорон æрмæг дæр.

1930-1935 азты та Хуссар Ирыстоны, Гудзареты æмæ иннæ хъæуты æрæмбырд кодта зар-джыты æмæ кæфтыты хуыздæртæй 200-йæ фылдæры. Уыдон се ‘ппæт фонографы æмæ диктофоны валиктыл фыстæй хъахъхъæдгонд цæуынц Уæрæсейы Зонæдты Академийы фонограммархивы æмæ уыцы зынаргъ хæзнатæй сæ бон пайда кæнын у бæстæйы адæмты æмæ фæсарæйнаг зонадон кусджытæн дæр. Галаты Барисы стыр куысты руаджы ирæттæм ССР Цæдисы æндæр адæмтæй раздæр фæзындысты зарджыты æмбырдгæндтæ, ансамблтæ æмæ  оркестртæ.

Стыр æххуыс ма бакодта Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театры куыстæн дæр. (Бакуыста дзы 15 азы бæрц). Ныффыста æртын спектаклæй фылдæрæн музыкæ æмæ ма киноныв «Фатимæ»-йæн дæр ныффыста музыкæ.

Йæ адæмæн ныууагъта, аргъ кæмæн нæй, ахæм егъау культурон бынтæ. Уыцы культурон бынтæ сахуыр кæнын, бахъахъхъæнын æмæ сæ парахат кæныны тыххæй арæзт æрцыдис Галаты Барисы номыл культурон фонд æмæ йæ сырæзтæй абоны онг архайы зындгонд композиторы ном æмæ йе сфæлдыстад популяризаци кæныны хъуыддаджы. Ахæм куысты уæлхъус лæууынц фонды директор, Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы сгуыхт ку-сæг Гаглойты Лианæ æмæ йе ‘мкъай Гæбæраты Андрей. Уыдон сты ахæм адæймæгтæ, кæцытæ архайынц ирон культурæ бахъахъхъæнын, райтынг æмæ парахат кæныныл канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма Уæрæсейы дæр. Арæх ауадзынц тематикон мадзæлттæ Цхинвалы, Пушкины уынгыл Галаты Барисы хæдзар-музейы дæр. Уыцы ран æфснайд сты, композиторы цард æмæ сфæлдыстадæй цы архивон æрмæджытæ ис, æппæт уыдон. Хатæнты фенæн ис композиторы музыкалон инструменттæ, музыкæ цæуыл фыста, уыцы рагон техникæ. Къултыл конд сты Барис æмæ йæ бинонты, йæ хиуæтты къамтæ, фенæн дзы ис йæ дзаумæттæ, йæ сынтæг, йæ пианино. Хицæнæй та æфснайд у, йæ рæстæджы цы музыкалон литературæйæ пайда кодта, уыцы библиотекæ.

Галаты Барис ирон музыкалон цардмæ бæркадджын фæллой кæй бахаста æмæ йæ æнæмæлгæ уацмыстæй кæй фæхъæздыгдæр кодта, уымæн аккаг аргъ скодтой йæ рæстæджы хицауад æмæ йын лæвæрд æрцыд орден «Кады нысан». У Гуырдзыстоны ССР-ы аивæдты сгуыхт архайæг. Галаты Барисæн йæ уацмыстæ сты æцæг адæмон æмæ йæ адæмы ‘хсæн йæ ном баззайдзæн æнустæм цæргæйæ.

       ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.