16-æм октябры, фæззыгон хъарм боны нæ горæты æмбæстæгтæ æмбырд кæнын райдыдтой Хетæгкаты Къостайы цырты раз. Ардæм æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауад æмæ Парламенты сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Тадтаты Алан, Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны   Марат Кулахметов, уазджытæ Абхазы республикæйæ сæ сæргъ-лæууæг Геннади Аламия, æхсæнады минæвæрттæ. Уыдон иугæйттæй æмæ къордгæйттæй хастой дидинджытæ æмæ сæ æвæрдтой Къостайы цырты раз.

 Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæсты цытæн цытджын церемони байгом æмæ дзы раныхас кодта Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон. Уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд райдианы Къостайы архайд æмæ куыстытæн алчи иугъуызон аргъ æмæ нысаниуæг нæ лæвæрдта, уæддæр се ‘ппæт дæр æмбæрстой Къостайы раст хъуыдытæ æмæ фæндтæ, фæлæ иуæй-иу зыгъуыммæгæнджыты аххосæй Къоста æнæхъуаджы иста бирæ æфхæрд. Йæ адæмы абоны райдзаст царды тыххæй æрмæст йæ уацмысты фæрцы нæ тох кодта, фæлæ ма-иу æм дардæй æххуысмæ цы хъуыддæгты фæдыл цыдысты, уыцы фарстытæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы дæр æвдыста фидар удыхъæд. Йæ адæммæ йын ахæм стыр уарзондзинад кæй уыд, æндæрты тыххæй-иу йæхи хъуыддæгтæ кæй ныууагъта, уый тыххæй йæхи сæрмагонд цард баззад æнæарæзтæй.

Абон Къостайæн ахæм кад кæй кæнæм, йæ номыл мадзæлттæм уыйбæрц адæм кæй æр-бацæуы, уый у стыр хорз хъуыддаг. Уымæн æмæ Къостайы хорз хъуыддæгтæ æмæ миниуджытæ æрмæст мах, хистæр фæлтæр ма хъуамæ зоной, фæлæ нæ кæстæртæ æмæ уыдон кæстæртæ, сæ фæстæ Ирыстоны чи цæра, уыдон дæр. Къоста гениалон кæй уыд, ууыл ма дзурæг у уый дæр, æмæ йыл фыст кæй æрцыд дзæвгар æмдзæв-гæтæ, радзырдтæ, уацаутæ æмæ романтæ.

Цытджын мадзалы фæстæ адæм иуылдæр араст сты Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрмæ. Райдианы экраныл æвдыст æрцыд Къостайыл ист киноныв-тæй скъуыддзæгтæ. Театры артисттæ кастысты Къостайы фыст уацмыстæ.

Уый фæстæ трибунæмæ схызт Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта, зæгъгæ, мах не ‘ппæт дæр стæм гениалон Къостайы фæдонтæ æмæ ахæм адæймаджы тыххæй та дзурын дæр фæфæнды зæрдæбынæй. Къоста у нæ адæмы стъалы æмæ йæ рухсмæ махæн, кæдфæнды æмæ кæмфæнды дæр, цæуын у æнцон. Къоста йæ уацмыстæй махæн амоны, куыд хъæуы цæрын, ирон адæм æмæ Ирыстоны уарзын. Къостамæ бирæ хорз миниуджытæ уыдис. Уый æрмæст йæ адæмыл нæ хъуыды кодта, фæлæ æндæр адæмтыл дæр. Семæ йын уыд хорз бастдзинæдтæ æмæ йын абон дæр кæнынц стыр кад.

Уый фæстæ Бибылты Анатоли Къостайы премитæй схорзæхджын кодта лите-ратурæ, аивад, публицистикæ æмæ историйы къабазы се стыр æнтыстыты тыххæй Чехойты Олья, Уалыты Нинæ, Хъуылымбегты Роберт, Дзабиты Зарбег, Дзугаты Къоста, Гаглойты Юри æмæ журнал «Фидиуæг»-ы.

– Къостайы юбилеимæ иумæ, Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджыты бæрæгбон нысан кæй цыд, уый дæр æнæнхъæлæджы нæ уыд.  Уымæн æмæ Къоста ахуыргæнæг уыд æгас адæмæн, – дзырдта дарддæр Бибылты Анатоли æмæ ахуыргæнджытæн сæ бæрæгбоны цытæн раарфæ кæныны фæстæ «РХИ-йы Адæмон ахуыргæнæг» æмæ «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын нæмттæ радта, «Кады грамотæтæ» æмæ майдантæй та схорзæхджын кодта къорд ахуыргæнæджы. Уыдоны нымæцы уыдысты Тъехты Маринæ, Александрова Людмила, Æрсойты Геннади, Кокойты Азæ, Абайты Фатимæ, Гæззаты Заирæ, Козаты Маринæ, Джиоты Агуындæ, Абайты Тенгиз æмæ æндæрты.

Уый фæстæ залы уæвджытæн æвдыст æрцыдис бæрæгбонон концерт.

               Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.