6-æм июны Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты уагъд æрцыд историон зонæдты кандидат, Хуссар Ирыстоны зынгзæрдæ патриоттæй сæ иу, нæ республикæйы хистæр кары адæмæн хорз зонгæ чи уыд, нæ уыцы æмбæстаг, Цхуырбаты Иван Никифоры фырты рухс ном арыны цытæн зонадон конференци. Уым хайад райстой ацы институты зонадон кусджытæ, нæ республикæйы интеллигенцийы минæвæрттæ, ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Сæрмагондæй номарæн конференцимæ хуынд æрцыдысты ахуыргонды бинонтæ æмæ йе ʻввахс хæстæджытæ. Зонадон конференцимæ ма фæуазæг сты æмæ дзы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали æмæ ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим. Конференци сæрмагондæй уагъд цыдис Цхуырбаты Иваны 90 азы юбилейон бæрæгбон банысан кæныны сæраппонд æмæ уый фæдыл цымыдисон докладтæ бакастысты зонад-иртасæн институты зонадон кусджытæ, историктæ Пухаты Къоста æмæ Джиоты Мурат.

Зонадон конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты директор, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт. Уый, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта конференцимæ чи фæуазæг ис, æппæт уыдонæн æмæ дарддæр цыбыртæй загъта конференцийы куысты тыххæй. «Цхуырбаты Иван уыдис нæ зынгæдæр историктæй сæ иу. Уый тынг бирæ сарæзта Ирыстоны истори арфдæр сахуыр кæныны æмæ йын йæ ирд цаутæ раиртасыны хъуыддаджы», – банысан кодта институты директор æмæ уый фæстæ президиуммæ рахуыдта РХИ-йы Хицауады сæрдар Пухаты Эрикы, ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим æмæ дзæнæттаг Цхуырбаты Иваны бинойнаг Джиджджойты Сурæты.

Конференцийы зынгæ ахуыргонды тыххæй фыццаг доклад бакаст историон зонæдты кандидат, истори æмæ этнографийы хайады хистæр зонадон кусæг Пухаты Къоста ахæм темæйыл: «Патриот, ученый, гражданин».

– Зынаргъ президиум æмæ æрæмбырдуæвджытæ. Махæн нæ институты хорз традици ссис нæ зонадон коллективæй чи фæхъуыдысты, уыдоны рухс нæмттæ арыны тыххæй мысæн конференцитæ кæй фæуадзæм, уый. Уыдон, афтæ зæгъæн ис, æмæ кæй сты Хуссар Ирыстоны интеллигенцийы хуыздæр минæ-вæрттæ. Абон та æрбамбырд стæм  Цхуырбаты Иваны рухс ном арыны сæраппонд, йæ райгуырдыл иу мæйы размæ хъуамæ сæххæст уыдаид 90 азы. Абон мæ коллегæтæй бирæтæ раныхас кæндзысты Иваны тыххæй, фæлæ уы-мæн йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй доклад саразын бахæсгонд æрцыд мæнæн. Æмæ уын регламенты фæлгæтты радзурдзынæн нымдахуыргонд, стыр патриот æмæ хорз адæймаг кæй уыдис Иван Никифоры фырт. Иван кæд историон зонæдты доктор нæ уыд, уæддæр йæ бирæ куыстытæ дзурæг сты, егъау фæд кæй ныууагъта Ирыстоны историйы размæцыды хъуыддаджы.

Цхуырбаты Иван  райгуырд 1927 азы 5-æм майы Дзауы районы Хуымысæрты хъæуы (ныртæккæ Хслебы хъæу). Цхуырбаты Иван æвзонгæй райдыдта кусын. 15-аздзыдæй бацыд кусынмæ сæ хъæуы колхозмæ. Дзауы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ 1944 азы ахуыр кæнынмæ бацыд уæды горæт Сталиниры педагогон институтмæ ирон филологийы факультетмæ. 1948 азы, куыд хорз специалист, афтæ нысангонд æрцыд фæскомцæдисы организацийы куыстмæ æмæ сси Дзауы райкомы Ленинон коммунистон фæсивæды цæдисы (ЛКСМ) нымæрдар. Ацы куысты йын йæ архайдæн хорз аргъ кæй скодта уæды хицауад, уымæ гæсгæ тагъд рæстæгмæ ист æрцыд Советон цæдисы ком-партимæ. Уый та ахуыргондæн гом кодта йæ карьерæ сырæзынæн уæрæх фæн-дæгтæ. 20-аздзыдæй Иваны ракодтой æрцыд Дзауы районы партион комитеты инструкторы бынатмæ. Дарддæр та куыста Чеселты астазон скъолайы директорæй. Уыд газет «Советон Ирыстон»-ы агитаци æмæ пропагандæйы хайады гæс. Куыста ма паддзахадон музейы хайады гæсæй дæр. Музейы кусгæйæ, Иван экспонаттæ куы ахуыр кодта, уæд тынг райдыдта цымыдис кæнын йæ адæмы рагон историмæ, бæстæзонæны къабазы фарстытæм. Уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта æмæ равзæрста тынг цымыдисон ын чи уыд, уыцы дæсныйад. 1951 азы бацыд ахуыр кæнынмæ Ленинграды паддзахадон университеты аспирантурæмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци нысангонд рæстæгмæ. 1954 азы та æнтыстджынæй бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци ахæм темæйыл: «Восстановление и развитие народного хозяйства в Южной Осетии в 1945-1950 годах».

Æрыгон историкы дарддæры куыстыл серьезонæй бандæвта, Советон историон зонады корифейтимæ йын бастдзинад кæй уыдис æмæ-иу арæх семæ кæй фембæлд, уый. Уыдон та уыдысты академик Э.В. Тарле, Ленинграды университеты профессортæ С. Н. Волк, С. Б. Окунь æмæ æндæртæ.

Историкы дæсныйад равзаргæйæ, Иван кæддæриддæр æнувыд уыд йæ куыстыл. 1956 азæй йæ амæлæты бон-тæм куыста ХИЗИИ-ы историйы хайады. Уыдон та сты продуктивон куысты 51 азы.

Иваны зонадон куыстытæ фылдæр сты Ирыстоны рагон истори, нырыккон политологийы проблемæтæ раиртасын, ирæтты этнографийы проблемæтæй суанг СЦКП æмæ фæскомцæдисы фарстытыл. Сæрмагонд куыстытæ йын ис хицæн æмæ хицæн партион, æхсæнадон архайджытыл, революционертыл, Хуссар Ирыстоны Советон хицауад саразыныл чи архайдта, уыцы тохгæнджытыл, æфсæддон хистæртыл æмæ ирон хъайтартыл. Коллективон куыстытæ «Борцы революционного движения Юго-Осетии», зæгъгæ, у абон аргъ кæмæн хъæуы, уыдонæй сæ иу, кæцыйы  бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рацыд 1960 азы. (Бакуыстой ма йыл Цыбырты Л., Уанеты З., æмæ Плиты Б.).

Цхуырбаты Иванæн йæ фыссæн сисы бынæй рацыд 30 монографийæ фыл-дæр, документтæ æмæ æрмæджыты æмбырдгæндтæ, хицæн брошюрæтæ. Иван ма егъау куыст бакодта Мæскуы, Ленинград, Тбилис, Астрахань æмæ Бакуйы архивты æмæ афтæмæй æрæмбырд кодта цымыдисон æрмæг. Профессор Санахъоты Мурат Иваны археографион бынтæ куы ахуыр кодта, уæд йæ хъус адардта «История Осетии в документах и материалах»-ы фыццаг томы ратæдзæнтæм, кæцытæ æнхъæвзынц рагзаманæй XVIII-æм æнусы онг. Уыдон сты зынаргъ скъуыддзæгтæ Леонтий Мровелийы «Картлис Цховреба»-йæ (XI æнус), афтæ ма «Путь грузинских царей», «Жизнь Вахтанга Горгасала», «Жизнь царя царей Давида» и «Жизнь  царицы царей Тамары», «Памятник Ксанских Эриставов» æмæ бирæ æндæр æрмæджытæй. Уæдæ афтæ зæгъæн ис æмæ Иван махæн кæй ныууагъта аргъ кæмæн нæй, ахæм бынтæ æмæ йын кæддæриддæр хъæуы аргъ кæнын.

Абоны Ирыстон, стыр ныхас мын ма рауайæд, фæлæ Иванæй хæсджын у, йæ сæйраг паддзахадон символикæ – Гербæй. Бæрæг куыд у, афтæмæй, абон махæн цы Герб ис, уый Иваны фæрцы бафтыд нæ къухты. 1961 азы Гуырдзыстоны Къухфыстыты Институты фонды куы архайдта йæ куыстыты фæдыл, уæд дзы ссардта Ирыстоны Герб Вахушти Багратионийы автографон картæйыл. Иван сæм бахатыд, цæмæй уыцы картæйы радтаиккой Хуссар Ирыстоны паддзахадон музеймæ, фæлæ йын не сразы сты. Уæд Иван бавдæлд, радавта йæ æмæ йын систа йæ къам.

90-æм азты Гуырдзыстон ирон адæмы ныхмæ геноцид куы расидт, уæд Ирыстоны бартыл чи сдзырдта æмæ активонæй сæ ныхмæ чи тох кодта, уыдонмæ хауы Цхуырбаты Иван дæр. Мах æвдисæн стæм, уыцы рæстæджы-иу цы митингтæ арæзт цыдис, уыдоны активон хайадисæг-иу кæй уыдис, уымæн дæр. 1991 азы 6-æм марты ма цæф дæр фæцис знаджы нæмыгæй æмæ, бузныг нæ дохтыртæн, уыдон фæрцы фервæзти. Æнæуый та Иван æрдзæй уыд физикон æгъдауæй тыхджын, зæрдæхъæлдзæг æмæ цыргъзонды хицау.

Цхуырбаты Иван йæ цардæй ахицæн 2007 азы 20 июлы. Афтæмæй нал æрæййæфта, нæ адæм цæмæ бæллыдысты, уыцы триумфалон уæлахиздзинад», – радзырдта Пухаты Къоста.

Дарддæр конференцийы доклад сарæзта историон зонæдты кандидат, Ирыстоны ног æмæ ногдæр историйы хайады гæс Джиоты Мурат ахæм темæйыл: «Вопросы новой и новейшей истории в освещении Ивана Никифоровича Цховребова». Уый дæр банысан кодта, ахуыргонд Цхуырбаты Иван кæй уыд хъæлдзæг æмæ цардуарзаг. «Иваны æз тынг рагæй зыдтон.  Иуæй ахуыр кодта мæ фыдимæ, иннæмæй та мын уыд ахуыр-гæнæг институты. Кастис нын Советон периоды истори. Аннæмæй та, æз аспирантурæ каст куы фæдæн æмæ кусынмæ куы æрцыдтæн ардæм, уæд мæ Иван фæхуыдта кусынмæ йæ кабинетмæ æмæ дзы фæкуыстам иумæ 6 азы бæрц. Уымæ гæсгæ мæнæн мæ бон у æмæ дзурон Иваны тыххæй, куыд стыр ахуыргонд æмæ стыр адæймаг, афтæ.

Иванæн Ирыстоны æмæ Кавказы истори никуы цыд дихгонд хицæн æмæ хицæн периодтыл. Уымæн уыдон иууылдæр уыдысты, куыд иу адæмы истори, афтæ. Уыдон бæрæг сты, йæ куыстыты Советон æмæ фæссоветон периодыл куы фыста, уæд. Иван уыд фæндвидар, йæ бон уыд алкæимæ дæр иумæйаг æвзаг ссарын. Йæ разы-иу исты хæс куы æрæвæрдта, уæд æнæмæнг хъуамæ сарæзтаид. Мæ размæ йæ Къоста дæр загъта, абон нæм нæ Герб ис æрмæстдæр Иваны тыхы фæрцы æмæ уый кæуылты хъуыддаг у. Иван хорз ахуырад райста уæды рæстæгмæ гæсгæ, ахуыр кодта Советон Цæдисы иууыл хуыздæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы – Ленинграды паддзахадон университеты. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый хорзæрдæм бандæвта фидæны ахуыргондыл.

Иванæн æрмæст йæ æртæтомон чиныг йедтæмæ куы ницы рацыдаид, уæддæр йæхицæн сарæзтаид цыртдзæвæн. «История Осетии в документах и материалах» – афтæ хуыйны йæ фыццаг том. Дыккаг æмæ æртыккаг та «История Юго-Осетии в документах и материалах». Æрæджы нын уыд нæ ахуыргæндты совет Иваны 90 азы юбилейы тыххæй æмæ аскъуыддзаг кодтам, цæмæй бахатæм нæ республикæйы къухдариуæгадмæ æмæ уæлдæр цы чиныджы кой скодтон, уый цæмæй ногæй рауадзæм. Уымæн æмæ у тынг хъæуæг нæ историон зонады. Мæнмæ гæсгæ йын фæрæзтæ ссардзысты æмæ ногæй рацæудзæн рухсмæ», – загъта Джиоты Мурат. Дарддæр уый лæмбынæг æрдзырдта Иваны зонадон куыстытыл æмæ йæм æрæмбырдуæвджытæ дæр хъуыстой стыр цымыдисимæ.

Джиоты Мураты ацы фарстæн РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæ раныхасы рæстæджы дзуаппы хуызы банысан кодта, зæгъгæ, Цхуырбаты Иваны ацы чингуытæ хъæуæг кæй сты æмæ кæй хъуамæ уой канд зонад-иртасæн библиотекæйы нæ, фæлæ ма республикæйы æппæт библиотекæты дæр. Пухаты Эрик ма сын ныфс бавæрдта, чиныг рауадзынæн сын æхцайы фæрæзтæ кæй ссардзысты хицауады æххуысæй.

Дарддæр ма зонадон конференцийы сæ мысинæгтæ Иваны тыххæй дзырдтой институты æндæр зонадон кусджытæ дæр æмæ кæронбæттæны уымæн йæ бинойнаг Джиджджойты Сурæт та бузныджы ныхæстæ загъта, йæ сæрыхицауæн ын ахæм стыр аргъ кæй кæнынц æмæ йæ кæй хъуыды кæнынц, уый тыххæй. Радзырдта ма сын, Иван бинонты царды цыхуызæн хорз адæймаг уыд, уый æмæ йын йæ амæлæтыл дæр уымæн кæй риссынц сæ зæрдæтæ.

Цхуырбаты Лариса

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.