Президент Тыбылты Леониды арфæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы боны цытæн

 

Цытджын æмбæстæйонтæ, зынаргъ æмбæлттæ!

Арфæ уын кæнын нысаниуæгджын бæрæгбон  Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы боны цытæн. 2001 азы 8-æм апрелы иумæйаг адæмон хъæлæсæппæрсты руаджы райст Конституци бирæ азтæм  рагагъоммæ сбæлвырд кодта, адæмы барвæндæй арæзт Хуссар Ирыстоны, куыд хæдбар демократон паддзахады рæзты фæндаг.

Бæстæйы паддзахадон æнæфæтасгæ хæдбардзинад фидаргæнгæйæ, Конституци нæ адæмæн радта уæззау фæлтæрындзинæдты сæрты ахизыны фадат, Уæрæсейы Федерацийы нæ Республикæйы банымайынæн барадон бындур суæвгæйæ. Конституци скодта фидар юридикон бындуртæ   æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинады гарантитæн, паддзахадон арæзтад æмæ закъондзинад сифтонг кæнынæн.

Символикон у уый, æмæ ацы аз мах нысан кæнæм Конституцийы бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ æвзæрстыты æмæ нæ бæстæйы историон ном раздахыны фæдыл референдумы хæдразмæ. Растдæр Конституци дæтты махæн адæймаджы æмæ æмбæстаджы бындурæвæрæн бартæй иу – хъæлæс дæттыны, æвзарыны бары æмæ æвзæрст уæвыны гаранти.

Закъоны уæлиондзинад ифтонг кæны, сæрибар барвæнд равдисыны бар кæмæн ис, алы уыцы æмбæстагæн дæр, цæмæй йæ сæххæст кæнынæн мацы цæлхдуртæ уа. Фидарæй мæ уырны, æвзæрстытæ æмæ референдум кæй ацæудзысты бæрзонд политикон активондзинады уавæры, æмæ 9-æм апрелы нæ бæстæйы алы æмбæстаг дæр, нæ адæм хайджын кæмæй сты, уыцы бæрзонд æмбæстагон бæрндзинадимæ, æрбацæудзæн æвзарæн фадгуытæм æмæ сæрибарæй равзардзæн нæ бæстæйы хæрзиуæгæн цы у, уый.

Конституцийы бонмæ бæрæгбонон арфæтимæ иумæ æрвитын Республикæ Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаг, йæ алы цæрæгæн дæр фарны, амонды æмæ хæрзиуæджы фæндиæгтæ.

Æгас цæуæд Республикæ Хуссар Ирыстон!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.