Публицист развæлгъау хъуамæ зона йе ‘рмæджы фарстæн дзуапп æмæ лæуд уа фидар позицийыл, стæй йæ адæмы рæгъмæ рахæсса факттимæ цымыдисонæй.

25-æм июлы «Спутник Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры уазæг уыд зындгонд украинаг журналист Кирилл Вышинский, кæцы бынæттон журналисттæн ауагъта мастер-класс «Публицистика в традиционных и новых медиа», зæгъгæ, ахæм темæйыл. Мадзал организацигонд æрцыдис проект SputnikPro-йы ахуыргæнæн программæйы фæлгæтты æмæ уыдис æрмæстдæр иу бонæн. Абон дзыллон информацийы фæрæзты кусгæйæ, журналистты куыст цæмæй бæрзонд æмвæзадыл æххæст цæуа, уый тыххæй стыр æххуыс вæййынц ахæм мадзæлттæ, кæцыты рæстæджы Кирилл Вышинскийы хуызæн дæсны журналисттæ зæрдыл æрлæууын кæнынц студентты рæстæджы кæй сахуыр кодтам æмæ куысты рæстæджы, цæмæдæр гæсгæ, чи айрох вæййы, уыцы цæттæдзинады фæткойтæ, афтæ ма журналистикæйы цы ногдзинæдтæ фæзынынц, уыдон цæмæй баххæст кæнæм æмæ сæ нæ куысты рæстæджы спайда кæнæм.

Профессионалон журналист Кирилл, фыццаджыдæр, райхæлдта цы у публицистикæ æмæ цæмæй хицæн кæны æндæр жанртæй. Уый ма йæ коллегæтæн цыбыртæй æрдзырдта йæ куыст æмæ архайды тыххæй дæр. Ныртæккæ Украинæйы цы спецопераци уагъд цæуы, уый дзыллон информацийы фæрæзты куыстыл куыд бандæвта, стæй информацион хæсты цы уавæрты тох кæнынц, уыдæттæ дæр рæгъмæ рахаста йæ аудиторийæн æмæ бамбарын кодта, зæгъгæ, цы стыр информацион машинæ кусы уырыссаг журналистикæйы ныхмæ, уым сæ тох æнæхъуаджы кæй нæу æмæ сайды бынаты цы фæсарæйнаг бæстæты адæмтæ ис, уыдонмæ раст информаци фæхæццæ уыдзæн æмæ æппынфæстагмæ рæстдзинад уæддæр кæй фæуæлахиз уыдзæнис.

Фæлтæрд журналист Кирилл Вышинский куыд зæгъы, уымæ гæсгæ информаци адæттынæн ис стыр нысаниуæг.

 

Журналистикæйы ис йæхи авналæнтæ æмæ зонæнтæ, кæцыты хъахъхъæны закъон. Уымæ гæсгæ журналист бæрндзинад хæссы куыд закъоны, афтæ адæмы раз дæр æмæ уымæй хицæн кæны блогертæй дæр. Профессионалон журналист бæрндзинад хатгæйæ, хъуамæ зона уыцы фæткойтæ æмæ домæнтæ.

Кирилл ма куыд банысан кодта, афтæмæй публицистон уацы газет-кæсæг æнæмæнгдæр хъуамæ уына æмæ æмбара авторы тæрхæттæ, йæ рæстдзинад.

«Йæ рæстæджы, журналистикæйы фæндагыл куы слæууыдтæн, уæд æнцон нæ уыд журналисты куысты бынат ссарын. Советон дуджы журналистты кæм цæттæ кодтой, уыцы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ уыдысты фондздæсы бæрц. Цæмæй газетмæ бахаудаис, уый тыххæй дын кæнæ фæлтæрддзинад хъуамæ уыдаид, кæнæ та дын хицау уыдаид, науæд та уыдаис коммунистон партийы уæнг.

Нырыккон домæнтæн чи дзуапп кæны, уыцы размæцыд техникæ æмæ интернеты руаджы алкæцы адæймагæн дæр йæ бон у æмæ уа журналист. Социалон хызæджы цалдæр минутмæ йæхи срегистраци кæндзæн æмæ йын афтæмæй фæзындзæн йæхи блог, кæцы æрæмбырд кæна цалдæр мин адæмы. Уыдон адæмы рæгъмæ æрхæссынц æндæр æмæ æндæр темæтæ, фæлæ куы зæгъæм, уæд публицисттæ не сты. Уымæн æмæ канд фарстытыл сдзурынæй дарддæр ма фæхъæуы, уыдонæн дзуаппытæ скæнын дæр, стæй радтын хъæуы ахæм дзуаппытæ, цæмæй адæмæн уой цымыдисон», – банысан кодта Кирилл Вышинский.

Дæнцæгæн ма æрхаста дунейыл цы коронавирусон инфекци апарахат, уый æмæ вакцинацийы темæ. «Паникæйы рæстæджы алкæцы адæймаг дæр цæхгæр æвæрдта фарст, зæгъгæ, прививкæ саразон, æви тæссаг вирус адæмыл парахат кæнон. Æз ацы темæйыл кусгæйæ, фыццаг слæууыдаин иу позицийыл æмæ банысан код-таин вакцинæйы ныхмæ чи уыдис, уыдон хъуыды. Уымæн æмæ адæм фидарæй нæ зыдтой, зæгъгæ, вакцинæ куы саразой, уæд сын се ‘нæниздзинадыл куыд бандавдзæнис æмæ сын сомбон цавæр фæстиуджытæ ныууаддзæнис. Йæ зæнæг конд кæмæн нæма уыдис, уыдон стыр катайы бацыдысты. Стæй ма банысан кодтаин, адæймагæн йæ бар йæхи кæй у, уый. Дарддæр слæууыдаин иннæ позицийыл дæр æмæ банысан кодтаин, вирус иу-уыл тæссагдæр кæмæн уыдис æмæ йæ цард дыууæйыл кæмæн уыд, уыдон дæр равдыстаин, куыд гæнæн ис, афтæ ирддæрæй æмæ хатдзæгтæ сарæзтаин эмоционалон-экспрессивон хъуыдытæй спайда кæнгæйæ. Фарст цæхгæр сæвæрдтаин æмæ бафарстаин, зæгъгæ, дæ фæнды æмæ дæ уар-зон æмæ кардзыд ныййарджытæм вирус æрбахæссай æмæ афтæмæй сæ марæг суай. Ацы хъуыддаджы адæймаг йæхæдæг хатдзæгтæ сараздзæн æмæ аскъуыддзаг кæндзæн, вакцинæ сараза æви низ парахатгæнæг уа, уый», – зæгъы журналист. Уый ма дæнцæгæн æрхаста Достоевскийы роман «Преступление и наказание»-йы дæр, цы ран автор, йæ хъайтар мæгуыр студенты руаджы, иуыл сæрæй дæр зоны йæ фарстæн дзуапп.

Мастер-классы кæрон журналисттæ Кирилл Вышинскиймæ лæвæрдтой сæ фарстытæ, кæцытæн-иу райстой уæрæх æмæ æмбарынгæнæн дзуаппытæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн, журналисттæн тынг пайда уыдис ацы мастер-класс. Уымæн æмæ, лæгæй-лæгмæ базонгæ стæм ног фæлтæрд журналистимæ, кæцы нын бацамыдта йæ куысты сусæгдзинæдтæ. Йæ арф æмæ бæстон хъуыдыты руаджы адæймаджы сæры æвзæрдысты алыгъуызон темæтæ æмæ уыдон Вышинскийы амындмæ гæсгæ куыд хуыздæр гæнæн ис ныффыссын, уыдæттæ. Кирил Вышинский, ныхас дæр дзы нæй, у ахæм журналист, кæцы æнувыд у йæ дæсныйадыл, аудгæ ахаст йæ профессимæ кæй дары, уый бæрæг уыдис, хуымæтæджы æвзагæй махæн кæй райхæлдта йæ темæ, уымæй. Цы дыууæ сахаты мидæг уагъта мадзал, уыцы рæстæг афтæ атахт æмæ йæ хатгæ дæр нæ фæкодтон.

Зындгонд журналист Кирилл Вышинский 25 азæй фылдæр кусы журналистикæйы къабазы. Райгуырд æмæ схъомыл ис Украинæ-йы горæт Днепропетровскы. Уæлдæр ахуырад дæр райста уыцы ран, каст фæцис Днепропетровскы паддзахадон университеты филологон факультет æмæ уый фæстæ цалдæр азы бæрц ахуыргæнæгæй бакуыста скъолайы.

Кирилл Вышинскийæн, фыццаджыдæр, рæстдзинады сæрыл уыд æмæ у йæ тох. 2006 азæй 2014 азмæ уыд ВГТРК-йы собкорр. 2014 азы та ссис информацион портал «РИА Новости Украина»-йы сæргълæууæг. Украинайы кусгæйæ, Майданы æрцæугæ цауты тыххæй адæмы рæгъмæ раст информаци кæй хаста, уымæ гæсгæ йæ фæазымджын кодтой æмæ йæ рахуыдтой паддзахады знаг. Уый ныфс уыдис йæ рæстдзинады сæраппонд ын Уæрæсе кæй баххуыс кæндзæн æмæ йæ ахæстонæй кæй ссæрибар кæндзысты. Æмæ æцæгæйдæр афтæ рауад. Уæрæсейаг æхсæнадон архайджытæй дарддæр ма ахст журналисты сæрыл активонæй дзырдтой зындгонд фæсарæйнаг адæймæгтæ дæр, куыд, зæгъæм, йæ французаг коллегæ Арлем Дезир æмæ æндæртæ. 2019-æм азы йæ ахæстонæй рауагътой æмæ уæдæй нырмæ цæс-гомджынæй æххæст кæны журналисты куыст. Йæ профессионалон архайды тыххæй хорзæхджын æрцыд паддзахадон хорзæхтæй дæр. Ныртæккæ у медиа-компани «Россия сегодня»-йы директор.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.