Æрæджы Казаны кусæгон балцы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Галуанты Александр æмæ уым хайад райста Ахуырады министрты дыккаг дунеон форум «Формируя будущее»-йы. Ам сæрмагондæй хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Ахуырады министр Сергей Кравцов. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой Ахуырады министрады пресс-службæйы.

«Казанмæ æрцыд тынг бирæ уазджытæ, æдæппæтæй дунейы 40 бæстæйæ. Форумы нысаниуæг у, цæмæй дунейæн равдисой фыдыбæстæйон ахуырады системæйы размæцыд. Уый у æрвылазон æмæ ахуырады къабазы кусджытæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæндзысты æмæ сæ пайда кæндзысты сæ куысты.

Форумы пленарон  рабадты доклад сарæзта Галуанты Александр. Уый банысан кодта форумы нысаниуæг, ахуырады къабазы ахсджиаг фарстаты фæдыл æрдзурынæн уникалон фæзуат кæй у, уый», – банысан кодтой пресс-службæйы.

Галуанты фырт йæ раныхасы йæ коллегæтæн фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрад ныридæгæн кусынц сывæллæтты технопаркы проектыл æмæ йæ  фæнд кæнынц æрыгон техникты станцæйы базæйыл бакæнын. Уæрæсейы Федерацийы Ахуырады министр Сергей Кравцов йæ раныхасы рæстæджы арфæ ракодта Галуанты Александрæн йæ доклады тыххæй æмæ бахахх кодта, технопаркы сырæзт ахсджиаг кæй у æмæ сын Уæрæсейы профилон министрад ацы хъуыддаджы кæй баххуыс кæндзæн.

Форумы программæйы фæлгæтты Галуанты Александр бацыдис Казаны  сывæллæтты реабилитацион центр «Апрель»-мæ æмæ базонгæ ис сæ куысты уавæртимæ.

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.