Æрæджы Анахарсисы номыл республикон национ библиотекæйы РХИ-йы Культурæйы министрады цур адæмон сфæлдыстады республикон центр ауагъта IV республикон къамты конкурс «Хуссар Ирыстон»-2018».

Ацы конкурс азæй азмæ æрбамбырд кæны ног æмæ ног хайадисджыты æмæ афтæмæй къамисджыты нымæц кæны фылдæр. Мæйы дæргъы центр йæхимæ иста хайадисджыты къамтæ цыппар номинацимæ гæсгæ: пейзаж, хуызист, Цхинвал абон, Республикæйы цыртдзæвæнтæ æмæ фенддаг бынæттæ. Центрмæ цы къамтæ æрбавдыстой, уыдоны нымæц ахызт сæдæйæ, сæ фылдæр уыдысты пейзажы номинацийы.

Конкурсæн аргъ кодта жюрийы сæрдар, Нывгæнджыты  цæдисы  сæрдар Цхуырбаты Тамерлан, йæ уæнгтæ – РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, адæмон сфæлдыстады центры директор Гуыцмæзты Елизаветæ æмæ профессионалон нывисæг Алексей Ковалев. Конкурсы хайад райстой алы æмæ алы кары адæймæгтæ дæр. Къамтæн æмбæлон аргъ скæныны фæстæ жюри скодта ахæм хатдзæгтæ: «Хуызист»-ы номинацийы 1-аг бынат лæвæрд æрцыд Гасситы Заринæ æмæ Къæбулты Æхсарæн; 2-аг бынат дæр райста Къæбулты Æхсар; 3-аг бынат фæцис Цхуырбаты Марияйы.

«Республикæйы цыртдзæвæнтæ æмæ фенддаг бынæттæ»-йы номинацийы 1-аг бынат саккаг кодтой Мæргъиты Ирбегæн; 2-аг бынат – Къæбулты Æхсарæн; 3-аг бынат – Гæззаты Тимурæн. Номинаци «Цхинвал абон»-ы 1-аг бынат лæвæрд никæмæн æрцыд; 2-аг бынат – Къæбулты Æхсарæн; 3-аг бынат дæр –  Къæбулты Æхсарæн.

«Пейзаж»-ы номинацийы 1-аг бынат – Бестауты Заринæйæн; 2-аг бынат – Гасситы Геннадийæн; 3-аг бынат – Туаты Иринæйæн.

Конкурс уагъд æрцыд РХИ-йы Хæдбардзинады Акт расидыны боны сæраппонд. Йæ уæлахиздзаутæ æмæ æппæт хайадисджытæ хорзæхджын æрцыдысты Культурæйы министрады Кады грамотæтæй, Адæмон сфæлдыстады центры дипломтæй æмæ алыгъуызон лæвæрттæй.

Къæбысты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.