Ис ахæм адæймæгтæ æмæ сæхи уды хæрзиуæгæн цæттæ сты æндæртæн  зындзинад саразынмæ, фæлæ ис ахæмтæ дæр, кæцытæ цæттæ сты искæмæн балæггад кæнынмæ, æгæрыстæмæй, сæ цард нывондæн æрхæссынмæ дæр.  Йæхи царды аргъæй, æндæртæн  цард чи балæвар кодта, уыдонæй сæ иу уыд нæ горæты цæрæг, æвзонг, цардбæллон лæппу Кокойты Махарбег.

Уый уыд 1993 азы июны мæйы. Уæд æгас республикæйы цæрджытыл айхъуыст уæззау хабар: нæ горæты Зæронд хидмæ хæстæг бабын æвзонг лæппу. Бабын, цæмæй фервæзын кодтаид дыууæ æвзонг лæппуйы, æфсымæрты. Æмæ сæ фер-вæзын кодта. Бахардз йе ‘взонг уæнгты хъару уыдоныл, нал дзы ныууагъта йæхицæн æмæ йæ бон нал бацис цæугæдоны знæт уылæнты хъæбысæй йæхи раскъуынын…

Махарбег не ‘руагъта Джиоты хæдзарыл дыууæ цыфыддæр зианы, фæлæ йæхи бинонты, йæ хиуæтты та уæззау масты ныппæрста. Йе ‘мгæрттæ та фæцух сты ныфсджын, уыцы уæззау азты кæд-дæриддæр се ‘нцой чи лæууыд, ахæм æмбалæй. Фæрыстысты Махарбегыл, кæй æхсæн хъомыл кодта, уыцы сыхæгтæ æмæ æнæзонгæ, æцæгæлон адæм дæр. Фæрыстысты, фæлæ дзы уыимæ сæрыстыр уыдысты ахæм сгуыхтдзинады тыххæй дæр.

Ныр та нæ цæст ахæссæм æрмæстдæр бæрцæй 17 азы чи рацард, уыцы лæппуйы цардвæндагыл, йæ уды хорз миниуджытыл, кæцытæ цæвиттойнаг сты алы æвзонг адæймагæн дæр.

Нæ горæты райгуырд æмæ хъомыл кодта Махарбег. Чысылæй дæр æгъдауджын, коммæгæс уыдис, зæгъынц, чи йæ зыдта æмæ кæй æхсæн хъомыл кодта, уыцы сыхæгтæ дæр.

Махарбег йæ рæстæг дзæгъæлы нæ сæфта, скъолайы ахуыры æмрæнхъ архайдта спорты дæр. Цыд каратэ æмæ боксмæ…

Цардбæллон лæппу уыдис Махарбег. Фæндыд æй царды йæхи фæндагыл тагъддæр слæууын. Уый тыххæй бацыд Алагиры профтехахуыргæнæндонмæ æмæ уым райста астæуккаг ахуырад дæр.

Бæргæ йæм бирæ рæсугъд бæллицтæ уыд, фæлæ райдыдта уæззау фыдæвзарæнты дуг, бахъуыд хæцæнграз райсын æмæ фыдызæхх бахъахъхъæныны сæр. Кæд нырма хæрзæвзонг уыд, уæддæр арæхстис хæцæнгæрзтимæ. Уый йын фыдæлтæй баззад. Дзырдтой, зæгъгæ, йæ фыдыфыд, Църуйы хъæуы цæрæг, уыд арæхстджын цуангæнæг. Уæдæ йæ фыд Зауыр дæр Советон Æфсады рæнхъыты службæ кæнгæйæ, райста «Иттæг хорз æхсæджы» ном. Æмæ сæ фæдон Махарбег дæр ныр ныфсджынæй æрлæууыд рай-гуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты æм-рæнхъ.

Махарбег службæ кодта милицийы сæрмагон нысаниуæджы къорды дæр. Уæд ОМОН-ы хæстонтæн сæ лæггæдтæ бирæ уыдысты куыд æддагон знæгты ныхмæ тохы, афтæ не ‘хсæн уыцы змæст дуджы цы фыдгæнджытæ сарæх сты, уыдоны ныхмæ тохы дæр. Уыцы хъуыддагмæ йæ хайбавæрд хаста Махарбег дæр.

Хæстон ныхмæлæудæн кæрон æрцыд 1992 азы сæрды. Уæд æрцыдысты нæ зæхмæ фидауынгæнæг тыхтæ. Нал хъуыстысты æхстытæ. Кокойты Махарбег ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ географион факультетмæ. Ахызтис дыккаг курсмæ. Фæлæ та йæ ногæй бахъуыд хæцæнгарз райсыны сæр. Ныр та Цæгат Ирыстоны зæххыл хæсты арт чи бандзæрста, уыцы мæхъæлы ныхмæ. Уырдыгæй дæр та уæлахизæй æрыздæхт йе ‘мбæлттимæ Махарбег.

Уæлахиздзауæй рахизынмæ хъавыд цæугæдоны знæт уылæнты хъæбысæй дæр, фæлæ уыдон тæссагдæр разындысты цыфыддæр знагæй… Цымæ цæуыл хъуыды кодтаид, 17 азы кæуыл цыдис, уыц лæппу, доны чи хуыдуг кодтой, уыцы лæппуты ирвæзын кæнынмæ тагъд кæнгæйæ? Кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи цардыл нæ. Тагъд кодта æндæрты цард фервæзын кæнынмæ. Æмæ йæхи царды аргъæй сæххæст кодта йæ хæс. Фæлæ йын уыцы хæс ничи бабæрн кодта, уый йæ йæхæдæг æнкъардта, кæй хъæуы баххуыс кæнын тыхст адæймæгтæн… Ахæмтæ арæх не сты. Дæлдонгæнджытæм кæсджытæ дæр куыннæ уыдис, катай кодтой, фæлæ йæ ныфс ничи бахаста знæт уылæнтæм баленк кæнынмæ, лæппуты фервæзын кæнынмæ. Махарбег сæм баппæрста  йæхи. Иуы дзы раласта йæ бецыккæй, иннæйы дæр ратъæпп кодта æддæмæ, фæлæ йын йæхи ацахста æгъатыр хуыдым æмæ йæ  куыройы цалхау ныззылдта, стæй бынтондæр нал фæзынд. Дыккаг бон æй дон йæхæдæг хæрдмæ сæппæрста æмæ йын афтæмæй райстой йæ мард буар. Æхсæв-бонмæ та доны былтыл дзыназгæ ралидз-балидз кодтой йæ ныййарджытæ, йæ хо Алинæ æмæ йе ‘ввахс хиуæттæ. Ам нæ зæрдыл æнæмæнг æрлæууы Дзуццаты Дзигойы лæгдзинад. Уый йæ сæрмæ не схаста иу сомыл Терчы иннæ фарсмæ баленк кæнын. Баленк дзы кодта лæгдзинады тыххæй æмæ бабын. Махарбег донмæ йæхи лæгдзинады тыххæй нæ баппæрста. Уый йæхи баппæрста æвзонг удты фервæзын кæнынмæ æмæ уыцыиурæстæджы равдыста лæгдзинад дæр æмæ хъæбатырдзинад дæр.

Нал бантыст Махарбегæн йæ ахуыр адарддæр кæнын, нал ын бантыст йæ уарзон чызджы æркæнын, цы бирæ рухс бæллицтæ йæм уыд, уыдон сæххæст кæнын…

Махарбегæн йæ цыбыр цард уыд ирд æмæ цæвиттойнаг æмæ мах хæсджын стæм, цæмæй йæ нæ зæрдыл дарæм, йæ ирд цардимæ йын зонгæ кæнæм кæстæрты. Уымæн æмæ цы цыбыр цардæй рацард, уымæй уыд цæвиттойнаг.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.