Кæронмæ бахæццæ ис Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты комплексы арæзтад. Куыд зонæм, афтæмæй арæзтадон куыстытæ райдыдтой аивгъуыйгæ 2016 азы. Арæзт та æрцыд, 2008 азы хæсты рæстæджы чи басыгъдис, уыцы бæстыхайы бынаты. Комплексы ис цыппаруæладзыгон ахуыргæнæн бæстыхай 700 бынатæн, культурон-хиирхæфсæн корпус, спортивон зал æмæ уæлдæр ахуырады центр. Уыдоны ныртæккæ цæуы æфснайæн куыстытæ. Æфснайд куы фæуой, уæд дзы æвæрд æрцæудзысты хъæдын дзаумæттæ.

Комплексы арæзтады минæвар Цоциты Тамаз куыд загъта, афтæмæй хæрзарæзт æрцыд комплексы алыварс территори. Хъæуы ма дзы ныссадзын цъæхдарæнтæ, фæлæ уый тыххæй уыдон бафæрсдзысты хæрзарæзтады комбинаты цъæхдарæнты хайады кусджыты, æмæ кæд рæстæг нал амоны, уæд сæ ныссадздзысты уалдзæджы.

Ныр та уал кусджытæ æрæвнæлдтой фæстаг куыстмæ – университеты бахизæны тротуар схæрзарæзт кæнынмæ – æвæрынц ыл тротуарон плиткæ.

Куыд зонæм, афтæмæй университеты ног корпусы арæзтад реализаци цæуы 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Объекты иумæйаг аргъ, проектон-сметæйон документациимæ у 646 милуан сомы, арæзтады фæзуат та – 1200 квадратон метры.

Комплексы æппæт куыстытæ дæр æххæст æрцыдысты гъæдджынæй, график хъахъхъæнгæйæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.