Зынгæ ирон поэт, журналист, æхсæнадон архайæг, йæ радтæг адæмы аккаг фырт æмæ патриот Икъаты Владимир Антъоны фырты амæлæтæй кæд 28 азы рацыд, уæддæр абон дæр йæ рæсугъд фæлгондз сысты нæ цæстыты раз. Курдиатджын поэтæн кæд 53 азы йеддæмæ цæрын нæ бантыст, уæддæр йæ диссаджы курдиат, миддуне, йæ рæсугъд удыхъæды руаджы йæ ном цæргæйæ баззади уæлæуыл йæ бирæ хæлæртты, йæ хиуæтты æмæ йæ уарзон ирон адæмы зæрдæты.

Икъаты Владимирæн æрдзæй радтгæ уыдысты поэты курдиат, царды æнæрынцойдзинад, æдзухдæр царды гуылфæнты уæвын. Уый æнахуыр уарзт кодта йæ радтæг Ирыстоны æмæ кæцыфæнды уысм дæр цæттæ уыд йæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард нывондæн æрхæссынмæ. Уымæн  хъысмæтæй хайгонд уыд  йæ ирон адæмы хорз фидæны сæрыл тохгæнæджы фæндаг, йæ æнкъараг æмæ æнæрынцой зæрдæмæ йæ адæмы рис арф исын.

Икъаты Владимир райгуырд 1936 азы 1-æм августы Цхинвалы районы Соцъийы хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. 1954 азы асæуккаг скъола тынг хорз нысæнттыл  каст фæуыны фæстæ æнæ фæлварæнтæй бацыд Сталиниры педагогон ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци 1958 азы. Уæд райдыдта йæ фыццаг къахдзæфтæ аразын ирон поэзийы, фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ йæ уарзон Ирыстоныл. 1958-1963 азты ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты ирон филологийы факультеты. Институт каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта областон газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы уацхæссæгæй, стæй тæлмацгæнæ-гæй, бæрнон секретары хæдивæгæй, культурæйы хайады сæргълæууæгæй. Уыцыиу рæстæджы ма фæсаууонмæ каст фæци Казахстаны горæт Алма-Атайы паддзахадон университеты журналистикæйы факультет. Куыста радиокомитеты редакторæй, рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй. 1965 азæй йæ амæлæты боны онг уыд ССР Цæдисы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисы уæнг. Владимир йæ цар-дæй бынтон æнæнхъæлæджы ахицæн 1990 азы 26 январы йæ тæккæ лæджы кармæ бацæугæйæ. Йæ мæлæты размæ куыста газет «Советон Ирыстон»-ы культурæйы хайады сæргълæууæгæй. Уымæн йæ цыбыр, фæлæ ирд  царды бирæ бантыст саразын, йæ радтæг адæмæн балæггад кæнын. Володя цыма йæ æнæрæстæджы мæлæт зæрдæйæ хатыд, уыйау тагъд кодта, тындзыдта фылдæр уацмыстæ сфæлдисынмæ æмæ йын бирæ, тынг бирæ бантыст сфæлдисын, раст ын цыма уæларвон тыхтæ æххуыс æмæ йæ разæнгард кодтой, уыйау.

Газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы кусгæйæ, уый йæ чысыл Ирыстоны йæ фыссæн сисимæ кæцы къуымы нæ балæууыд ахæм нæ разындзæн. Уыцы балцыты фæстиуæгæн-иу газеты фæрстыл мыхуыр æрцыдысты йæ цымыдисон уацтæ, очерктæ, репортажтæ. Арæх-иу æй бахъуыд критикон уацтæ, фельетонтæ ныфыссын дæр, цыран уый ирдæй æвдыста нæ царды негативон фæзындтæ. Уый уарзта цард æмæ тырныдта царды бæрзæнд-тæм схизынмæ, йæ ирон адæмæн йæ фыссæн сис æмæ рæсугъд удæй лæггад кæнгæйæ. Икъаты Владимир куыд поэт, журналист, æхсæнадон архайæг, афтæ стыр хайбавæрд бахаста ирон литературæйы рæзтмæ, сы-вæллæтты литературæ йæ ирд аивадон уацмыстæй фæхъæздыгдæр кæнгæйæ. 30 азы дæргъы журналисты куыст кæнгæйæ уый ныффыста 500 публицистон уацмысæй фылдæр. Йе сфæлдыстадæн табугæнджытæ-иу ын сарæзтой литературон изæртæ, фембæлдтытæ. Абон дæр советон рæстæджы зæронд газеттæ рафæлдахгæйæ, æнæмæнгæй сæмбæлдзынæ Владимиры уацтыл. Йæ мидисджын уацтæ йын чифæнды дæр ма бакæса, уæддæр бамбардзæн курдиатджын поэтæн хъæздыг миддуне æмæ æнæрынцой зæрдæ кæй уыд, уый. Йæ журналистон архайды руаджы скъуыддзаг цыдысты бирæ ахсджиаг фарстытæ. Йæ амæлæты размæ поэт ирон адæммæ фыссы йæ фæдзæхст (ныстуан) «Мæ уды фæдзæхст ирон адæмæн», зæгъгæ, цыран æвдыст цæуы ирон æвзаджы тыххæй йæ катайдзинад: «Мæ уарзон ирон адæм, абон ацы уæззау рæстæджы нæ адæмæн иууыл æнусондæр хъæздыгдзинад у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын. Уыдзæн æвзаг – уæвынад æмæ уæлахиз кæндзæн наци. Нæй æвзаг – нæй наци! Цæй æмæ радтæм æххæст бартæ не ‘взагæн, æмæ уадз, суæд Ирыстоны паддзахадон æвзаг!». Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ ууыл катайдзинад  поэт равдыста йæ поэтикон бынты. Тынг популярон уыдысты æмæ абон дæр сты поэт сывæллæттæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста уыдон дæр. Зæгъæн ис афтæ æмæ æмдзæвгæты кæй бавæрдта йæ уд, уымæн æмæ сывæллæттæм йæ уарзондзинад уыд æгæрон. Сывæллæттæн йæ фыццаг æмдзæвгæ райгуырд йæ фыццаг сывæллоны рай-гуырдимæ.

Икъаты Владимиры хуыздæр уацмыстæ тæлмац æрцыдысты уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæм. Ирон композитортæ йын йæ зарджытыл ныффыстой зарджытæ. Йæ фыды æм-дзæвгæтыл зарджытæ ныффыста йæ чызг Мадинæ дæр æмæ сæ æххæст кæны йæхæдæг, афтæмæй йæ фыды ном æнусон кæнгæйæ. Поэт йæхæдæг дæр тынг рæхсти зарын æмæ кафын-мæ. Мадинæ куыд загъта, уымæ гæсгæ йын кæддæр йæ фыд афтæ загъта, зæгъгæ, æрцæудзæн ахæм рæстæг æмæ мын ме ‘мдзæвгæтыл ныффысдзынæ зарджытæ.

1989-90 азты йæ уарзон Ирыстоныл уæззау бонтæ куы ныккодта, уæд поэтæн иуран æрбадт нал уыд. Уый уыд национ-сæрибаргæнæн змæлды хайадисджыты рæнхъытæм чи бацыд, уыдоны фыццæгтæй сæ иу. «Адæмон ныхас»-ы активон хайадисæг суæвгæйæ, уый тырныдта йæ адæмы æрбаиу кæнынмæ æмæ афтæмæй знагæн ныхкъуырд радтынмæ. Гуырдзиаг фашисттæ ирон адæмæн хъизæмар кæнын куы райдыдтой, уæд алы хатт дæр уыд сæ фарсмæ, уыдон мæстæй йæ рыстзæрдæйы тугтæ калдысты, афтæмæй. Ацы рæнхъыты автор дæр Владимиры бахъуыды кодта куыд йæ радтæг адæмы рухс фидæныл тохгæнæг, ахæм адæймагæй. 1989 азы декабры ацыд Мæскуымæ, цыран уый фембæлд алыгъуызон партиты демократон тыхтимæ, æхсæнадимæ, уыцы нымæцы ирон æхсæнад «Фарн»-ы къухдариуæггæнджытимæ. Æнæ хъусдардæй нæ ныууагъта уыцы рæстæджы Мæскуымæ протесты акци аразынмæ цы ирон сылгоймæгтæ ацыдысты, уыдоны дæр. Мæскуыйæ æрæздæхгæйæ, уый йæ балцы фæстиуджытимæ базонгæ кодта газеткæсджыты газеты фæрстыл цы уац ныммыхуыр кодта, уымæй. Уый куыд поэт-патриот, афтæ кæронмæ сæххæст кодта йæ хæс Райгуырæн бæстæйы раз.

Икъаты Владимирæн хъысмæт не схай кодта дæргъвæтин амондджын цард, фæлæ уымæн йæ цыбыр царды банытыст тынг бирæ саразын, йæ фæстæ йæ диссаджы уацмыстæ ныууадзгæйæ. Икъайы фырт никуы бæллыд стыр кадмæ, стыр хъæздыгдзинæдтæм. Уымæн йе стыр хъæздыгдзинад уыд йæ уарзон адæмы уарзт æмæ се ‘хсæн нымад. Æмæ йæ къухты æфтгæ дæр бакодтой. Фæлæ йæ радтæг Ирыстоны мæтæй йæ зæрдæ мастæй байдзаг, нал сфæрæзта æмæ йе ‘нæрынцой зæрдæ йæ кусынæй банцад. Кæд йæ амæлæтæй 28 азы рацыд, уæддæр æй адæм хъуыды кæнынц æмæ арæх фæкæнынц йæ хорзы кой. Йæ ирд фæлгондз цæрæнбонтæм баззад йæ хæстæфхæрд ирон адæмы зæрдæты.  1990 азы 1 февралы йæ ны-гæнæн боны поэты йæ фæстаг фæндагыл фæндараст кодтой æнæхъæн Цхинвалы цæрджытæ. Нæ горæты йæ  номыл ис уынг,  Дменисы астæуккаг скъола  хæссы Икъайы фырты ном æмæ афтæмæй  æнустæм цæргæйæ баззади ирон адæмы зæрдæты.

1990 азы журнал «Фидиуæг»-ы фыссæг Хъазиты Мелитон йе ‘мсис æмгары тыххæй афтæ фыста: «Володяйы æнæрынцой уд нæ бауромдзæнис мæрдты дзæнæт дæр, йе нæрынцой уд уым дæр нæ бафæраздзæнис æвæлмон цардæн». Раст загъта Мелитон, уымæн æмæ, æцæгæйдæр, кæд мæрдты бæсты исты ис, уæд йæ ингæны хъизæмар кодтаид знаджы къухæй хъæбатырæй чи фæмард, Ирыстоны уыцы æдзард сахъгуырд лæппуты мæтæй. Икъаты Владимир нал æрæййæфта Ирыстоны хæдбардзинад, нал ын бантыст сæрибар Ирыстоны рацæ-рын, фæлæ хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ йæм фехъуыстаид, æппынфæстагмæ, стыр хъизæмæртты æмæ 2008 азы æнæмсæр тугуарæн хæсты фæстæ Ирыстоны сæрмæ сæрибары тырыса кæй сфæйлыдта, уый тыххæй. Владимир йæ фарн йемæ нæ ахаста, йæ фæстæ ныууагъта адæмы уарзондзинад, хъæздыг поэзи æмæ рухс ном.

Мæ уац фæуд кæнын Икъаты Владимиры æмдзæвгæйы рæнхъытæй:

Æз уæ фырт дæн, мæ ныййарæг адæм,

Мæн нæ байсдзæн сымахæй мæлæт.

Æз – цырагъ дæн уæ номæн, уæ кадæн,

Иры хуымты – мæ гутоны фæд!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.