Куыст æмæ фæллой кæныны æхсæнадæмон организаци 28 апрелы нысан кæны куыст хъахъхъæныны æппæтдунеон бон, æнамонд цаутæй бахизын æмæ куысты бынæтты низтæ нæ апарахат кæныны бон. Ацы информацион-æмбарынгæнæн кампани æхсæнады хъусдард здахы фæллой кæныны æмæ травмæтæ райсыны нымæцмæ, низтæ æмæ мæлæтдзаг цаутæ райсыны хъуыддагмæ, кæцытæ баст сты комкоммæдæр куысты бынæтты архайдимæ. Дунейы алы регионты паддзахадтæ, профцæдисон организацитæ, куыстдæттæг организацитæ æмæ куыст æмæ фæллой хъахъхъæныны хайы специалисттæ-практиктæ бацæттæ кæнынц мадзæлттæ ацы Æппæтдунеон бонмæ.

Пандеми Covid-19 стыр проблемæ сæвзæрын кодта æппæт дунейы, паддзахадтæ, куыстдæтджытæ, кусджытæ æмæ æнæхъæн æхсæнадтæ тох кæнынц ацы вирусы ныхмæ. Æппæт мадзæлттæ дæр ист цæуынц ацы тæссаг вирусыл фæтых уæвыны тыххæй. Куыст бахъахъхъæныны æппæтдунеон организаци æппæт йæ тыхтæ дæтты инфекцион низты ныхмæ тохмæ, уæлдай тынгдæр хъусдард та здæхт цæуы ныры пандеми – коронавирусы инфекцийы ныхмæ.

Уæлдай маст æмæ тасдзинад æвзæрын кæны, дунейы алы бæстæты алы бон дæр кæй фылдæр кæны ацы вирусæй рынчынты нымæц.

Паддзахадтæ, куыстдæтджытæ, кусджытæ æмæ æхсæнадон организацитæ æмбæлынц стыр проблемæтимæ, ацы вирусимæ тох кæнгæйæ, фæлварынц кусджыты æнæниздзинад бахъахъхъæныныл, æмæ уыимæ иумæ кусджытæн сæ куысты бынæттæ.

Куыст хъахъхъæныны æппæтдунеон организаци йæ тыхтæ дæтты уымæ, цæмæй æдас методтæй пайда чындæуа куысты бынæтты æмæ тырны уымæ, цæмæй ацы организаци йæ куыст хъомысджындæрæй æххæст кæна æмæ йæ архайды нысаниуæг ирддæрæй зына куыстуæтты æмæ кусджыты ‘хсæн.

ДЫГЪУЫЗТЫ З.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.