Ацы хатт дæр та не ‘хсæн ферттывта, æдзух цæуыл хъынцъым кæнæм, нæ уд æнæзонгæ рыстæй цæуыл риссы, нæ адæмы удыхъæды уыцы миниу-джытæй хайджын адæймаг. Кæй зæрдæмæ нæ бакалди хур уыцы адæймаджы уагахаст æмæ уæздандзинадæй. Адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма уый нæхи хæххон уæлдæфмæ не схъомыл, фæлæ цавæрдæр паддзахады галуаны. Æниу, йæ бинонтæ дæр уæздандзинад хъуаг не сты, фæлæ уый зæрдæйы цы рухс судзы, уый, мæнмæ гæсгæ, адæймаджы къухты конд нæу, уый йын Хуыцауæй лæвæрд у. Цæмæй стыр уæлахиз рамбулай æмæ уый фæстæ сæрныллæгæй баззайай, уый тыххæй чысыл удыхъару нæ хъæуы! Стыр тых, стыр бархъомыс ис зæххон исад æмæ кадæн. Уыдон адæймаджы сæр афтæ æвирхъау зылд ракæнынц, æмæ йæхæдæг дæр йæхи нал базоны.

Зæххон кад æмæ ном фæдарын зын кæй у, уый дызæрдыггаг нæу, æмæ æнæхъуаджы нæ дзурынц, цас уæлдæр стæхай, уыйбæрц бынмæ хауын зындæр у, фæлæ цæмæй дæ бæрзæндæй ма рахауай, уый тыххæй та йæм макуы хъуамæ схизай. Чидæртæ зæгъдзысты, ома уый гæнæн куыд ис! Бæстыл дæ ном куы айхъуыса, адæм дæ фæстæ чыртæ-чыртæй  куы цæуой иу уысм дын дæ цæстæнгас сæхимæ раздахыны ныфсæй, дæ номыл бæхдугътæ куы уадзой, дæ нывтæ алырæтты ауыгъд куы уой, уæд уыцы стыр номæй цæ-уылнæ хъуамæ райсай æхцондзинад, цæуылнæ хъуамæ спайда кæнай, дæ царды æнусы дыл цы иунæг амонд сæмбæлд, уымæй! Уый зын бамбарæн у, æмæ æнцон куы уаид, уæд адæм се ‘ппæт дæр уыцы фæндагыл цæуиккой. Уæд-иу бавдисæн кæниккой, уæлахизы уысм сæм цы стыр лæвæрттæ æрхауы, уыдоныл, уæд бæрц зониккой а-зæххы хæрзиуджытæй, уæд сæ мулчы иу хай байуариккой, не ‘хсæн цы мæгуыр æвæгæсæг адæм ис, уыдоныл, уæд се ‘ххуысы къух фæдариккой, къулы ‘нцæйтты чи цæуы, фæлæ къултæ дæр кæмæн нæй, уыцы адæммæ. Фæлæ зын у зæххон исадыл хи атигъ кæнын, зын у хиуарзондзинадыл фæуæлахиз уæвын. Уæлахизгæнæг та, фыццаджыдæр, ууыл хъуамæ фæуæлахиз уа, ома йæхиуыл. Кæддæр куырыхон Соломон уымæн загъта, йæхи удыл чи тых кæны, уый горæт басæттæгæй тыхджындæр у, зæгъгæ.

Уæдæ ацы ныхæстæ мæ зæрдæйы арфы кæй лæджыгъæды фæрцы рай-гуырдысты, уый раз чи нæ фефсæрмы уыдзæн! Æфсæрмы дзы кæнын æз дæр, уымæн æмæ йæ риуы судзы нæлгоймаджы тых æмæ фарны арт. Уый дзурын дæр ницы хъæуы, цæмæй сылгоймаг йæ разы нымдæй æрлæууа. Уыимæ иумæ йæхи æдасæй æнкъара, уымæн æмæ ахæм адæймаг фыдуагдзинад йæ сæрмæ никуы бахæсдзæн. Æмæ æз дæр, куыд Ирыстоны хъæбул-чызг, афтæ ныр бамбæрстон, цæуыл рыст мæ зæрдæ, цы мын нæ фаг кодта, цæмæн уыдтæн æнæразы иуæй-иу нæлгоймæгтæм кæсгæйæ  дæрддæгтæм дæр æмæ æввæхстæм дæр. Мады зæрдæйы æнкъарæнтæ мын сты уыдон. Мад-ныййарæгæн йæ лæппу куынæ фесгуыхы, уæд йæ зæрдæ цæрæнбонты са-гъæссаг вæййы. Мады зæрдæ тынг зын бамбарæн у. Мадæн йæ фырт хъæбатырæй куы фæмард вæййы, уæд цæрæнбонтæм йæ зæрдæйы фæхæссы риссаг хъæдгом, фæкалы йæ цæссыг, йæ сæрыл хæрдмæ никуыуал схæцы. Фæлæ мадæн йæ хъæбул ницæйаг куы уа, уæд уый та æндæргъуызон рыст у. Мæнæ куыд зæгъы йæ хъæбулы авдæны уæлхъус Æфхæрдты Госæма:

 

Ма ныууадз Мулдартæн ацы хæрамдзинад!

Райс-иу Хъуыдайнатæй саударæг мады æфхæрд…

Кæннод дæ цæргæйæ рухсы цъыртт ма базон,

Мæрдты та зындоны де ‘ккой фæбадæнт,

Ехсæй дæ куыд тæрой де ‘фхæрд ныййарджытæ!..

Рæзгæ уал мæ хъæбул, рæзгæ уал мæ уарзон!

Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз, фыдæбон…

Уæ туг цыл ныууара, сæ туджы фæмæцой

Дæ фыды марджытæ, Мулдарты хъал мыггаг!..

 

Кæй зæгъын æй хъæуы, Госæма – мад-ныййарæг нæ бæллы йæ иунæг фырты сæфтмæ, фæлæ сæфтæй сæфты ‘хсæн дæр хицæндзинад ис, æмæ ацы ран ныййарæг мад йæ хъæбулæн амоны зындæр, тугуарæндæр фæндаг. Тугныккалды бирæ дзырддаг фарстытæ ис, афтæ туг исыны хъуыддæгты дæр. Адæймаджы зæрдæ сæ баризы, бакъултæ вæййы, фæлæ царды æцæгæй куыд у, уый та бæлвырд у æрцæугæ цаутæй. Афтæмæй мады, иумæйагæй сылгоймаджы æфхæрд æмæ ныллæгдзинад ныббарын ирон адæммæ кадджын хъуыддагыл нымад никуы уыди. Æмæ канд дæхи мад, дæ хæдзарон сылгоймаг нæ, фæлæ искæй æцæгæлон сылгоймаг дæр нæлгоймагæн цыты бынаты хъуамæ уа. Кæд афтæ нæ уа, уæд уый та йæ уды кадавардзинады аххос у. Йæ ратæдзæн кæм ис, уый та алчи йæхи цардвæнадгыл агурæд.

Ныхас дардыл у. Мæн дæр хъуыды йæ фæдыл уымæн ахаста ивылд донау, æмæ Гасситы Мураты сгуыхтдзинад нæ адæмæй алкæмæн дæр бирæ цæуылдæрты дзурæг сси. Чысылтæй йын бирæ чидæртæ бафæзмынмæ хъавынц йæ лæджыгъæд. Дзурынц афтæ, æз дæр радтаин мæ уæлахизы рон, зæгъгæ. Мады æнкъарæнтæ кæй риуы ис, мæнæ мæнау, уыдон банкъардтой æнахуыр удæнцой,  æгайтма бынтон нæ фесæфтысты, Хуыцауæй нын лæвæрд цы диссаджы миниуджытæ уыди, уыдон. Уæд адæймаджы риуы сæмхæццæ вæййынц Зæдæлескъы Нанайы ныфс æмæ циндзинад нæ адæмы хъысмæты фæдыл мæт æмæ сагъæсимæ. Цин кодтаид, уæдæ цы, цы 16 сабийы схъомыл кодта ирон адæмы мыккагскъуыд чи кодта, уыцы знæгты сусæгæй, уыдон фидæн æмæ æнтыстыл. Ау, цавæр удыхицау уыди уыцы сылгоймаг, цы хъару йæм разынд, цæмæй уыцы зын царды уавæрты ахæм лæджымсæр ныфс æмæ æрхъуыды равдыстаид! Цæссыг дæр æрцæйхъуызы уый охыл…

Цал æмæ цал хатты дзырдтаиккой Ирыстоны Зæдæлескъы Нанатæ: уæдæ кæд ныр ратонид нæ фыдæлты рæсугъд удыхъæды сыгъдæг суадон! Кæд ныр бауарзиккам нæхи, не ‘взаг, нæ уаг, не гъдау. Кæд ныр бамбариккам, хорз æмæ æвзæр цы у, уый.

Кæд афтæ нæ уа, уæддæр та уыцы суадон ратондзæн æндæр рæтты!

Годжыцаты Нелли    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.