Биолог, зоолог æмæ географ Габайты Владимир паддзахадон телеуынынады кусы 12 азæй фылдæр. Хуссар Ирыстоны æрдзимæ уый телекæсджыты зонгæ кæны, йæ алæвæрд «Путешествие по родному краю»-йы руаджы. Ацы алæвæрд ссис телекæсджыты уарзондæр алæвæрдтæй сæ иу. Габайты Владимирмæ арæх фæдзурынц телефонæй нæ республикæйы районты цæрджытæ.

«Дядя Вова» – афтæ дæр æй хонынц Габайты Владимиры. Уымæн æмæ арæх фæуадзы телеалæвæрд «Хæрзæхсæв» дæр. Фæлæ уæддæр йæ сæйраг алæвæрд Ирыстоны æрдзыл у. «Арæх мæ фæфæрсынц, сценаримæ гæсгæ, бацæттæ кæнын мæхи æви нæ. Фæлæ хæхтæм цæугæйæ кæцæй зонын, цæуыл фембæлдзынæн? Цымыдисон дзы цы вæййы, ууыл æрдзурын», – зæгъы Габайты Владимир.

Хæхтæм цæугæйæ тынг схæлар йе ‘мкусджытæ – оператор Куыдзеты Азæмæт æмæ шофыр Уазæгты Роинимæ. Ацы сфæлдыстадон къорд ныр цалдæр азы Ирыстоны къуымты кæм нæ уыдысты, ахæм нал баззад. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй сæрыстыр у, «Путешествие по родному краю» бирæ адæмы зæрдæмæ кæй цæуы, уымæй.

Габайты Владимиры цардвæндагыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд базондзыстæм, бирæ куыстбынæттæ кæй раивта. 13 азы дæргъы фæкуыста РХИ-йы Паддзахадон университеты биологийы кафедрæйы лаборантæй. Куыста Ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты, Зонкъары Æвæрд хъæды, Æвзонг натуралистты станцы. Цард Сыбыры дæр, фæлæ уæддæр иууыл тынгдæр йæ зæрдæмæ цæуы йæ Райгуырæн бæстæ, уарзы телеуынынады куыст, Ирыстоны флорæ æмæ фаунæ.

Габайты Владимирæн бирæ хорзæхтæ ис – грамотæтæ, бузныджы гæххæттытæ йæ цæсгомджын куысты тыххæй. Ивгъуыд аз сарæзта Ирыстоны æрдзыл цыбыр документалон фильм. Фестиваль «Спасти и сохранить» уагъд цыд Ханты-Мансийскы æмæ йæ экологон телеалæвæрд бацахста дыккаг  бынат.

Габайты Владимир тынг тыхст, нæ горæты йын цæрæн хæдзар кæй нæ уыд, уымæй. Фæлæ уымæн радтой фатер æмæ ныр уыцы уæззау проблемæ скъуыддзаг æрцыд.

Габайты Владимиры фæнды нæ республикæйы цæрджытæм æрсидын, цæмæй хъæддаг мæргътæй хъарм бæстæм чи нæ атахт æмæ зымæгон бонты хæринаг амал кæнын зын кæмæн у, уыдонæн кæрдзыны къæбæртæ ма  дæттой. Уымæн æмæ уымæй мах уыдон организмæн кæнæм знаггад. Кæрдзыныл ис цæх, кæцы мæргъты æнæниздзинадæн хæссы стыр зиан. Зиан ма сын хæссынц хурмæзиллæджы цæххæццæ æхсынæнтæ дæр. «Æдзæхх æхсынæнтæ сын дæттут! Нас, джитъри æмæ кабачокы æппытæ. Афтæ ма æнгуз лыстæг цъæлтæй. Дыргътæй сын дæт-тын хъæуы сахарозæ иууыл къаддæр кæм ис, ахæмтæй. Уæ бон у радтат сын фых картоф дæр».

Габайты Владимирæн фарон йе стай азы йæхирдыгæй фесты. Фæлæ нырма дæр у куыстхъом! Адæмы уарзон, зæрдæхæлар æмæ сабиты хæлар «Дядя Вова»-йæн нæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæн бон.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.